32 СӔР
Хуыцау Йесойы куыд бахъахъхъӕдта?
ЙЕГЪОВӔ иуӕй-иу хатт гыццылты куыд бахъахъхъӕны, уый вӕййы диссаг. Гыццылтыл кӕй тыхсы, уый фенӕн ис, зӕгъӕм, хъӕды кӕнӕ быдыры. Фӕлӕ хабар цӕй мидӕг ис, уый, чи зоны, ӕмӕ уайтагъд ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнай.
Зӕгъӕм, фӕндагыл фӕцӕуыс, ӕмӕ дӕ разы абадти цъиу. Йӕ базыр ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ йӕ фӕстӕ ласы, цыма йын саст у, уый хуызӕн. Ды йӕм хӕстӕгдӕр бацӕуыс, фӕлӕ та алидзы. Ӕмӕ дын ӕвиппайды куы ныппӕррӕст ласид. Кӕс-ма, йӕ базыр саст нӕ уыд! Фӕлӕ уӕд афтӕ цӕмӕн бакодта? ~
Цъиу кӕм ӕрбадт, уым кӕмдӕр кӕрдӕджы ӕмбӕхст уыдысты йӕ лӕппынтӕ. Ӕмӕ сын сӕ мад фӕтарст, куы сӕ ссарай ӕмӕ сын исты куы бакӕнай. Уый тыххӕй йӕхи афтӕ скодта, цыма йӕ базыр саст у, ӕмӕ дӕ уырдыгӕй асайдта. Зоныс ӕй, цъиу йӕ лӕппынты куыд хъахъхъӕны, афтӕ мах бахъахъхъӕнын та йӕ бон кӕмӕн у? ~ Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у, йӕ лӕппынтӕм чи зилы ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕны, ахӕм цӕргӕсы хуызӕн (Дыккаг закъон 32:11, 12).
Ацы цъиу йӕ лӕппынты куыд хъахъхъӕны?
Йегъовӕ йӕ хъӕбултӕй ӕппӕты фылдӕр уарзы йӕ Фырт Йесо Чырыстийы. Йесо уӕлӕрвты куы цард, уӕд уыди зӕд ӕмӕ уыди йӕ Фыды хуызӕн тынг тыхджын. Йӕ бон уыди йӕхи бахъахъхъӕнын. Фӕлӕ зӕххыл куы райгуырд ӕмӕ ма гыццыл куы уыд, уӕд ӕм хъуыди кӕсын ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын.
Цӕмӕй Йесо зӕххыл Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ сыстыр уыдаид. Хӕйрӕджы та уый нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ хъавыди гыццылӕй амарынмӕ. Йегъовӕ Йесойы куыд хъахъхъӕдта, уый у диссаг.
Йесо куы райгуырди, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хӕйрӕг арвыл ссыгъта стъалы. Уыцы стъалы федтой, стъалытӕ чи ахуыр кодта, ахӕм лӕгтӕ. Ӕмӕ уыцы стъалыйы фӕдыл тынг бирӕ фӕцыдысты, суанг Иерусалимы онг. Уым кӕйдӕрты бафарстой, зӕгъгӕ, кӕм хъуамӕ райгуырдаид, дзуттӕгты паддзах чи уыдзӕн, уый. Библийӕ уыцы хабар чи зыдта, уыцы адӕм сын дзуапп радтой: «Вифлеемы» (Матфейы 2:1–6).
Стъалытӕ чи ахуыр кодта, уыдон Йесомӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын уый фӕстӕ Хуыцау цы загъта ӕмӕ уый фӕрцы Йесо куыд фервӕзт?
Иерусалимы чи уыд, уыцы ӕвзӕр паддзах Ирод уый куы фехъуыста, ӕмӕ Вифлеемы райгуырд ног паддзах, уӕд, стъалытӕ чи ахуыр кодта, уыцы лӕгтӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы сывӕллоны бацагурут. Куы йӕ ссарат, уӕд-иу раздӕхут ӕмӕ мын-иу ӕй зӕгъут». Зоныс ӕй, Ироды цӕмӕн фӕндыд Йесойы ссарын? ~ Уымӕн ӕмӕ Ирод тарст, Йесо паддзах куы суа, уӕд ын йӕ бынат кӕй бацахсдзӕн, ӕмӕ йӕ хъавыди амарынмӕ!
Зоныс ӕй, Хуыцау йӕ Фырты куыд бахъахъхъӕдта? ~ Стъалытӕ чи ахуыр кодта, уыдон Йесойы куы ссардтой, уӕд ын радтой лӕвӕрттӕ. Фӕстӕдӕр Хуыцау уыцы лӕгтӕн фыны загъта, цӕмӕй Иродмӕ мауал ацӕуой. Ӕмӕ уыдон сӕхимӕ аздӕхтысты ӕндӕр фӕндагыл, Иерусалиммӕ нал ацыдысты. Ирод уый куы базыдта, уӕд тынг смӕсты. Уый йе ’фсӕддонты Вифлееммӕ арвыста ӕмӕ ныццӕгъдын кодта, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы гыццыл лӕппуты се ’ппӕты дӕр! Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ фӕндыди Йесойы амарын. Фӕлӕ Йесо уӕдмӕ уым нал уыди.
Зоныс ӕй, Йесо куыд аирвӕзти? ~ Стъалытӕ чи ахуыр кодта, уыдон сӕхимӕ куы ацыдысты, уӕд Йегъовӕ Марийӕйы лӕг Иосифӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ Египетмӕ алидза. Уым ын Ирод ницы бакодтаид. Цасдӕры фӕстӕ та, Марийӕ ӕмӕ Иосиф Египетӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд, Хуыцау Иосифы ногӕй бафӕдзӕхста. Фыны йын загъта, цӕмӕй ацӕуа Назаретмӕ. Уым Йесойӕн тӕссаг ницӕмӕй уыди (Матфейы 2:7–23).
Гыццыл Йесо та дыккаг хатт дӕр куыд фервӕзт?
Кӕсыс, Йегъовӕ йӕ Фырты куыд хъахъхъӕдта? Зӕгъ-ма, сӕ мад кӕрдӕджы кӕй бамбӕхста, уыцы цъиуты хуызӕн кӕнӕ гыццыл Йесойы хуызӕн чи у? Ды дӕр уыдоны хуызӕн нӕ дӕ? ~ Дӕумӕ дӕр чидӕртӕ хъавы. Чи сты, уый зоныс? ~
Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг у богътӕгӕнаг домбайы хуызӕн ӕмӕ нӕ хъавы бахӕрынмӕ. Домбӕйттӕ фылдӕр фӕахсынц гыццыл сырдты. Афтӕ Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджыты дӕр фӕфӕнды гыццыл сывӕллӕтты ӕрцахсын (1 Петры 5:8). Фӕлӕ Йегъовӕ Хӕйрӕгӕй тыхджындӕр у. Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын кӕнӕ нын Хӕйрӕг ӕвзӕрӕй исты куы сараза, уӕд нын баххуыс кӕнын.
Хъуыды ма йӕ кӕныс, Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ адӕмӕн цавӕр ӕвзӕр хъуыддаг аразын кӕнынц? Уый тыххӕй кастыстӕм 10-ӕм сӕры. ~ О, уыдоны фӕнды, цӕмӕй-иу лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕмуат ӕрцӕуой, ома Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм митӕ кӕной. Фӕлӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ӕрмӕстдӕр кӕмӕн ис? ~ Раст зӕгъыс, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи у, уыдонӕн.
Фӕлӕ, хъыгагӕн, стыртӕй иуӕй-иутӕ уарзынц сывӕллӕттимӕ тынг ӕвзӕр митӕ кӕнын. Афтӕмӕй лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ дӕр уыдӕттыл сахуыр вӕййынц, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ахӕм ӕнӕгъдау митӕ кӕнын райдайынц. Раджы ахӕм митӕ кодтой Содомы цӕрджытӕ дӕр. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы горӕты адӕм, «гыццыл лӕппутӕ дӕр ӕмӕ зӕронд лӕгтӕ дӕр», хъавыдысты Лоты уазджытӕн ӕвзӕр митӕ бакӕнын (Райдиан 19:4, 5).
Йесойы гыццылӕй куыд хъуыди хъахъхъӕнын, афтӕ дӕу дӕр хъӕуы хъахъхъӕнын, сывӕллӕттимӕ хӕлд митӕ кӕнын кӕй фӕфӕнды, уыцы стыртӕй, ӕмӕ ма суанг ахӕм хӕлд сывӕллӕттӕй дӕр. Ахӕм адӕймӕгтӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма дӕ хорз ӕмбӕлттӕ сты. Дзурдзысты дын, зӕгъгӕ, цы араздзыстӕм, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ дын цыдӕр ратдзынӕн. Фӕлӕ уыдон дӕр, Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытау, ӕрмӕстдӕр сӕхи уарзынц ӕмӕ хъуыды кӕнынц, сӕхицӕн хорз куыд уа, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй сывӕллӕттимӕ фӕкӕнынц ахӕм митӕ. Фӕлӕ ахӕм митӕ сты тынг ӕвзӕр!
Зоныс ӕй, ахӕм адӕймаг цы фӕаразы? ~ Дӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй дын хъаздзӕн. Кӕнӕ дын йӕхи ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй дӕхи ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналдзӕн. Фӕлӕ макӕй уадз, цӕмӕй дын дӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй хъаза. Ма бауадз де ’фсымӕры дӕр ӕмӕ дӕ хойы дӕр, дӕ мады дӕр ӕмӕ дӕ фыды дӕр!
Исчи дӕм куы ’внала, уӕд хъуамӕ цы зӕгъай ӕмӕ куыд хъуамӕ бакӕнай?
Зоныс ӕй, ахӕм ӕвзӕр адӕмӕй дӕ бон куыд у дӕхи бахъахъхъӕнын? ~ Макӕй уадз дӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй хъазын. Исчи дӕм куы ’внала, уӕд ын хъӕрӕй ӕмӕ фидарӕй зӕгъ: «Ма кӕн! Сардаудзынӕн дӕ!» Ӕмӕ дын афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ, уый дӕхи аххос у, уӕд ыл ма баууӕнд. Уый афтӕ нӕу. Чифӕнды ма уа, уӕддӕр ацу ӕмӕ йӕ искӕмӕн радзур! Афтӕ дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ, цы араздзыстӕм, уый нӕ дыууӕйы йеддӕмӕ хъуамӕ мачи зона, уӕддӕр хъуамӕ ацӕуай ӕмӕ йӕ радзурай. Куы дзура, зӕгъгӕ дын рӕсугъд хъазӕнтӕ ратдзынӕн кӕнӕ дӕ куы тӕрсын кӕна, уӕддӕр хъуамӕ ацӕуай ӕмӕ йӕ радзурай.
Тӕрсгӕ макӕмӕй кӕн, фӕлӕ дӕхи хъахъхъӕн. Дӕ фыд кӕнӕ дын дӕ мад куы дзурой, зӕгъгӕ, уыцы адӕммӕ кӕнӕ уыцы бынатмӕ хӕстӕг ма цу, уӕд сӕм хъус. Ӕмӕ дын уӕд ӕвзӕр адӕм ницы бакӕндзысты.
Дӕ бон куыд у дӕхи ӕвзӕр митӕй бахъахъхъӕнын, уый тыххӕй-ма бакӕс Райдианы 39:7–12; Ӕмбисӕндты 4:14–16; 14:15, 16; 1 Коринфӕгтӕм 6:18 ӕмӕ 2 Петры 2:14.