Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 43 сӕр, 222–226 фф.
  • Чи сты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи сты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ?
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ амардта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Каин кӕй ракуырдта?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 43 сӕр, 222–226 фф.

43 СӔР

Чи сты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ?

ИУХАТТ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг адӕммӕ иу фарст радта, ӕмӕ иууылдӕр бадис кодтой. Уый сӕ бафарста: «Чи у мӕ мад, чи сты ме ’фсымӕртӕ?» (Матфейы 12:48). Дӕ бон у ацы фарстӕн дзуапп раттын? ~ Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, Йесойы мад Марийӕ кӕй хуынди. Фӕлӕ йын йе ’фсымӕрты нӕмттӕ дӕр зоныс? ~ Цымӕ йын хотӕ дӕр уыди? ~

Библийы фыст ис, Йесойы ӕфсымӕртӕ кӕй хуындысты «Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ». Йесойӕн уыди хотӕ дӕр. Ӕмӕ Йесо фыццаг сывӕллон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыди се ’ппӕты хистӕр (Матфейы 13:55, 56; Лукайы 1:34, 35).

Цымӕ Йесойӕн йе ’фсымӕртӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы? ~ Библийы фыст ис, раздӕр ыл кӕй «не ’ууӕндыдысты» (Иоанны 7:5). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Иаков ӕмӕ Иудӕ систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма Библийӕ дыууӕ чиныджы дӕр ныффыстой. Зоныс, цавӕр чингуытӕ сты? ~ О, Иаковы чиныг ӕмӕ Иудӕйы чиныг.

Кӕд Йесойы хоты нӕмттӕ Библийы фыст не сты, уӕддӕр ӕй зонӕм, дыууӕ хойӕ къаддӕр ын кӕй нӕ уыди. Фӕлӕ, чи зоны, фылдӕр дӕр уыдысты. Цымӕ йӕ хотӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы? ~ Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ йӕ зоныс, Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, чи у мӕ мад, чи сты ме ’фсымӕртӕ? ~ Базонӕм-ма йӕ.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы ахуыр кодта, уӕд ӕм чидӕр бадзырдта: «Уӕртӕ дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ӕддейӕ лӕууынц, демӕ сӕ аныхас кӕнын фӕнды». Уӕд Йесойы бафӕндыд адӕмӕн иу хъуыддаг бамбарын кӕнын. Ӕмӕ сӕм уыцы фарст радта: «Чи у мӕ мад, чи сты ме ’фсымӕртӕ?» Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ, адон сты мӕнӕн мӕ мад ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ!»

Уый фӕстӕ сын Йесо бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн загъта, уый: «Мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Матфейы 12:47–50). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг кӕй уарзта. Уыдон ын уыдысты йӕхи ’фсымӕрты, йӕхи хоты ӕмӕ йӕхи мады хуызӕн.

Йесо адӕмы ахуыр кӕны, афтӕмӕй йӕм нӕлгоймаг бацыд, ӕмӕ йын дзуры, йӕ мад ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ кӕй ӕрбацыдысты

Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ чи уыдысты?

Уыцы рӕстӕг Йесойы ’фсымӕрты – Иаковы, Иосифы, Симоны ӕмӕ Иудӕйы – нӕ уырныдта, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у. Ӕвӕццӕгӕн сӕ нӕ уырныдта, зӕд Гавриил сӕ мадӕн цы загъта, уый дӕр (Лукайы 1:30–33). Ӕмӕ-иу ыл, чи зоны, худгӕ дӕр кодтой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ риссын кодтой. Афтӕ чи кӕны, уый та ӕцӕг ӕфсымӕр кӕнӕ ӕцӕг хо схонӕн нӕй. Йе ’фсымӕр кӕнӕ йӕ хойӕн ахӕм митӕ чи кӕны, ахӕм искӕй зоныс? ~

Библийы фыст ис Исав ӕмӕ Иаковы тыххӕй. Уыдон уыдысты ӕфсымӕртӕ. Иухатт Исав Иаковмӕ афтӕ смӕсты, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ амардзынӕн. Сӕ мад Ревеккӕ тынг фӕтарст, ӕмӕ Иаковы ӕндӕр ранмӕ арвыста, цӕмӕй йын Исав мацы бакодтаид (Райдиан 27:41–46). Фӕлӕ бирӕ азты фӕстӕ Исав аивта. Ӕмӕ Иаковимӕ куы фембӕлдысты, уӕд ын фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕпъатӕ кодта (Райдиан 33:4).

Иаковӕн райгуырди 12 лӕппуйы. Фӕлӕ йӕ хистӕр лӕппутӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифы нӕ уарзтой. Хӕлӕг ӕм кодтой, уымӕн ӕмӕ Иаков Иосифы се ’ппӕтӕй фылдӕр уарзта. Ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕ ауӕй кодтой, Египетмӕ цы базаргӕнджытӕ фӕцӕйцыд, уыдонӕн. Сӕ фыдӕн та загътой, зӕгъгӕ йӕ хъӕддаг сырд бахордта (Райдиан 37:23–36). Куыд дӕм кӕсы, хорз бакодтой? ~

Фӕстӕдӕр Иосифы ӕфсымӕртӕ тынг ӕрфӕсмон кодтой, цы сарӕзтой, ууыл. Ӕмӕ сын Иосиф ныххатыр кодта. Зоныс ӕй, Иосиф Йесойы хуызӕн цӕмӕй уыд? ~ Йесо зын уавӕры куы бахауд, уӕд ӕй йӕ апостолтӕ ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты. Петр ма афтӕ дӕр загъта, ӕз, дам, Йесойы нӕ зонын. Фӕлӕ Иосифау Йесо дӕр йӕ апостолтӕн ныххатыр кодта.

Каин иуварс фӕцӕуы, йӕ мард ӕфсымӕр Авелы цурӕй

Каин Авелӕн цы бакодта, уымӕй цӕуыл хъуамӕ сахуыр уӕм?

Уыди ма ноджыдӕр дыууӕ ӕфсымӕры – Каин ӕмӕ Авел. Уыдоны хабарӕй дӕр ис цыдӕр базонӕн. Хуыцау Каины зӕрдӕйы федта, йе ’фсымӕры кӕй нӕ уарзы. Ӕмӕ йын Хуыцау загъта, цӕмӕй йе ’фсымӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаид. Каин Хуыцауы куы уарзтаид, уӕд ӕм байхъуыстаид. Фӕлӕ йӕ нӕ уарзта. Ӕмӕ иу бон Авелӕн загъта: «Цом-ма мемӕ быдырмӕ». Авел дӕр йемӕ ацыд. Ӕмӕ уым быдыры Каин йе ’фсымӕры афтӕ тынг ныццавта, ӕмӕ йӕ амардта (Райдиан 4:2–8).

Библийы фыст ис, ацы хабарӕй иу цӕуылдӕр кӕй хъуамӕ сахуыр уӕм. Зоныс, цӕуыл? ~ «Сымах райдианы фехъуыстат ацы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ, Фыдбылызӕй чи уыд, уыцы Каины хуызӕн ма уӕм». Уӕдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ хъуамӕ Каины хуызӕн ма уой (1 Иоанны 3:11, 12).

Цӕуылнӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Каины хуызӕн уӕм? ~ Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Каин «Фыдбылызӕй уыд», ома Сайтан Хӕйрӕгӕй. Хӕйрӕг цы митӕ кӕны, Каин ахӕм митӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕджы схонӕн ис Каины фыд.

Ныр ӕй ӕмбарыс, де ’фсымӕрты ӕмӕ дӕ хоты цӕмӕн хъуамӕ уарзай? ~ Куы нӕ сӕ уарзай, уӕд кӕй сывӕллӕтты хуызӕн уыдзынӕ? ~ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты хуызӕн. Ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уай? ~ Уӕдӕ, Хуыцау дӕ фыд кӕй у, уый дӕ бон куыд у равдисын? ~ Де ’фсымӕрты ӕмӕ дӕ хоты куы уарзай, уымӕй.

Фӕлӕ уарзондзинад цы у? ~ Уый у, зӕрдӕйы чи ис, ахӕм ӕнкъарӕн. Ӕмӕ кӕй фӕуарзӕм, уыдонӕн та нӕ фӕфӕнды хорздзинад саразын. Иннӕтӕн хорздзинад куы аразӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Уӕдӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ чи сты? ~ Йесо амыдта, зӕгъгӕ, уыдон сты, зӕххыл нын цы чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр.

Лӕппу йе ’фсымӕрӕн хӕринаг дӕтты

Де ’фсымӕры кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

Ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? ~ Уымӕн ӕмӕ Библийы афтӕ фыст ис: «Алы бон дӕр кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры [кӕнӕ хойы] чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоанны 4:20). Уӕдӕ дзы хъуамӕ ӕрмӕст цалдӕры ма уарзӕм, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр. Йесо афтӕ загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35). Зӕгъ-ма, ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты се ’ппӕты дӕр уарзыс? ~ Кӕд сӕ нӕ уарзыс, уӕд Хуыцауы дӕр нӕ уарзыс.

Не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты кӕй уарзӕм, уый куыд ис равдисӕн? ~ Куы сӕ уарзӕм, уӕд афтӕ никуы хъуыды кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, мӕн ацы ӕфсымӕр кӕнӕ ацы хоимӕ нӕ фӕнды дзурын. Алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Алкӕддӕр сын хорздзинад араздзыстӕм ӕмӕ нӕм цы уа, уымӕй сын дӕтдзыстӕм. Ӕмӕ исты зындзинады куы бахауой, уӕд сын баххуыс кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ стӕм иу стыр бинонтӕ.

Не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд уымӕй цы уыдзӕн бӕрӕг? ~ Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, мах кӕй стӕм ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Зӕгъ-ма, не ’ппӕты дӕр уый нӕ фӕнды? ~

Не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис Галатӕгтӕм 6:10 ӕмӕ 1 Иоанны 4:8, 21. Байгом-ма кӕн дӕ Библи ӕмӕ сӕ бакӕс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын