Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 37 сӕр, 94 ф.–95 ф., 1 абз.
  • Йесо идӕдз усы фырты райгас кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо идӕдз усы фырты райгас кодта
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо сафы идӕдз усы маст
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • «Уый гӕнӕн нӕй!»
    Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...
  • Райгасы хабар – диссаджы ныфс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 37 сӕр, 94 ф.–95 ф., 1 абз.
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ сӕмбӕлдысты мӕрддзыгой адӕмыл – ныгӕнынмӕ фӕхӕссынц идӕдз усы фырты

37 СӔР

Йесо идӕдз усы фырты райгас кодта

ЛУКАЙЫ 7:11–17

  • ГОРӔТ НАИНЫ ИУ ЛӔППУЙЫ РАЙГАС КОДТА

Йесо ӕфсӕддон хицауы лӕггадгӕнӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд цасдӕры фӕстӕ Капернаумӕй араст горӕт Наинмӕ. Уыцы горӕт уыди хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй ӕмӕ йӕм цӕуын хъуыди 32 километрӕй фылдӕр. Йесо иунӕгӕй нӕ уыд. Йемӕ уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ адӕм. Ӕвӕццӕгӕн, изӕрырдӕм бахӕццӕ сты горӕтгӕронмӕ ӕмӕ уым сӕмбӕлдысты мӕрддзыгой адӕмыл. Мӕрддзыгой адӕм уыдысты дзуттӕгтӕ. Горӕтӕй ныгӕнынмӕ рацӕйхастой ӕрыгон лӕппуйы.

Мӕрддзыгой адӕмы ’хсӕн лӕппуйы мадӕй мӕгуырдӕр ничи уыд. Сылгоймаг уыд идӕдз, ӕмӕ уый уыди йӕ иунӕг хъӕбул. Йӕ сӕрыхицау куы амард, уӕд ма йӕ уд йӕ лӕппуйыл лӕууыд. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ иунӕг хъӕбул ын куыд адджын уыдаид, йӕхицӕн дзы ныфсытӕ куыд ӕвӕрдтаид, мӕ зӕронд ӕвӕгӕсӕг нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныр цыппар къулы ’хсӕн зыбыты иунӕгӕй баззад. Кӕмӕ ма-иу бадзурдзӕн? Кӕй ныфсӕй ма цӕрдзӕн?

Сылгоймаджы тӕригъӕдӕй Йесойӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст. Ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ма ку». Уыцы ныхас ын куыд загъта, ӕрмӕст уый дӕр дзы ныфс бауагъта. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн. Йесо мардмӕ бацыд ӕмӕ йӕ кӕуыл фӕцӕйхастой, уыцы сынтмӕ бавнӕлдта (Лукайы 7:13, 14). Йесомӕ кӕсгӕйӕ мӕрддзыгой адӕм ӕрлӕууыдысты. Ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ хъуыды кодтой, цымӕ йӕ зӕрды цы ис, зӕгъгӕ.

Йесо райгас кодта идӕдз усы лӕппуйы; адӕм ӕм дисгӕнгӕ кӕсынц

Цымӕ, ӕдзухдӕр Йесоимӕ чи уыд, уыдон та цы хъуыды кодтой? Сӕхи цӕстӕй бирӕ хӕттыты федтой, адӕмы-иу сӕ низтӕй куыд сдзӕбӕх кодта, уый. Фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, мард райгасгӕнгӕ никуыма федтой. Раджы заманты Хуыцау кӕйдӕрты кӕй райгас кодта, уый зыдтой. Фӕлӕ цымӕ Йесомӕ ис ахӕм хъару, цӕмӕй марды райгас кӕна? (1 Паддзӕхты 17:17–23; 2 Паддзӕхты 4:32–37). Йесо уыцы барджынӕй загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын: сыст!» (Лукайы 7:14). Ӕмӕ мард ӕцӕгдӕр рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта! Уӕд ын Йесо йӕ мадӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт, зӕгъгӕ. Мады, ӕвӕццӕгӕн, иуӕй уырнгӕ дӕр нӕ кодта, иннӕмӕй та йӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Йӕ хъӕбул та ногӕй йемӕ ис!

Лӕппу ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уый адӕм куы федтой, уӕд Царддӕттӕг Хуыцауы, Йегъовӕйы, скадджын кодтой. Иутӕ сӕ дзырдтой: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн». Иннӕтӕ та, Йесо цы диссаг сарӕзта, уый цӕуыл дзурӕг у, уый куы бамбӕрстой, уӕд дзырдтой: «Хуыцау йӕ адӕммӕ ӕркаст» (Лукайы 7:16). Хабар уайтагъд дардыл айхъуыст. Наинӕй, Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕт Назаретмӕ 10 километры бӕрц уыди, фӕлӕ лӕппуйы райгасы хабар, ӕвӕццӕгӕн, уырдӕм дӕр фӕхӕццӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст уырдӕм нӕ, фӕлӕ ма суанг хуссармӕ дӕр, ома Иудейӕмӕ.

Аргъауӕг Иоанн ма уыцы рӕстӕг дӕр ахӕстоны уыд, ӕмӕ йӕ тынг фӕндыди, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уый базонын. Гъемӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы диссӕгты тыххӕй радзырдтой. Цымӕ уыцы хабӕрттӕ Иоанныл куыд бандӕвтой?

  • Йесо горӕт Наинмӕ куы бахӕццӕ, уӕд цы федта?

  • Мӕрддзыгой адӕмы фенгӕйӕ Йесо цы банкъардта ӕмӕ стӕй цы сарӕзта?

  • Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕмыл куыд фӕзынд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын