Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 36 сӕр, 88 ф.–89 ф., 1 абз.
  • Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иеффай дзырд радта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Хуыцау дӕр ӕй уарзта ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 36 сӕр, 88 ф.–89 ф., 1 абз.
Йеффай йӕ чызджы йӕ размӕ рацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта

36 СӔРГОНД

Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта

Израилӕгтӕ та ногӕй Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ та райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Аммоны цӕрджытӕ сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд сын уыцы мӕнгхуыцӕуттӕ нӕ баххуыс кодтой. Бирӕ азты дӕргъы израилӕгты се знӕгтӕ хъизӕмарӕй мардтой. Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕн загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам. Дӕ хорзӕхӕй, не знӕгтӕй нӕ фервӕзын кӕн». Израилӕгтӕ сӕ къухӕйконд хуыцӕутты ныппырх кодтой ӕмӕ та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Йегъовӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй сӕ се знӕгтӕй фервӕзын кодтаид.

Израилӕгтӕ аммонӕгтимӕ куы схӕцыдысты, уӕд се ’фсады хистӕрӕй равзӕрстой иу хӕстон лӕджы, Йеффайы. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Дзырд дын дӕттын: ацы тохы куы фӕуӕлахиз уӕм, уӕд дын ратдзынӕн, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый». Йегъовӕ Йеффайы куывд фехъуыста ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдаид.

Йеффай йӕ хӕдзармӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йӕ размӕ далайӕ цӕгъдгӕ ӕмӕ кафгӕ рацыд йӕ чызг, йӕ иунӕг хъӕбул. Цымӕ Йеффай куыд бакодта? Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый дзы нӕ ферох, ӕмӕ йӕ чызгӕн загъта: «Дӕдӕй мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын фӕриссын кодтай! Йегъовӕйӕн дзырд радтон. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй сӕххӕст кӕнон, уый тыххӕй дӕ хъуамӕ Силоммӕ арвитон, цӕмӕй уым Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнай». Фӕлӕ йын йӕ чызг загъта: «Мӕ фыд, кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтай, уӕд ӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕнай. Ӕрмӕст дӕ иу цыдӕр курын: ме ’мбал чызджытимӕ мӕ хӕхтӕм дыууӕ мӕймӕ ауадз. Стӕй Силоммӕ ацӕудзынӕн». Йеффайы чызг цӕрӕнбонты Йегъовӕйы цатыры иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта. Алы аз дӕр-иу ӕм йе ’мбӕлттӕ Силоммӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй-иу ӕй абӕрӕг кодтаиккой.

Йеффайы чызгмӕ йе ’мбӕлттӕ цатырмӕ ӕрбацыдысты

«Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы... мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый... мӕн аккаг нӕу» (Матфейы 10:37)

Фарстатӕ. Йеффай Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта? Йеффайы чызг уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

Тӕрхонгӕнджыты 10:6–11:11, 29–40; 1 Самуилы 12:10, 11

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын