125 СӔР
Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ
МАТФЕЙЫ 26:57–68 МАРЧЫ 14:53–65 ЛУКАЙЫ 22:54, 63–65 ИОАННЫ 18:13, 14, 19–24
ЙЕСОЙЫ АКОДТОЙ АННӔМӔ, РАЗДӔР ХИСТӔР САУДЖЫН ЧИ УЫД, УЫМӔ
СИНЕДРИОН ЫН ӔНӔЗАКЪОН ТӔРХОН РАХАСТА
Йесойы фыдгӕнӕгау куы сбастой, уӕд ӕй акодтой Аннӕмӕ. Аннӕ хистӕр сауджынӕй лӕггад кодта, Йесо гыццылӕй кувӕндоны ахуыргӕнджыты дисы куы бафтыдта, уӕд (Лукайы 2:42, 47). Фӕстӕдӕр хистӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой йӕ фырттӕй чидӕртӕ. Ныр та уыцы бынат ахста йӕ сиахс Кайафӕ.
Цалынмӕ Аннӕ Йесойы рафӕрс-бафӕрс кодта, уӕдмӕ Кайафӕйӕн рӕстӕг уыди, цӕмӕй Синедрион, ома Сӕйраг тӕрхондон, ӕрӕмбырд кодтаид. Синедрионы хистӕр сауджынимӕ ӕдӕппӕтӕй уыди 71 тӕрхонгӕнӕджы.
Аннӕ Йесойы фарста «йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн цы амыдта, уымӕй». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ӕз дунейӕн алцыдӕр ӕргом дзырдтон. Адӕмы алкӕддӕр ахуыр кодтон ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ кувӕндоны, дзуттӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уым. Ӕмӕ сусӕгӕй ницы дзырдтон. Мӕн цӕмӕн фӕрсыс? Мӕ ныхӕстӕм мын чи хъуыста, уыдоны бафӕрс» (Иоанны 18:19–21).
Уӕд ӕй, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнӕг ныдздзӕхст кодта ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта: «Уый куыд ныхас кӕныс сауджынты хистӕримӕ?» Фӕлӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ницӕмӕй худт, ӕмӕ йын дзуапп радта: «Кӕд исты раст нӕ загътон, уӕд мын ӕй зӕгъ. Фӕлӕ кӕд раст загътон, уӕд мӕ цӕмӕн цӕвыс?» (Иоанны 18:22, 23). Уый фӕстӕ Аннӕ Йесойы арвыста йӕ сиахс Кайафӕмӕ.
Уӕдмӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр – уыцы рӕстӕджы хистӕр сауджын чи уыд, уый, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд сты. Куадзӕны ӕхсӕв закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын не ’мбӕлд. Фӕлӕ сӕ сӕ фыдвӕнд бакӕнынӕй уый дӕр нӕ баурӕдта.
Уыцы адӕммӕ раст тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нӕ уыд. Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уый фӕстӕ йӕ Синедрион амарынвӕнд скодта (Иоанны 11:47–53). Цалдӕр боны раздӕр та дины разамонджытӕ бауынаффӕ кодтой, ӕрцахсӕм ӕй ӕмӕ йӕ амарӕм, зӕгъгӕ (Матфейы 26:3, 4). Уӕдӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд, тӕрхон кӕнын ын нӕма райдыдтой, афтӕмӕй!
Тӕрхон рахӕссынмӕ ӕхсӕвыгон кӕй ӕрӕмбырд сты, закъон ӕрмӕст уымӕй нӕ фехӕлдтой. Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Синедрионы иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ кӕд бирӕ ӕвдисӕнтӕ ссардтой, уӕддӕр сӕ ныхас кӕрӕдзийыл нӕ бадт. Фӕстагмӕ размӕ рахызт дыууӕ мӕнгӕвдисӕны ӕмӕ загътой: «Мах ӕй фехъуыстам, ацы лӕг куыд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕз ацы кувӕндон – адӕймаг кӕй скодта, уый – фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм» (Марчы 14:58). Фӕлӕ уыдон дӕр бынтон ӕмхуызон нӕ дзырдтой.
Кайафӕ Йесойы бафарста: «Ницы дзурыс? Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?» (Марчы 14:60). Фӕлӕ Йесо хъусӕй лӕууыд – нӕ йӕ фӕндыд уыцы мӕнгӕвдисӕнты ныхмӕ исты дзурын. Ӕмӕ уӕд хистӕр сауджын Кайафӕ хъуыддагмӕ иннӕрдыгӕй бавнӕлдта.
Дзуттӕгтӕ нӕ быхстой, исчи-иу йӕхи Хуыцауы Фырт куы хуыдта, уымӕн, ӕмӕ уый Кайафӕ хорз зыдта. Уый размӕ Йесо Хуыцауы схуыдта йӕ Фыд, ӕмӕ йӕ уӕд дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ, дам, афтӕ дзуры, «Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, мӕнмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис», зӕгъгӕ (Иоанны 5:17, 18; 10:31–39). Уый зонгӕйӕ, Кайафӕ сфӕнд кодта Йесойыл хинӕй рацӕуын, ӕмӕ йын загъта: «Расомы кӕн удӕгас Хуыцауӕй, кӕй нӕ фӕсайдзынӕ ӕмӕ нын зӕгъ: ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» (Матфейы 26:63). Йесо ӕргом дзырдта, Хуыцауы Фырт кӕй уыд, уый (Иоанны 3:18; 5:25; 11:4). Ӕмӕ ныр куы ницы загътаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ, Хуыцауы Фырт ӕмӕ Чырысти кӕй у, ууыл нӕ сӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Марчы 14:62).
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Кайафӕ театры хъазӕгау йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат! Цы зӕгъдзыстут?» Ӕмӕ Синедрион фехъусын кодта, цы хӕрам тӕрхон рахаста, уый: «Хъуамӕ амӕла» (Матфейы 26:65, 66).
Уый фӕстӕ Йесойӕ хынджылӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цавтой. Чидӕртӕ та йӕ дзӕхстытӕ кодтой ӕмӕ йыл тутӕ кодтой. Стӕй йын йӕ цӕсгом бамбӕрзтой, ныдздзӕхст-иу ӕй кодтой ӕмӕ йын мӕстӕймарӕгау дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?» (Лукайы 22:64). Афтӕ ӕхсӕвыгон Хуыцауы Фыртӕн ӕнӕзакъон тӕрхон рахастой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой!