Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 23 сӕр, 60 ф.–61 ф., 4 абз.
  • Йегъовӕйӕн дзырд радтой

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйӕн дзырд радтой
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕ адӕмӕн радта йӕ закъӕттӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Судзгӕ къутӕр
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 23 сӕр, 60 ф.–61 ф., 4 абз.
Израилӕгтӕ Синайы хохы раз лӕууынц

23 СӔРГОНД

Йегъовӕйӕн дзырд радтой

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй рацыд дыууӕ мӕйы бӕрц, ӕмӕ ныр бахӕццӕ сты Синайы хохмӕ ӕмӕ уым сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой. Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй хохмӕ ссыдаид. Ӕмӕ Моисей уырдӕм куы ссыд, уӕд ын Хуыцау загъта: «Ӕз израилӕгты фервӕзын кодтон. Ӕмӕ мӕм ныр куы хъусой ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕной, уӕд мын суыдзысты, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм». Моисей хохӕй куы ’рцыд, уӕд израилӕгтӕн радзырдта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый. Ӕмӕ уӕд уыдон загътой: «Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзыстӕм».

Стӕй та Моисей ногӕй хохмӕ ссыд. Уым ын Йегъовӕ загъта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ ӕз уемӕ дзурдзынӕн. Адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ Синайы хохмӕ иу дӕр ма ссӕуа». Моисей хохӕй ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ тагъд Йегъовӕ уемӕ дзурдзӕн.

Израилӕгтӕ уынынц арвӕрттывд ӕмӕ сау мигъ Синайы хохы сӕрмӕ

Ӕртӕ боны фӕстӕ израилӕгтӕ федтой арвӕрттывд ӕмӕ сау мигъ хохы сӕрмӕ. Стӕй та фехъуыстой арвнӕрд ӕмӕ сыкъайы уасын. Уый фӕстӕ Йегъовӕ хохмӕ арты мидӕг ӕрцыд. Израилӕгтӕ иууылдӕр, фыртӕссӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Зӕхх тынг ӕнкъуысыд ӕмӕ хох фӕздӕгӕй нал зынди. Сыкъайы уасын та тынгӕй-тынгдӕр хъуысти. Ӕмӕ стӕй Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма куват».

Моисей фӕстӕмӕ хохмӕ ссыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ радта закъӕттӕ. Уыцы закъӕтты фӕрцы израилӕгтӕ зыдтаиккой, Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕной ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый. Моисей уыцы закъӕттӕ ныффыста ӕмӕ сӕ стӕй адӕмӕн хъӕрӕй бакаст. Израилӕгтӕ дзырд радтой: «Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм». Хуыцауӕн дзырд бӕргӕ радтой. Фӕлӕ йӕ цымӕ сӕххӕст кодтой?

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37)

Фарстатӕ. Синайы хохы раз цы ’рцыд? Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радтой?

Рацыд 19:1–20:21; 24:1–8; Дыккаг закъон 7:6–9; Нееми 9:13, 14

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын