Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 66 сӕр, 156 ф.–157 ф., 1 абз.
  • Ездрӕ адӕмӕн амыдта Хуыцауы Закъон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ездрӕ адӕмӕн амыдта Хуыцауы Закъон
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ездрӕйы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Тыхст рӕстӕджыты дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Ездрӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы кадджын кодта
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 66 сӕр, 156 ф.–157 ф., 1 абз.
Ездрӕ горӕты фӕзы Йегъовӕйы кадджын кӕны ӕмӕ адӕм сӕ къухтӕ хӕрдмӕ систой, йӕ ныхӕстимӕ разы кӕй сты, уый равдисынӕн

66 СӔРГОНД

Ездрӕ адӕмӕн амыдта Хуыцауы Закъон

Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Иерусалиммӕ куы аздӕхтысты, уымӕй рацыд 70 азы бӕрц. Фӕлӕ ма сӕ уӕддӕр чидӕртӕ цард Персы паддзахады алы рӕтты. Уыдонӕй сӕ иу уыд сауджын Ездрӕ. Уый иннӕтӕн амыдта Йегъовӕйы закъон. Ездрӕ уый куы базыдта, ӕмӕ Иерусалимы адӕм Закъон не ’ххӕст кӕнынц, уӕд сфӕнд кодта уырдӕм ацӕуын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын. Персы паддзах Артаксеркс ын загъта: «Хуыцау дӕ схайджын кодта зондӕй, цӕмӕй иннӕтӕн Закъон амонай. Ацу ӕмӕ ма кӕй бафӕнда ацӕуын, уыдоны дӕр демӕ акӕн». Ездрӕ фембӕлд, Иерусалиммӕ ацӕуын кӕй бафӕндыд, уыдонимӕ. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывтой, цӕмӕй дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ уыдаиккой. Ӕмӕ стӕй уыцы дард фӕндагыл араст сты.

Цыппар мӕйы фӕстӕ Иерусалиммӕ ӕрхӕццӕ сты. Кънйӕзтӕ Ездрӕйӕн загътой: «Израилӕгтӕ Йегъовӕйы коммӕ нал кӕсынц. Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, ахӕм устыты ракуырдтой». Цымӕ Ездрӕ куыд бакодта? Адӕмы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ скуывта: «Йегъовӕ, ды махӕн уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ сарӕзтай, мах та дӕ ныхмӕ тӕригъӕдтӕ аразӕм». Кӕд адӕм сӕ тӕригъӕдтыл басастысты, уӕддӕр арӕзтой, раст цы нӕ уыд, уый. Ездрӕ равзӕрста хистӕр лӕгты ӕмӕ тӕрхонгӕнджыты, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сраст кодтаиккой. Ӕмӕ ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдоны сӕ зӕххӕй арвыстой.

Рацыд 12 азы. Уӕдмӕ Иерусалимы къултӕ дӕр арӕзт фесты. Ездрӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын Хуыцауы Закъон бакастаид. Закъоны чиныг куы байгом кодта, уӕд адӕм сыстадысты. Стӕй Йегъовӕйы скадджын кодта, ӕмӕ адӕм сӕ къухтӕ хӕрдмӕ систой, йӕ ныхӕстимӕ разы кӕй сты, уый равдисынӕн. Стӕй Ездрӕ райдыдта Закъоны чиныг кӕсын ӕмӕ дзы цы фыст уыд, уый адӕмӕн ӕмбарын кӕнын. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр лӕмбынӕг хъуыстой. Адӕм басастысты, ногӕй та Йегъовӕйӕ кӕй адард сты, ууыл, ӕмӕ ныккуыдтой. Иннӕ бон Ездрӕ адӕмӕн Закъонӕй ноджы фылдӕр цыдӕртӕ бакаст. Уыдон базыдтой, тагъд сӕ кӕй хъӕудзӕн Халагъудты бӕрӕгбон сбӕрӕг кӕнын, ӕмӕ уайтагъд сӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтой.

Бӕрӕг ӕй кодтой авд боны дӕргъы. Адӕм цин кодтой ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтой, бирӕ хор сӕм кӕй ӕрзад, уый тыххӕй. Йесо Навины замантӕй фӕстӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбон афтӕ никуы сбӕрӕг кодтой. Бӕрӕгбоны фӕстӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывтой: «Йегъовӕ, ды нӕ фервӕзын кодтай, ӕмӕ цагъартӕ нал стӕм. Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ӕфсӕстай ӕмӕ нын стӕй ацы рӕсугъд зӕхх радтай. Фӕлӕ-иу мах дӕ коммӕ нӕ кастыстӕм. Ды-иу нӕм дӕ пехуымпарты ӕрвыстай, мах та-иу сӕм нӕ хъуыстам. Фӕлӕ ды уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Авраамӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кодтай. Ӕмӕ дын ныр мах дзырд дӕттӕм, дӕ коммӕ кӕй кӕсдзыстӕм». Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уый гӕххӕттыл ныффыстой ӕмӕ йыл кънйӕзтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ мыхуыр сӕвӕрдтой.

«Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:28)

Фарстатӕ. Иерусалимы цы израилӕгтӕ ӕрӕмбырд, уыдонӕн Ездрӕ цы бацамыдта? Адӕм Хуыцауӕн цавӕр дзырд радтой?

Ездрӕ 7:1–28; 8:21–23, 31, 32; 9:1–10:19; Нееми 8:1–18; 9:1–38

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын