Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 1 радз., 4–5 фф.
  • Цин кӕнӕм, цы сусӕг хабар базыдтам, ууыл

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цин кӕнӕм, цы сусӕг хабар базыдтам, ууыл
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ацы номыры ис
    Райхъал ут! 2018
  • Хуыцау йӕ зонд равдыста «сусӕгдзинады»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 1 радз., 4–5 фф.
Чырысти адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд дзуры, уымӕ зӕдтӕ хъусынц

1 РАДЗЫРД

Цин кӕнӕм, цы сусӕг хабар базыдтам, ууыл

Искуы дын исчи исты сусӕг хабар радзырдта? ~a Библийы фыст ис, Хуыцауӕй чи у, ахӕм «сусӕгдзинады» тыххӕй. Афтӕ йӕ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ йӕ адӕмӕй ничи зыдта. Суанг ма зӕдты дӕр фӕндыд уый тыххӕй фылдӕр базонын. Уый цавӕр сусӕг хабар у, уый базонын дӕ фӕнды? ~

Куыд хъуыды кӕныс, зӕдты цы фӕндыд базонын?

Раджы заман Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Сӕ нӕмттӕ хуындысты Адам ӕмӕ Евӕ. Хуыцау сӕ ӕрцӕрын кодта рӕсугъд хӕдзары – Едемы. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр рӕсугъд цӕхӕрадон скодтаиккой ӕмӕ дзы ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ цы бакуыстой, уый ма хъуыды кӕныс? ~

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ уый тыххӕй абон дзӕнӕты нӕ цӕрӕм. Фӕлӕ Хуыцау загъта, ӕнӕхъӕн зӕхх кӕй срӕсугъд кӕндзӕн ӕмӕ йыл адӕм се ’ппӕт дӕр амондджынӕй ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау уый куыд сараздзӕн? Бирӕ азты дӕргъы адӕм уый нӕ зыдтой. Уый уыд сусӕг хабар.

Йесо Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд уыцы сусӕг хабары тыххӕй адӕмӕн фылдӕр радзырдта. Уыцы сусӕг хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй уыд. Йесо Чырысти адӕмӕн дзырдта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцаумӕ кувут, цӕмӕй йӕ Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын райдайа. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн.

Уыцы сусӕг хабар кӕй базыдтай, ууыл нӕ цин кӕныс? ~ Ма дӕ ферох уӕд, Йегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй цӕрдзысты Дзӕнӕты. Библийы фыст ис, Йегъовӕйы коммӕ чи каст, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Фӕнды дӕ уыдоны тыххӕй фылдӕр базонын? ~ Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чи уыдысты ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй мах дӕр уыдоны хуызӕн уӕм.

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Марчы 4:11

  • 1 Петры 1:12

  • Райдиан 1:26–28; 2:8, 9; 3:6, 23

  • Матфейы 6:9, 10

  • Псалом 37:11, 29

a Ацы радзырдты ахӕм нысан (~) цы фарстайы фӕстӕ уа, уым-иу хъӕудзӕн ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

ФАРСТАТӔ

  • Абон зӕхх дзӕнӕт цӕуылнӕ у?

  • Библийы цавӕр сусӕг хабары тыххӕй ис фыст?

  • Йесо Чырысти уыцы сусӕг хабары тыххӕй адӕмӕн цы радзырдта?

  • Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй Дзӕнӕты цӕрай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын