Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yc 9 радз., 20–21 фф.
  • Йереми алкӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йереми алкӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй
  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Мӕ бон нӕу хъусӕй лӕууын»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
  • «Зӕгъ сын ацы ныхӕстӕ»
    Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры
Фылдӕр фенын
Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
yc 9 радз., 20–21 фф.

9 РАДЗЫРД

Йереми алкӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй

Мӕсты адӕм Йеремийы алыварс ӕртымбыл сты

Адӕм Йеремимӕ цӕмӕн мӕсты кӕнынц?

Йеремийы арф цъыфӕйдзаг дзыхъхъӕй сласынц

Йегъовӕ Йеремийы фервӕзын кодта

Адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ныл чи худгӕ фӕкӕны, чи та нӕм мӕсты свӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хатт нал фӕфӕнды Хуыцауы тыххӕй дзурын. Дӕуыл дӕр искуы ахӕм хабар ӕрцыд? ~ Библийы фыст ис иу ӕрыгон лӕппуйы тыххӕй. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта, фӕлӕ иуафон Йегъовӕйы тыххӕй нал дзырдта. Йӕ ном хуынди Йереми. Цӕй ӕмӕ Йеремийы тыххӕй фылдӕр базонӕм.

Йереми ма ӕрыгон куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, ӕвзӕр митӕ мауал кӕнут, зӕгъгӕ. Уый Йеремимӕ тынг зын каст, стӕй тӕрсгӕ дӕр кодта. Йереми йын загъта: «Нӕ зонын, цы дзурон, уый. Ӕз нырма ӕрыгон дӕн». Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн».

Уӕд Йереми адӕмӕн дзурын райдыдта, се ’взӕр митӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕ Хуыцау кӕй бафхӕрдзӕн. Цымӕ адӕм Йеремимӕ байхъуыстой? ~ Нӕ байхъуыстой. Чи йыл худгӕ кодта, чи та йӕм тынг смӕсты. Чидӕртӕ йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты! Куыд дӕм кӕсы, Йеремийӕн ӕнцон уыд? ~ Йереми фӕтарст ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы тыххӕй нал дзурдзынӕн». Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр нал дзырдта? ~ Дзырдта. Йереми Йегъовӕйы афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй ма дзырдтаид, уый йӕ бон нӕ уыд. Йереми уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта.

Иухатт ӕй ӕвзӕр лӕгтӕ арф цъыф дзыхъхъы ныппӕрстой. Нӕдӕр ын хӕринаг уыд, нӕдӕр дон. Уыцы лӕгты фӕндыд, цӕмӕй уым амардаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта, ӕмӕ фервӕзт!

Йеремийӕ цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Кӕд-иу тӕрсгӕ дӕр кодта, уӕддӕр-иу алкӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзырдта. Ды дӕр Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд дыл, чи зоны, худой кӕнӕ та дӕм мӕсты кӕной. Ӕмӕ-иу уӕд, чи зоны, фефсӕрмы уай кӕнӕ та тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнай. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй алкӕддӕр дзур. Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ.

ДӔ БИБЛИЙЫ БАКӔС

  • Йереми 1:4–8; 20:7–9; 26:8–19, 24; 38:6–13

ФАРСТАТӔ

  • Йегъовӕ Йеремийӕн цы загъта?

  • Йеремийы иуафон Йегъовӕйы тыххӕй дзурын цӕуылнӕуал фӕндыд?

  • Йегъовӕ Йеремийӕн куыд баххуыс кодта?

  • Йеремийӕ цӕуыл ахуыр кӕныс?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын