Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 13 сӕр, 16 ф.
  • Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Ионӕ сахуыр адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 13 сӕр, 16 ф.
Израилы ӕрыгон паддзах

13 СӔР

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ

Израилы паддзахад ныддихтӕ. Израилӕгтӕн бирӕ паддзӕхтӕ уыд, фӕлӕ сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой

ЙЕГЪОВӔ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: Соломон ын иузӕрдионӕй кӕй нал лӕггад кодта, уый тыххӕй Израил ныддихтӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам. Ӕгъатыр адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы Израилы дӕс мыггаджы фӕхицӕн сты ӕмӕ скодтой цӕгат паддзахад Израил. Иннӕ дыууӕ мыггаджы та иузӕрдион уыдысты, Давиды бинонтӕй Иерусалимы цы паддзах уыд, ууыл. Уыдон та скодтой хуссар паддзахад Иудӕ.

Ацы дыууӕ паддзахады ӕдзух змӕстытӕ уыди, сӕйраджыдӕр, сӕ паддзӕхтӕ хивӕнд кӕй уыдысты ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй. Цӕгат паддзахад Израилы уавӕр фыддӕр уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ паддзахад куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ паддзӕхтӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кодтой. Кӕд пехуымпартӕ Илиа ӕмӕ Елисей бирӕ диссӕгтӕ арӕзтой, суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодтой, уӕддӕр Израилы адӕм сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ уагътой. Ӕппынфӕстаг сӕ Хуыцау сӕхи бар ныууагъта, ӕмӕ Ассири цӕгат паддзахад ныппырх кодта.

Иудӕйы паддзахад ма уый фӕстӕ иу ӕнусӕй гыццыл фылдӕр ахаста, фӕлӕ уый дӕр Хуыцауы фыдӕх баййӕфта. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр паддзахы байхъуыстой Хуыцауы пехуымпарты фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ бацархайдтой, цӕмӕй та адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Зӕгъӕм, паддзах Иоси бацархайдта, цӕмӕй Иудӕйы адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн мауал куывтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон бацалцӕг кодта. Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уый куы ссардтой ӕмӕ йӕ Иосийӕн куы бакастысты, уӕд ӕм йӕ ныхӕстӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдта мӕнг дины ныхмӕ тох кӕнын.

Фӕлӕ Иосийы фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон ӕндӕр зондыл хӕст уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Вавилон Иудӕйы паддзахадмӕ бабырстаид ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон ныппырх кодтаид. Удӕгасӕй ма чи баззад, уыдоны та Вавилонмӕ уацары акодтой. Хуыцау загъта, уацары кӕй фӕуыдзысты 70 азы. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Иудӕйы цӕрӕг нӕ уыд, цалынмӕ, куыд загъд уыд, афтӕ дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ не ’рыздӕхтысты, уӕдмӕ.

Цалынмӕ зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райста, уӕдмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй паддзах ничиуал уыд. Давиды фӕстӕ Иерусалимы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕры хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу иннӕтӕн разамынд дӕттын. Уый ӕрмӕстдӕр Чырыстийы бон у. Йегъовӕ Чырыстийы тыххӕй загъта: «Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:33).

1 Паддзӕхты чиныг; 2 Паддзӕхты чиныг; 2 Азфыст 10–36 сӕртӕ; Йереми 25:8–11.

  • Израил цӕмӕн ныддихтӕ ӕмӕ уый фӕстӕ дыууӕ паддзахадыл дӕр цы ’рцыд?

  • Давиды байзӕддӕгтӕ паддзӕхтӕ цӕуылнӕуал уыдысты?

  • Ионӕйы чиныгӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕн ис? (Кӕс рамкӕ.)

ИОНӔ

Израилы паддзахад дыууӕ дихы куы фӕци, уыцы рӕстӕг Хуыцау пехуымпар Ионӕйӕн бахӕс кодта, цӕмӕй дард бӕстӕ Ниневимӕ ацыдаид ӕмӕ дзы цы ӕгъатыр адӕм царди, уыдонӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодтаид. Фӕлӕ Ионӕ сбадт науыл ӕмӕ бынтон ӕндӕрырдӕм ацыд. Уый фӕстӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Ионӕйы аныхъуырдта стыр кӕсаг. Ионӕ кӕсаджы хуылфы Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ кӕсагӕн былмӕ раппарын кодта. Уӕд Ионӕ сразы Ниневимӕ ацӕуыныл.

Афтӕмӕй Ионӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын сахуыр. Фӕлӕ та Ионӕ ногӕй фӕрӕдыд: ниневийӕгтӕн Хуыцауы тӕрхон куы фехъусын кодта, уӕд уыдон ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ Хуыцау нал бафхӕрдта. Уый Ионӕйӕн тынг хъыг уыди. Бакӕс ацы чиныг ӕмӕ базон, Хуыцау цавӕр дыккаг диссаг сарӕзта, цӕмӕй Ионӕйы адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын сахуыр кодтаид.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын