Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/2 25–26 фф.
  • Хуыцау дӕр ӕй уарзта ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕр ӕй уарзта ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Иеффай дзырд радта
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/2 25–26 фф.

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Хуыцау дӕр ӕй уарзта ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр

АБОН уыцы чызджы ном ничи зоны. Зонӕм ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ Йеффайы чызг кӕй уыд. Цӕй ӕмӕ ’ркӕсӕм Библимӕ ӕмӕ базонӕм, уыцы дыууӕ адӕймаджы чи уыдысты, уый. Мах базондзыстӕм, Йеффайы чызджы кӕй уарзтой Хуыцау дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр.

Йеффай ӕмӕ йӕ чызджы тыххӕй Библийы нӕ бон у бакӕсын Тӕрхонгӕнджыты чиныджы 11 сӕры. Йеффай Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, йӕ чызгимӕ-иу Фыстадыл кӕй ныхас кодта.

Йеффай царди, Хуыцауы адӕм, израилӕгтӕ, сӕхицӕн паддзах куы нӕма ’рдомдтой, уыцы рӕстӕг. Йеффай уыди тыхджын лӕг ӕмӕ йӕ бон уыди хӕсты хӕцын. Уымӕ гӕсгӕ йын израилӕгтӕ загътой, цӕмӕй сӕ разӕй аммонӕгты ныхмӕ рацыдаид. Аммонӕгтӕ та уыдысты, израилӕгты фарсмӕ чи цард ӕмӕ уыцы рӕстӕг семӕ чи хӕцыд, уыцы адӕм.

Йеффайы фӕндыд, цӕмӕй йын Хуыцау баххуыс кодтаид, ӕмӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаид. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн дзырд радта, зӕгъгӕ, кӕд фӕуӕлахиз уон, уӕд мӕ хӕдзарӕй фыццаг мӕ размӕ чи рацӕуа, уый уыдзӕн дӕу. Уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ царды кӕронмӕ лӕггад кодтаид Хуыцауы цатыры, адӕм уӕд Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы ран. Фыццаг йӕ размӕ чи рацыд, уый зоныс?​~a

О, уый уыд Йеффайӕн йӕ чызг! Йеффай тынг ӕрӕнкъард, уымӕн ӕмӕ йын уыцы чызг йеддӕмӕ сывӕллон нӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта ӕмӕ йӕ хъуамӕ сӕххӕст кодтаид. Йӕ чызг ын уайтагъд загъта: «Мӕ фыд, кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтай, уӕд, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн». Стӕй йын загъта, цӕмӕй йӕ дыууӕ мӕймӕ хӕхтӕм ауагътаид ӕмӕ уым фӕкуыдтаид. Ӕмӕ кӕугӕ та цӕмӕн хъуамӕ кодтаид? Уымӕн ӕмӕ, Йеффай Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ чызг хъуамӕ чындзы макуы ацыдаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр ма уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Йеффайы чызг, йӕхи цы фӕндыд, ӕппӕты тынгдӕр ууыл нӕ хъуыды кодта. Ӕппӕты тынгдӕр ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ фыды коммӕ кастаид ӕмӕ Йегъовӕйы мацӕмӕй фӕхъыг кодтаид. Куыд дӕм кӕсы, уый Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ фыдӕн ӕхсызгон нӕ уыд?​~

Йеффай йӕ чызджы ауагъта, ӕмӕ чызг йе ’мбӕлттимӕ дыууӕ мӕймӕ хӕхтӕм ацыд. Уырдыгӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд Йеффай йӕ дзырд сӕххӕст кодта – йӕ чызджы Силоммӕ Хуыцауы цатырмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ царды кӕронмӕ уым лӕггад кодтаид. Израилаг чызджытӕ та-иу алы аз дӕр Силоммӕ ацыдысты ӕмӕ-иу Йеффайы чызгӕй феппӕлыдысты.

Йӕ ныййарджыты коммӕ чи кӕсы ӕмӕ Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм сывӕллӕтты зоныс?​~ Хорз уаид, семӕ хуыздӕр куы базонгӕ уаис ӕмӕ де ’мбӕлттӕ куы суаиккой. Ды дӕр Йеффайы чызгау коммӕгӕс куы уай ӕмӕ Хуыцауы куы уарзай, уӕд дын хорз ӕмбӕлттӕ уыдзӕн. Уӕд дӕ ныййарджытӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ дӕр уарздзӕн.

Дӕ Библийы бакӕс

Дыккаг закъон 6:4–6

Тӕрхонгӕнджыты 11:30–40

1 Коринфӕгтӕм 7:37, 38

[Фиппаинаг]

a Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕудзӕн иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын