Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Хуыцау йӕхицӕн адӕм цӕмӕн равзӕрста ӕмӕ сын разамынд куыд дӕтты?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.
1. Хуыцау израилӕгтӕй йӕхицӕн адӕм цӕмӕн скодта ӕмӕ сын разамынд куыд лӕвӕрдта?
Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы байзӕддӕгтӕй йӕхицӕн скодта адӕм ӕмӕ сын радта закъӕттӕ. Уыцы адӕмы схуыдта Израил. Хуыцау Израилӕн бахӕс кодта, цӕмӕй раст дин мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй фӕчъизи кӕнын ма бауагътаиккой. Уымӕй уӕлдай ма сын сӕ бар бакодта йӕ Ныхас, Сыгъдӕг Фыстад, цӕмӕй ма фесӕфтаид (Псалом 147:19, 20). Уый абоны онг дӕр стыр пайда хӕссы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. (Бакӕс Райдиан 22:18.)
Хуыцау ма израилӕгты уый тыххӕй дӕр равзӕрста, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уыдаиккой. Йӕ закъӕттӕ-иу ын куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу сын уый стыр пайда хаста (Дыккаг закъон 4:6). Израилы адӕмы историйӕ бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй. (Бакӕс Исайы 43:10, 12.)
2. Хуыцау ӕцӕг чырыстӕттӕн разамынд куыд дӕтты?
Израилы адӕм сӕхи Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодтой, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн равзӕрста ӕндӕр адӕм – цавӕрдӕр адӕмыхатт нӕ, фӕлӕ чырыстон ӕмбырд (Матфейы 21:43; 23:37, 38). Раздӕр Хуыцауы ӕвдисӕнтӕ уыдысты израилӕгтӕ. Абон та Йегъовӕйӕн йе ’вдисӕнтӕ сты ӕцӕг чырыстӕттӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:14, 17.)
Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, иумӕйагӕй кӕй хъуамӕ кодтаиккой, ахӕм куыст – ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй хъусын кӕнын (Матфейы 10:7, 11; 24:14; 28:19, 20). Ныр уыцы куыст йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Абон Йегъовӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр йӕхицӕн ӕвзары адӕмы, цӕмӕй йын ӕмвӕндӕй лӕггад кӕной (Раргомад 7:9, 10). Уыдон сӕ куыст хицӕнтӕй нӕ, фӕлӕ иумӕйагӕй кӕй кӕнынц, уый руаджы ма кӕрӕдзийӕн стыр ныфс ӕмӕ стыр ӕххуыс сты. Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕмбырдты Библи фӕахуыр кӕнынц иу программӕмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)
3. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд фӕзындысты?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты истори райдыдта 1870-ӕм азты. Иу гыццыл къорд райдыдта Библи лӕмбынӕг иртасын. Уыдон бамбӕрстой, бирӕ рӕстӕг адӕмӕй рох чи уыд, ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ Библийӕ. Зӕгъӕм, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр райдыдтой хъусын кӕнын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ абон уыцы куыст цӕуы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. 1931 азӕй фӕстӕмӕ хуыйнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:8; 2:1, 4; 5:42.)
4. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци абон куыд архайы?
Фыццаг ӕнусы бирӕ бӕстӕты цы чырыстон ӕмбырдтӕ уыд, уыдон архайдтой разамонӕг советы уынаффӕтӕм гӕсгӕ. Разамонӕг советы уыдысты апостолтӕ ӕмӕ иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон ӕмбырды сӕргълӕууӕгыл нымадтой Чырыстийы (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5). Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Разамонӕгыл нымайынц Чырыстийы (Матфейы 23:9, 10). Ныртӕккӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл ис 100 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда хӕссынц, Разамонӕг советы чи ис, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын цы разамынд дӕттынц, стӕй сын Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ раттынц, уыдон. Уымӕй уӕлдай ма алы ӕмбырды дӕр ис, Хуыцауы дзугыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи тыхсы, ахӕм фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. (Бакӕс 1 Петры 5:2, 3.)
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ. Цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр баххуыс кӕной, уый тыххӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ 500 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ тӕлмац кӕнынц, мыхуыр ӕй кӕнынц ӕмӕ йӕ парахат кӕнынц. Апостолтау уыдон дӕр хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ (Хъуыддӕгтӕ 20:20). Рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕмимӕ та ахуыр кӕнынц Библи. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты амондджын адӕм, уымӕн ӕмӕ сын сӕйрагдӕр у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. (Бакӕс Псалом 33:12; Хъуыддӕгтӕ 20:35.)
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», кӕс 19 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.