Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ll 6 хай, 14–15 фф.
  • Доны хъаймӕт нын цӕуыл дзурӕг у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Доны хъаймӕт нын цӕуыл дзурӕг у?
  • Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 6 хай
    Хуыцаумӕ хъус
  • Фӕдзӕхст рагон замантӕй
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд? Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
ll 6 хай, 14–15 фф.

6 ХАЙ

Доны хъаймӕт нын цӕуыл дзурӕг у?

Хуыцау фыдадӕмы фесӕфта, Нойы та ӕд бинонтӕ фервӕзын кодта (Райдиан 7:11, 12, 23).

Нау доныл ленк кӕны, ӕвзӕр адӕм ныгъуылынц, ӕвзӕр зӕдтӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой

Къӕвда фӕуарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы, ӕмӕ зӕхх иууылдӕр доны бын фӕци. Ӕвзӕр адӕм иууылдӕр амардысты.

Ӕвзӕр зӕдтӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты ӕмӕ систы дӕлимонтӕ.

Ной, йӕ бинонтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ науӕй рацыдысты ӕмӕ арвыл фӕзынд арвӕрдын

Науы чи уыди, уыдон фервӕзтысты. Ӕппынфӕстаг Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ амардысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау райгас кӕндзӕн, ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

Хуыцау фыдадӕмы фесафдзӕн, хорз адӕмы фервӕзын кӕндзӕн (Матфейы 24:37–39).

Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы адӕмыл хинӕй цӕуынц

Абон дӕр Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмыл хинӕй цӕуынц.

Нойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр бирӕтӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц. Тагъд Йегъовӕ фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн (2 Петры 2:5, 6).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕлгоймагӕн хъусын кӕнгӕйӕ Библийӕ пайда кӕнынц; нӕлгоймаг Библи кӕсы

Бирӕтӕ сты Нойы хуызӕн. Уыдон хъусынц Хуыцаумӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц. Уыцы адӕм сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

  • Равзар, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый (Матфейы 7:13, 14).

  • Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, сабыр адӕм та фарнӕй бафсӕддзысты (Псалом 37:10, 11).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын