Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 21 сӕр, 24 ф.
  • Чырысти райгас!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырысти райгас!
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Хуыцау йӕ Фырты нӕ ферох кодта
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Йесо райгас
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Чырысти раргом кодта фидӕны хабӕрттӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 21 сӕр, 24 ф.
Чырысти уӕлӕрвтӕм ссыд

21 СӔР

Чырысти райгас!

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд, цӕмӕй сын уынаффӕтӕ радтаид ӕмӕ сӕ бафидар кодтаид

ЧЫРЫСТИ куы амард, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕр сылгоймаджы зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ федтой, йӕ бахизӕны дур кӕй нал уыд, мидӕгӕй та – афтид!

Уӕд сӕм фӕзынд дыууӕ зӕды. Ӕмӕ сӕ иу загъта: «Назаретаг Йесойы агурут»? «Ам нӕй – райгас» (Марчы 16:6). Сылгоймӕгтӕ уый куыддӕр фехъуыстой, афтӕ азгъордтой, цӕмӕй хабар апостолтӕн радзырдтаиккой. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн фӕхабар кӕнут, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты» (Матфейы 28:10).

Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ фӕцӕйцыдысты Иерусалимӕй иу хъӕумӕ, Еммаус, зӕгъгӕ. Фӕндагыл сӕм иу адӕймаг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста, цӕуыл ныхас кӕнынц, уымӕй. Уый уыди Чырысти, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Ӕнкъардӕй йын загътой, Йесойы тыххӕй кӕй ныхас кӕнынц. Уӕд сын уыцы адӕймаг райдыдта ӕмбарын кӕнын, Чырыстийы тыххӕй Сыгъдӕг Фыстады цы фыст ис, уыдӕттӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Чырыстийы тыххӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы куы бамбӕрстой, семӕ чи ныхас кодта, уый Йесо кӕй у ӕмӕ кӕй райгас, уӕд Чырысти фӕцыдӕр.

Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ уайтагъд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ раздӕхтысты. Апостолты баййӕфтой ӕмбырдӕй иу хӕдзары, сӕ дуар ӕхгӕд, афтӕмӕй. Цы сыл ӕрцыди, уый тыххӕй сын куыд дзырдтой, афтӕ Чырысти се ’хсӕн февзӕрд. Апостолты дисӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Цӕмӕй фӕтарстыстут ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтат?... Афтӕ фыст у, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдзӕн» (Лукайы 24:38, 46).

Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ 40 боны дӕргъы алыхуызон уавӕрты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Иухатт фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ! Ӕвӕццӕгӕн сын уӕд бахӕс кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:19, 20).

Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сымах райсдзыстут тых, сыгъдӕг уд уыл куы ’рцӕуа, уӕд, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Уый фӕстӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм ссыд ӕмӕ куыд уӕлдӕр кодта, афтӕ сӕм мигътӕй нал зынд.

Матфейы 28 сӕр; Марчы 16 сӕр; Лукайы 24 сӕр; Иоанны 20 ӕмӕ 21 сӕртӕ; 1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6.

  • Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ куыд базыдтой, Хуыцау ӕй кӕй райгас кодта, уый?

  • Еммаусмӕ фӕндагыл Йесо йӕ дыууӕ ахуыргӕнинагӕн цы бамбарын кодта?

  • Чырысти уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста?

ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХ

Дун-дунейы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй стырдӕр тых нӕй. Йегъовӕ Хуыцау йӕ тыхӕй сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ уый фӕрцы ныффыссын кодта Библи. Уыцы тыхӕй арӕзт цыдысты, ацы брошюрӕйӕ цы диссӕгты тыххӕй базыдтам, уыдон се ’ппӕт дӕр. Стӕй ӕппӕты стырдӕр диссаг дӕр Хуыцау уыцы тыхӕй сарӕзта – Йесо Чырыстийы райгас кодта уӕларвон цардмӕ (Райдиан 1:2; 2 Самуилы 23:2; Хъуыддӕгтӕ 10:38; 1 Петры 3:18).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын