Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 91 сӕр, 214 ф.–215 ф., 4 абз.
  • Йесо Лазӕры райгас кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо Лазӕры райгас кодта
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лазӕры райгас
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо Лазӕры райгас кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесо йе ’мбалӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕуылнӕ фӕтагъд кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 91 сӕр, 214 ф.–215 ф., 4 абз.
Марфӕ ӕмӕ Марийӕ кӕсынц, Йесо сын се ’фсымӕр Лазӕры куыд райгас кодта, уымӕ

91 СӔР

Йесо Лазӕры райгас кодта

ИОАННЫ 11:38–54

  • ЙЕСО ЛАЗӔРЫ РАЙГАС КОДТА

  • СӔЙРАГ ТӔРХОНДОН ЙЕСОЙЫ МАРЫНВӔНД СКОДТА

Вифанимӕ хӕстӕг Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ куы фембӕлд, уӕд уырдыгӕй Лазӕры зӕппадзмӕ ацыдысты. Уыцы зӕппадз уыд лӕгӕт, йӕ бахизӕныл та фӕлдӕхт уыди дур. Йесо загъта: «Дур-ма иуварс айсут». Цы саразинаг уыд, уый Марфӕ не ’мбӕрста ӕмӕ бакатай кодта: «Хицау, афонмӕ стӕф кодта, ныр ыл цыппар боны рацыд». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?» (Иоанны 11:39, 40).

Уӕдмӕ дур иуварс айстой. Йесо арвмӕ скаст ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай. Ӕниу ӕй ӕз зыдтон, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс, фӕлӕ афтӕ, мӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон, цӕмӕй баууӕндой, ды мӕ кӕй рарвыстай, ууыл». Йесо адӕмы раз уый тыххӕй скуывта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, цы саразинаг уыд, уый Хуыцауы хъаруйы фӕрцы кӕй сараздзӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ Лазӕр ӕцӕгдӕр рацыд, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом дӕр хъуымацы гӕбазӕй тыхт, афтӕмӕй. Уӕд Йесо загъта: «Райхалут ын йӕ хӕцъилтӕ, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа» (Иоанны 11:41–44).

Марийӕ ӕмӕ Марфӕимӕ чи рацыд ӕмӕ уыцы диссаг йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты. Фӕлӕ дзы чидӕртӕ та ацыдысты ӕмӕ фарисейтӕн радзырдтой, Йесо цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ уӕд фарисейтӕ ӕмӕ сауджынты хистӕртӕ Синедрион, ома дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондон, ӕрӕмбырд кодтой. Тӕрхоны лӕгтӕй иу уыди хистӕр сауджын Кайафӕ. Гъемӕ сӕ чидӕртӕ мӕты бацыдысты: «Ныр куыд кӕнӕм? Ацы адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ аразы. Ӕмӕ йӕ афтӕ куы ныууадзӕм, уӕд ыл адӕм иууылдӕр баууӕнддзысты, ӕмӕ ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ нын нӕ кувӕндон дӕр сӕхи бакӕндзысты, ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр» (Иоанны 11:47, 48). Йесо «бирӕ диссӕгтӕ» кӕй арӕзта, уый тыххӕй дины разамонджытӕ фехъуыстой, йӕхи цӕстӕй сӕ чи федта, уыдонӕй. Фӕлӕ уӕддӕр, Йесойы уылты Хуыцау цы арӕзта, ууыл нӕ цин кодтой. Уыдонӕн се стырдӕр мӕт сӕ бынат ӕмӕ сӕ бартӕ уыдысты.

Дзуттӕгтӕ фарисейтӕн дзурынц Лазӕры райгасы хабар

Лазӕр кӕй райгас, уый саддукейтӕн уыди бӕрзӕйсӕттӕн цӕф, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Кайафӕ дӕр саддукей уыди, ӕмӕ ныр ныхас йӕхимӕ райста ӕмӕ загъта: «Сымах ӕппындӕр ницы зонут. Нӕ йӕ ’мбарут, цӕйнӕфӕлтау ӕгас адӕм фесӕфой, фӕлтау иу адӕймаг куы амӕла адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд уын хуыздӕр кӕй уыдзӕн?» (Иоанны 11:49, 50; Хъуыддӕгтӕ 5:17; 23:8).

Кайафӕ хистӕр сауджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын Хуыцау зӕгъын кодта уыцы ныхӕстӕ – «йӕхи зондӕй» сӕ нӕ загъта. Кайафӕйы уый зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, дам, Йесойы амарын хъӕуы, кӕннод дарддӕр афтӕ куы ахӕсса, уӕд дзуттаг дины разамонджытӕн адӕмы цӕсты ӕппындӕр кад нал уыдзӕн ӕмӕ сын сӕ бартӕн ничиуал аргъ кӕндзӕн. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та загъта пехуымпар-ныхас. Уый амыдта, Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕрмӕст дзуттӕгты кӕй нӕ балхӕндзӕн, фӕлӕ «Хуыцауы хъӕбулты, алы рӕтты чи ныппырх, уыдоны» се ’ппӕты дӕр (Иоанны 11:51, 52).

Кайафӕйы ныхасыл дыууӕ ничиуал загъта, ӕмӕ Синедрион уынаффӕ рахаста, Йесойы амарӕм, зӕгъгӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Синедрионы тӕрхоны лӕгтӕй иу, Никодим, Йесомӕ хорз зӕрдӕ дардта. Ӕмӕ, мыййаг, Йесойӕн уый фӕхабар кодта, марынвӕнд ӕй кӕй скодтой? Уый бӕлвырд ничи зоны. Фӕлӕ зонӕм, Йесо уайтагъд йӕхи Иерусалимӕй кӕй айста, цӕмӕй йӕ Хуыцауы ӕмгъуыд рӕстӕгӕй раздӕр ма амардтаиккой.

  • Лазӕр кӕй райгас, уый чи федта, уыдон уыцы диссагмӕ цы цӕстӕй ракастысты?

  • Синедрионы тӕрхоны лӕгтӕ фыдзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый куыд рабӕрӕг?

  • Кайафӕйы цы зӕгъын фӕндыд, фӕлӕ йын Хуыцау цавӕр пехуымпар-ныхас зӕгъын кодта?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын