Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 4 радз., 10–11 фф.
  • Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау дӕр ӕй уарзта ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Иеффай дзырд радта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 4 радз., 10–11 фф.
Йеффай йӕ гыццыл чызгимӕ

4 РАДЗЫРД

Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта

Израилӕгтӕ се знӕгтимӕ хӕцынц, Йеффай та Йегъовӕмӕ кувы

Йеффай Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта?

Йеффай хӕстӕй хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт, йӕ чызг йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын Йеффай хъӕбыс кӕны

Йеффайы чызг, йӕ фыд цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта, кӕд ын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр

Нывы цы чызг ис, уый уыныс? ~ Уый у Йеффайы чызг. Йӕ ном Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кодта. Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыцы чызг ӕмӕ йӕ фыд Йеффай чи уыдысты, уый.

Йеффай уыд хорз адӕймаг ӕмӕ-иу йӕ чызгӕн Йегъовӕйы тыххӕй арӕх дзырдта. Стӕй ма Йеффай уыд тыхджын лӕг ӕмӕ хорз разамонӕг. Уымӕ гӕсгӕ йын израилӕгтӕ загътой, цӕмӕй се ’фсады сӕргъы слӕууыдаид ӕмӕ се знӕгтимӕ схӕцыдаиккой.

Йеффай Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, ӕмӕ знӕгтыл фӕтых уыдаид. Йеффай йын дзырд радта, зӕгъгӕ сыл кӕд фӕтых уон, уӕд, мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый Йегъовӕйӕн ратдзынӕн. Уыцы адӕймаг йӕ царды кӕронмӕ хъуамӕ цардаид ӕмӕ лӕггад кодтаид Хуыцауы кувӕндоны. Уый уыди, адӕм-иу Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, ахӕм бынат. Йеффай знӕгтыл фӕтых! Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ хӕдзарӕй фыццаг йӕ размӕ чи рацыд, уый зоныс? ~

О, йӕ чызг! Йеффайӕн уый йеддӕмӕ сывӕллон нӕ уыд, ӕмӕ йын ныр хъуамӕ ацыдаид. Йеффай тынг ӕрӕнкъард. Фӕлӕ дзырд кӕй радта, уый дӕ рох ма уӕд. Чызг йӕ фыдӕн загъта: «Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ӕмӕ йӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕнай».

Йеффайы чызг Йегъовӕйы цатырӕн сугтӕ ӕмбырд кӕны; йе ’мбал чызджытӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыдысты

Йеффайы чызгмӕ-иу алы аз дӕр йе ’мбӕлттӕ ӕрцыдысты

Чызг йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнкъард – кувӕндоны кӕй лӕггад кӕндзӕн, уый тыххӕй хъуамӕ чындзы ма ацыдаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыдаид. Фӕлӕ чызджы ӕппӕты тынгдӕр фӕндыд, цӕмӕй сӕххӕст кодтаид, йӕ фыд Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтаид. Чындзы ацыдаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ уыдаид, уымӕй тынгдӕр ӕй фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ чызг йӕ хӕдзар ныууагъта ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ цард кувӕндоны.

Куыд хъуыды кӕныс, йӕ фыд ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта? ~ Куыннӕ! Кӕд ды дӕр Йеффайы чызджы хуызӕн коммӕгӕс дӕ ӕмӕ Йегъовӕйы уарзыс, уӕд дӕ ныййарджыты ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ.

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Дыккаг закъон 6:4–6

  • Тӕрхонгӕнджыты 11:30–40

  • 1 Коринфӕгтӕм 7:32–34

ФАРСТАТӔ

  • Йеффай чи уыд? Цавӕр дзырд радта?

  • Йеффай цы дзырд радта, уый йӕ чызгӕн сӕххӕст кӕнын зын цӕмӕн уыд?

  • Йеффайы чызджы ӕппӕты тынгдӕр цы фӕндыд?

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йеффайы чызджы хуызӕн уай?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын