Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 14 сӕр, 1–4 фарстатӕ
  • Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста ӕмӕ сын разамынд куыд дӕтты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцауӕн организаци ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Ӕмбырд куыд арӕзт у ӕмӕ куыд архайы
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци куыд архайы
    Хуыцау нӕ цы домы?
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 14 сӕр, 1–4 фарстатӕ

14 СӔР

Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста?

1. Рагзаманты Хуыцау израилӕгты цӕмӕн равзӕрста?

1. Хуыцауы адӕм рагон Израилы; 2. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хъусын кӕнынц, Йесо сын куыд бахӕс кодта, афтӕ

Рагзаманты Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы байзӕддӕгтӕй скодта иу адӕм ӕмӕ сын радта закъӕттӕ. Уыцы адӕмы схуыдта «Израил». Уыдон хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауӕн раст куывтаиккой ӕмӕ йын йӕ ныхасыл фидар хӕцыдаиккой (Псалом 147:19, 20). Израилы фӕрцы хъуамӕ арфӕгонд ӕрцыдаиккой ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. Бакӕс Райдиан 22:18.

Хуыцау израилӕгты уый тыххӕй равзӕрста, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уыдаиккой. Сӕ цард хорз ӕвдисы, Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын адӕймагӕн цы стыр пайда хӕссы, уый (Дыккаг закъон 4:6). Израилӕгтӕм кӕсгӕйӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр сӕ бон уыди, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый базонын. Бакӕс Исайы 43:10, 12.

2. Хуыцау чырыстон ӕмбырд цӕмӕн скодта?

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Израилы адӕм сӕхи Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодтой. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ йӕхицӕн равзӕрста ӕндӕр адӕм – цавӕрдӕр адӕмыхатт нӕ, фӕлӕ чырыстон ӕмбырд (Матфейы 21:43; 23:37, 38). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ израилӕгты бӕсты Йегъовӕйӕн йе ’вдисӕнтӕ сты Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:14, 17.

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой (Матфейы 10:7, 11; 24:14; 28:19, 20). Абон мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты, ӕмӕ уыцы куыст йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Йегъовӕ алы адӕмыхӕттытӕй милуанты баиу кодта, цӕмӕй йын ӕмвӕндӕй кувой. Ахӕм хабар уый размӕ никуыма уыди (Раргомад 7:9, 10). Ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕмбырдтӕ кӕй вӕййы, уый фӕрцы кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц. Ӕгас дунейы дӕр се ’мбырдты Библи фӕахуыр кӕнынц уыцы иу программӕмӕ гӕсгӕ. Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.

3. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци куыд фӕзынди?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1900 азты райдианы ӕмӕ абон куыд хъусын кӕнынц; Библийыл арӕзт литературӕ бирӕ ӕвзӕгтыл.

1870-ӕм азты Библииртасджыты гыццыл къорд Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын райдыдта, ӕмӕ сын Йегъовӕ раргом кодта, бирӕ рӕстӕг адӕмӕй рох чи уыд, уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ. Уыдон бамбӕрстой, Чырысти ӕмбырд уый тыххӕй кӕй скодта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хорз хабар хъусын кӕной. Ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй алы бӕстӕты хъусын кӕнын райдыдтой. 1931 азы сӕхи хонын райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:8; 2:1, 4; 5:42.

4. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы?

Фыццаг ӕнусы бирӕ бӕстӕты цы чырыстон ӕмбырдтӕ уыди, уыдонӕн разамынд лӕвӕрдта фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты къорд. Уыдон ӕмбырды Хистӕрыл нымадтой Чырыстийы (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр разамынд дӕтты фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгты къорд, хонынц ӕй Разамонӕг совет. Уыцы совет йӕ хъус дары, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы дӕр цы филиалтӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы филиалты 600 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ тӕлмац кӕнынц Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ, стӕй йӕ мыхуыр кӕнынц ӕмӕ йӕ парахат кӕнынц. Ӕмӕ афтӕмӕй Разамонӕг совет, ӕгас дунейы цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы Ныхасӕй разамынд дӕтты ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Ныртӕккӕ уыцы ӕмбырдтӕ сты 100 000 фылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма алы ӕмбырды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, кӕнӕ цӕстдарджытӕй, сӕвӕрынц, уыцы хъуыддагӕн чи бӕззы, ахӕм ӕфсымӕрты. Уыдон Хуыцауы дзугыл зӕрдиагӕй тыхсынц. Бакӕс 1 Петры 5:2, 3.

Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, нӕ сӕйраг хӕс у адӕммӕ хорз хабар хӕссын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Мах дӕр апостолтау хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ (Хъуыддӕгтӕ 20:20). Ӕмӕ, рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕмимӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ мах ӕнӕуи организаци не стӕм. Мах стӕм иу бинонтӕ, уымӕн ӕмӕ нын ис иу Фыд. Уый нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй мах дӕр нӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау ӕмӕ хотау уарзӕм (2 Фессалоникӕгтӕм 1:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ зӕххыл уыдонӕй амондджындӕр бинонтӕ нӕй! Бакӕс Псалом 33:12; Хъуыддӕгтӕ 20:35.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 19 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын