Дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрыс?
«Ӕмӕ цы кӕнут, ӕппӕтдӕр кӕнут зӕрдиагӕй, куыд адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД]» (КОЛОССӔГТӔМ 3:23).
1. Спортсменӕн иууыл ахсджиагдӕр цы у?
СПОРТСМЕНӔН иууыл стырдӕр ӕнтыстӕтӕ йӕ къухы куыд бафты? Тенисы, футболы, баскетболы, бейсболы, рог атлетикӕйы, гольфӕй хъазты ӕви ӕндӕр исты спорты уа, спортсменӕн уӕлахиздзинад йӕ къухы бафты, йӕхи ӕгасӕй дӕр уыцы хъуыддагӕн кӕй радты, йӕ нысанмӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй фӕтырны, уый фӕрцы. Уымӕн йӕ буар дзӕбӕх сфӕлтӕрынӕй ахсджиагдӕр ницы ис, ӕндӕр ницӕуыл фӕхъуыды кӕны. Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕр хи снывонд кӕнын ӕндӕр ницы нысан кӕны?
2. Ныхас «нывонддзырд дӕттын» Библийы цы нысан кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
2 «Хи снывонд кӕнын» кӕнӕ «нывонддзырд дӕттын» Библимӕ гӕсгӕ цы нысан кӕны? «Нывонд кӕнын» у дзуттаг мивдисӕджы тӕлмац, ӕмӕ нысан кӕны «хи иппӕрд кӕнын, иуварс лӕууын, хи хибар кӕнын»a. Рагон Израилы Хистӕр сауджын Аарон йӕ цыллӕ худыл хаста «нывондгонд кӕй уыд, уый сыгъдӕг нысан». Уыцы нысан ӕрттывта сыгъдӕг сыгъзӕрины гӕбазыл, цыран нывӕфтыдгонд уыд ахӕм дзуттаг ныхӕстӕ: «Сыгъдӕгдзинад у Иегъовӕйы». Уый хистӕр сауджынӕн йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, йӕхи кӕй хъуамӕ хызтаид, сыгъдӕг бынат чи чъизи кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕй, «уымӕн ӕмӕ нывондгонд кӕй уыд, йӕ Хуыцау ӕй зетийӕ кӕй байсӕрста, уый нысан [уыд] йӕ уӕлӕ» (Рацыд 29:6; 39:30; Левит 21:12).
3. Хуыцауы раз цы нывонддзырд радтам, уый нӕ уагахастыл куыд хъуамӕ ӕндава?
3 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библимӕ гӕсгӕ «нывонддзырд дӕттын» гыццыл хъуыддаг нӕу. Уымӕй адӕймаг иннӕтӕн барвӕндӕй ӕвдисы, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй сси ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕндзӕн, уый. Уӕдӕ ӕмбарӕм, апостол Петр цӕмӕн ӕрхаста Иегъовӕйы ныхӕстӕ: «Сыгъдӕг ут, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Петры 1:15, 16). Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ ныл стыр бӕрндзинад ис, цӕмӕй Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, ома йыл кӕронмӕ иузӕрдион уӕм. Фӕлӕ цы нысан кӕны чырыстон нывонддзырд? (Левит 19:2; Матфейы 24:13).
4. Хуыцауӕн нывонддзырд куыд радтам ӕмӕ йӕ цӕимӕ ис абарӕн?
4 Иегъовӕ Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндӕттӕ ис, стӕй Йесо Чырысти чи у ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндӕтты цы ахадындзинад ис, уый бӕлвырдӕй куы базыдтам, уӕд аскъуыддзаг кодтам, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй лӕггад кӕндзыстӕм, уый (Маркы 8:34; 12:30; Иоанны 17:3). Ӕндӕр ныхасӕй, дзырд радтам, нӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн кӕй нывонд кӕнӕм. Нывонддзырд кӕй радтам, уый нӕ уыд, фырцинӕй хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтам, ахӕм къахдзӕф. Нӕ, мах куывтам Иегъовӕмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кодтам ӕмӕ алцыдӕр бӕстон сбарстам. Уый нӕ уыд дыууӕ боны уынаффӕ. Мах хъуамӕ ма уӕм ахӕм хуымгӕнӕджы хуызӕн, хуым кӕнын чи райдыдта, фӕлӕ куыст ӕгӕр зын кӕй уыд кӕнӕ тыллӕгмӕ ӕгӕр бирӕ кӕй хъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, йе та бынтондӕр кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыст чи ныууагъта. Ӕркӕсӕм, «йӕ къух гутоныл [чи] сӕвӕрдта», ома Хуыцауы организацийы йӕхимӕ хӕстӕ чи райста ӕмӕ сӕ цыфӕнды зындзинӕдты дӕр кӕронмӕ чи ӕххӕст кодта, уыдонӕй иуӕй-иу дӕнцӕгтӕм (Лукайы 9:62; Ромӕгтӕм 12:1, 2).
Сӕ нывонддзырдыл нӕ бавдисӕн кодтой
5. Хуыцауӕн хи снывондгӕнӕг лӕггадгӕнӕг уӕвгӕйӕ, Иереми хорз дӕнцӕг цӕмӕн уыд?
5 Зӕгъӕм, Иереми 40 азӕй фылдӕр (н. э. агъоммӕ 647 — 607 азтӕ) Иерусалимы лӕггад кодта пехуымпарӕй, ӕмӕ уый та ӕнцон хӕслӕвӕрд нӕ уыд. Иереми хорз ӕмбӕрста, йӕхицӕн йӕ бон бирӕ кӕй ницы уыд, уый (Иереми 1:2—6). Иудейы хивӕнд адӕмимӕ тох кӕнынӕн ӕй алы бон дӕр хъуыд стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ фӕразондзинад (Иереми 18:18; 38:4—6). Фӕлӕ йӕ ныфс Иегъовӕ Хуыцауыл кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ йын уый уыйас хъару лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ бон уыд хъуыддӕгтӕй ӕвдисын, Хуыцауӕн йӕхи ӕцӕгдӕр чи снывонд кодта, ахӕм лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый (Иереми 1:18, 19).
6. Апостол Иоанн нын цавӕр дӕнцӕг ныууагъта?
6 Уӕдӕ «Хуыцауы дзырды тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнады тыххӕй» зӕрондӕй ӕдзӕрӕг сакъадахмӕ, Патмосмӕ, хаст чи ӕрцыд, уыцы иузӕрдион апостол Иоанны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? (Раргомад 1:9). Ӕртиссӕдз азы дӕргъы фидар лӕууыд, куыд чырыстон, афтӕ цы нывонддзырд радта, уымӕ гӕсгӕ цард. Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд удӕгас баззад. Хуыцауӕй йын уыд кадджын хӕслӕвӕрд: уый ныффыста Евангелитӕй иу, ӕртӕ ӕрвысты ӕмӕ Раргомады чиныг, цыран развӕлгъау федта Армагеддоны хӕст. Цымӕ Армагеддон йӕ рӕстӕджы кӕй нӕ уыдзӕн, уый куы базыдта, уӕд чырыстон фӕндаг ныууагъта? Кӕнӕ мыййаг ӕруазал? Нӕ, Иоанн мӕлӕты онг иузӕрдион уыд Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ зыдта, кӕд «рӕстӕг хӕстӕг уыд», уӕддӕр йӕ цӕстылуайӕнтӕ фӕстӕдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый (Раргомад 1:3; Данелы 12:4).
Нырыккон дӕнцӕгтӕ
7. Чырыстон нывонддзырд ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы иу ӕфсымӕр цавӕр хорз дӕнцӕг равдыста?
7 Нӕ дуджы дӕр мингай иузӕрдион чырыстӕттӕ зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнынц, цы нывонддзырд радтой, уый, кӕд Армагеддоны ӕрцыдмӕ нӕ фӕцӕрынц, уӕддӕр. Уыдонӕй иу уыд Эрнест Бивер, Англисӕй. Уый Ӕвдисӕн сси 1939 азы, тӕккӕ дӕр Дыккаг дунеон хӕсты райдианы. Цӕмӕй Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаид, уый тыххӕй ныууагъта йӕ къамисӕджы куыст, кӕд дзы хорз ӕхца куыста, уӕддӕр. Куыд чырыстон, афтӕ йӕ хӕсты хайад исын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй дыууӕ азы фӕбадт ахӕстоны. Уыцы рӕстӕджы йын стыр ӕххуыс уыдысты йӕ бинонтӕ. 1950 азы йӕ ӕртӕ сывӕллоны дӕр фесты Нью-Йоркы, Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады Библион скъола Галаад, цыран цӕттӕ кӕнынц миссионертӕ. Ӕфсымӕр Бивер ахӕм зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уыд, ӕмӕ йӕ йе ’рдхӕрдтӕ схуыдтой Армагеддон-Эрни. Уый цард йӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ суанг йӕ мӕлӕты онг, 1986 азмӕ, адӕмы фӕдзӕхста, Хуыцауы хӕст Армагеддон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕй. Эрнест Хуыцауӕн нывонддзырд цасдӕр ӕмгъуыдмӕ нӕ радта, фӕлӕ ӕнустӕмb (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
8, 9. а) Испанийы Франкойы ӕгъатыр хицауиуӕгады рӕстӕджы бирӕ ӕвзонг лӕппутӕ цавӕр дӕнцӕг равдыстой? ӕ) Нӕхимӕ цавӕр фарстытӕ у нӕ бон радтын?
8 Фӕзминаг дӕнцӕг ма нын равдыстой испайнаг ӕфсымӕртӕ дӕр. Франкойы ӕгъатыр хицауиуӕгады рӕстӕджы (1939—1975 азтӕ) ӕвзонг Ӕвдисӕнтӕн сӕ чырыстон намыс хӕсты ӕмӕ паддзахады хъуыддӕгты хайад исыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй дзы сӕдӕгӕйттӕ ахст ӕрцыдысты. Бирӕтӕ сӕ дӕсгай азтӕ, ӕмӕ фылдӕр дӕр, арвыстой ӕфсӕддон ахӕстӕтты. Сӕ иу Хесус Мартинӕн рахастой ӕдӕппӕт 22 азы ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон. Фыднад ӕй фӕкодтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Цӕгат Африкӕйы ӕфсӕддон ахӕстоны ныппӕрстой. Уыдӕттӕ йын ӕнцон фӕразӕн кӕм уыдаиккой, фӕлӕ йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.
9 Уыцы ӕвзонг лӕппутӕн иу тӕрхон иннӕйы фӕдыл кӕй хастой, уымӕ гӕсгӕ дзӕвгар рӕстӕджы дӕргъы ницы зыдтой, кӕд сӕ рауадздзысты, кӕнӕ ма сӕ искуы рауадздзысты, уый. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ басастысты, уый нӕ, фӕлӕ ма зӕрдиагӕй хъусын дӕр кодтой. Ӕппынфӕстаг, 1973 азы уавӕр нывыл кӕнын куы райдыдта, уӕд дзы бирӕты ахӕстонӕй рауагътой ӕмӕ уайтагъдӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтой, чи специалон пионерӕй, чи та цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Ахӕстоны дӕр цардысты сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ куы ссӕрибар сты, уӕд сӕ фылдӕр дарддӕр дӕр кодтой афтӕc. Цы ис зӕгъӕн махӕй та? Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртау цыфӕнды уавӕрты дӕр, цы нывонддзырд радтам, уымӕн хицау стӕм? (Дзуттытӕм 10:32—34; 13:3).
Раст цӕстӕнгас нӕ нывонддзырдмӕ
10. а) Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Нӕ лӕггаддзинадмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
10 Хуыцауы раз цы нывонддзырд радтам, уымӕ цавӕр цӕстӕй кӕсӕм? Нӕ царды йӕ сӕйрагдӕр хъуыддагыл нымайӕм? Ӕвзонг стӕм ӕви ацӕргӕ, бинонтӕ нын ис ӕви нӕ, ӕнӕниз стӕм ӕви цыдӕр низтимӕ тох кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрыныл, йӕ уавӕртӕ кӕй куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ. Чи зоны кӕмӕндӕр йӕ уавӕртӕ фадат дӕттынц, цӕмӕй лӕггад кӕна ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады барвӕндон кусӕгӕй, миссионерӕй кӕнӕ цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн та гӕнӕн ис сӕ бинонтӕй ӕндӕр истӕмӕн рӕстӕг бынтондӕр мауал уа, уымӕн ӕмӕ сӕ цотӕй алкӕйдӕр хъӕуы сӕрмагонд ӕххуыс сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, хъӕуы сӕ хӕрд ӕмӕ уӕлӕдарӕс. Цымӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй хъауджыдӕр уыдон бирӕ кӕй нӕ хъусын кӕнынц, уый тыххӕй сын Иегъовӕ къаддӕр аргъ кӕны? Ницы хуызы. Нӕ бон цы нӕу, уый нӕ Хуыцау никуы домы. Апостол Павел ахӕм диссаджы хъуыды загъта: «Кӕд ис зӕрдиагдзинад, уӕд уый ист цӕуы кӕмӕ цы нӕй, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ кӕмӕ цы ис, уымӕ гӕсгӕ» (2 Коринфӕгтӕм 8:12).
11. Нӕ ирвӕзындзинад цӕуыл баст у?
11 Ӕниу цасфӕнды ма саразӕм, уӕддӕр нӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ирвӕзындзинад райсын никӕмӕн у йӕ бон. Нӕ ирвӕзындзинад баст у, Иегъовӕ нын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты йӕ хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл. Павел комкоммӕ загъта: «Иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд, ӕмӕ Хуыцауы стырадӕй ӕнӕхай фесты, Йӕ хорзӕхы фӕрцы се ’сраст лӕварӕй райсгӕйӕ, Хуыцау сӕ бауарзта ӕмӕ сӕ балхӕдта Йесо Чырыстийы фӕрцы». Нӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый (Ромӕгтӕм 3:23, 24, НФ; Иаковы 2:17, 18, 24).
12. Нӕхи нӕ искӕимӕ барын цӕуылнӕ хъӕуы?
12 Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цал сахаты бахардз кодтам, цал журналы ӕмӕ цал чиныджы байуӕрстам кӕнӕ Библи цал адӕймагимӕ ахуыр кӕнӕм, уый иннӕтимӕ нӕ хъӕуы барын (Галатӕгтӕм 6:3, 4). Чырыстон лӕггаддзинады цасфӕнды дӕр ма саразӕм, уӕддӕр нӕ алчидӕр йӕ зӕрдыл хъуамӕ дара Йесойы сӕрныллӕг ныхӕстӕ: «Афтӕ сымах дӕр, куы сӕххӕст кӕнат цы уын баргонд у уый, [уӕд] дзурут: „мах ницӕйаг цагъартӕ; уымӕн ӕмӕ махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам“» (Лукайы 17:10). Ӕцӕгдӕр, куыд арӕх вӕййы нӕ бон зӕгъын, «цы нын баргонд у, уый», сарӕзтам, зӕгъгӕ? Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарст: куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн? (2 Коринфӕгтӕм 10:17, 18).
Аргъ кӕн алы бонӕн дӕр
13. Хуыцауы раз цы нывонддзырд радтам, уый цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?
13 Павел устытӕн, лӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ цагъартӕн уынаффӕтӕ куы радта, уый фӕстӕ ныффыста: «Цы кӕнут, ӕппӕтдӕр кӕнут зӕрдиагӕй, куыд адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хицауӕн, зонгӕйӕ, Хицауӕй кӕй райсдзыстут фиддонӕн бынтӕ; уымӕн ӕмӕ сымах кусут Хицау Чырыстийӕн» (Колоссӕгтӕм 3:23, 24). Иегъовӕйы тыххӕй цы аразӕм, уый уымӕн нӕ кӕнӕм, цӕмӕй адӕмы дисы бафтауӕм. Йесо Чырысти куыд лӕггад кодта, мах дӕр афтӕ фӕнды лӕггад кӕнын Хуыцауӕн. Йӕ цыбыр зӕххон лӕггаддзинады рӕстӕджы уый аргъ кодта алы уысмӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, рӕстӕгыл фӕстӕмӕ хӕцӕн кӕй нӕй, уый (1 Петры 2:21).
14. Фӕстаг бонты тыххӕй Петр цавӕр фӕдзӕхст радта?
14 Рӕстӕг куыд зынаргъ у, уый ӕмбӕрста апостол Петр дӕр. Йӕ дыккаг ӕрвысты уый фӕдзӕхста, фӕстаг бонты кӕй фӕзындзӕн хынджылӕггӕнджытӕ — аздӕхджытӕ ӕмӕ дызӕрдыггӕнджытӕ — ӕмӕ уыдон, сӕхи цыбӕлты фӕдыл цӕугӕйӕ, ӕнӕбындурӕй дзурдзысты, зӕгъгӕ, кӕм ис Чырысти, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕд уыдзӕн. Фӕлӕ Петр загъта: «Хицау фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды, иуӕй-иутӕ куыд нымайынц уый фӕстиатыл; фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ. Хицауы бон ӕрцӕудзӕн, куыд хуыснӕг ӕхсӕв». О, Иегъовӕйы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы бон дӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куыд фидарӕй ӕууӕндӕм, ууыл (2 Петры 3:3, 4, 9, 10).
15. Цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм нӕ царды алы бонмӕ дӕр?
15 Цӕмӕй цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй алы бон дӕр хъуамӕ архайӕм, Иегъовӕйы ном кадджын кӕныныл. Ӕнӕхъӕн боны дӕргъы цы саразӕм, уымӕ фӕстӕмӕ куы акӕсӕм, уӕд нӕ бон зӕгъын вӕййы, Иегъовӕйы ном срухс кӕнынӕн ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн ахъаз кӕй уыдыстӕм? Чи зоны нӕ хорз уагахастӕй, нӕ фӕлмӕн ныхасӕй, йе та нӕ бинонтӕн кӕнӕ не ’мбӕлттӕн исты хорздзинад кӕй сарӕзтам, уымӕй. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ алы уавӕры дӕр иннӕтимӕ нӕ чырыстон ныфсы тыххӕй ныхас кодтам? Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл арф ныхъхъуыды кӕнынӕн искӕмӕн баххуыс кодтам? Цӕй ӕмӕ алы бон дӕр ӕмбырд кӕнӕм, Хуыцауы цӕсты аргъ цӕмӕн ис, ахӕм цыдӕртӕ, ӕндӕр ныхасӕй алы бон дӕр ӕфтауӕм, духовон банчы нын цы хӕзнатӕ ис, уыдонмӕ (Матфейы 6:20; 1 Петры 2:12; 3:15; Иаковы 3:13).
Дӕ цӕст сыгъдӕг дар
16. Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕй мауал цӕрӕм, уый тыххӕй Сайтан цы аразы?
16 Абон ахӕм рӕстӕг у, ӕмӕ чырыстӕттӕн зынӕй-зындӕр у цӕрын. Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй адӕм мауал хицӕн кӕной хорз ӕмӕ ӕвзӕр, сыгъдӕг ӕмӕ чъизи, хӕрзӕгъдау ӕмӕ ӕнӕгъдау цы у, цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый (Ромӕгтӕм 1:24—28; 16:17—19). Уый афтӕ аразы, цӕмӕй нӕм телевизор кӕнӕ Интернеты уылты чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау монцтӕ ӕнцонтӕй ӕвзӕрын кӕна. Афтӕмӕй гӕнӕн ис нӕ духовон цӕстырухс батар кӕнӕ бамынӕг уа, ӕмӕ йын йӕ хинмитӕ мауал рахатӕм. Нӕ духовон хӕзнатӕн куы нӕ аргъ кӕнӕм, уӕд цы нывонддзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрын дӕр афтӕ зӕрдиагӕй нал фӕнддзӕн ӕмӕ «гутоныл» дӕр афтӕ фидар нал хӕцдзыстӕм (Лукайы 9:62; Филиппӕгтӕм 4:8).
17. Павелы уынаффӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ ма ӕруазал уой?
17 Павел Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон нын уӕлдай ахсджиаг уый тыххӕй сты: «Хуыцауы фӕндон у сымах срухс кӕнын, цӕмӕй уӕхиуыл хӕцат хӕтындзинадӕй; цӕмӕй сымахӕй алчидӕр зона бахъахъхъӕнын йӕ мигӕнӕн сыгъдӕгдзинады ӕмӕ кады, фӕлӕ монцты фӕндоны нӕ, муртатты хуызӕн, кӕцытӕ нӕ зонынц Хуыцауы» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3—5). Хуыцауы раз йӕ нывонддзырд чи ферох кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ чырыстон ӕмбырдӕй цухгонд ӕрцыдысты хӕтындзинады аххосӕй. Хуыцауимӕ сӕ ахастытӕ афтӕ ӕруазал сты, ӕмӕ сӕм нымады дӕр нал уыд. Павел ӕнӕхъуаджы нӕ загъта: «Хуыцау мах ӕрхуыдта ӕнӕсыгъдӕгдзинадмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕгдзинадмӕ. Уӕдӕ ӕнӕсӕттон адӕймагӕн ӕнӕсӕтгӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн, Кӕцы нын ратта Йӕ Сыгъдӕг Уды» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:7, 8).
Цы араздзынӕ дарддӕр дӕр?
18. Цы хъуамӕ аразӕм дарддӕр дӕр?
18 Иегъовӕ Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕн йӕ нысаниуӕг кӕд кӕронмӕ ӕмбарӕм, уӕд дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм? Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕхи афтӕ дарӕм ӕмӕ афтӕ лӕггад кӕнӕм, нӕ намыс сыгъдӕг куыд уа. «Хорз ӕфсарм [«сыгъдӕг цӕсгом», НФ] уӕм уӕд,— фӕдзӕхста Петр,— цӕмӕй уӕ фыдкой цӕй тыххӕй кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уымӕй Чырыстийы мидӕг уӕ хорз цард фауджытӕ фӕхудинаг уой» (1 Петры 3: 16). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ чырыстон уагахасты тыххӕй ӕфхӕрд ӕмӕ ӕлгъыст дӕр ӕййафӕм, фӕлӕ афтӕ кодтой Чырыстийӕн дӕр йе ’нӕфӕцудгӕ уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. «Уӕдӕ Чырысти куыд фӕтухӕн кодта буарӕй мах тыххӕй,— загъта Петр,— уӕд сымах дӕр уыцы хъуыдыйӕ уӕхи сифтонг кӕнут; уымӕн ӕмӕ буарӕй фыдӕбонгӕнӕг тӕригъӕд нал кӕны» (1 Петры 4:1).
19. Нӕхи тыххӕй нӕ цы фӕнды хъусын?
19 Уый ӕддейӕ, цы нывонддзырд радтам, уый ӕппӕт тыхтӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм Сайтаны дунейы хъӕндзинӕдтӕй: ӕгъдауӕй дӕр, удварнӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр куыд низджын у, афтӕ низджын ма уӕм. Фӕлӕ канд уый нӕ. Мах зондзыстӕм, Хуыцауы зӕрдӕ нӕ кӕй рухс кӕны, уый, ӕмӕ уыимӕ та ницы ис абарӕн, Сайтан ӕмӕ нын йӕ хъузӕттӕ цыфӕнды ма ӕрӕвӕрой нӕ разы, уӕддӕр. Уӕдӕ уый бар макуы радтӕм, цӕмӕй нӕ афтӕ зӕгъой, зӕгъгӕ, нӕ зӕрдӕты ныууазал, ӕцӕгад куы базыдтам, уӕд нӕм цы уарзондзинад уыд, уый. Уый бӕсты фыццаг ӕнусы Фиатиры ӕмбырдӕй куыд загъдӕуыд, афтӕ зӕгъӕн уӕд мах тыххӕй дӕр: «Зонын дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ [дӕ] уарзондзинад, ӕмӕ [дӕ] куыст, ӕмӕ [дӕ] уырнындзинад, ӕмӕ дӕ фӕразондзинад, ӕмӕ уый, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕй сты фылдӕр фыццӕгтӕй» (Раргомад 2:4, 18, 19). Цӕй уӕдӕ цы нывонддзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнынмӕ хъӕрмуст макуы уӕм, фӕлӕ «удӕй арт уадзӕм», зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм кӕронмӕ, ӕмӕ кӕрон та нӕ къӕсӕрыл ис (Ромӕгтӕм 12:11; Раргомад 3:15, 16).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1987 аз 15 сентябрь, 31 фарс (уырыс.).
b Эрнест Биверы царды хабӕрттыл бӕстондӕр дзырд цӕуы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1980 аз, 15 мартъи, 8—11-ӕм фӕрстӕ (англ).
c Кӕс «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг 1978 азӕн», 156—158 ӕмӕ 201—218-ӕм фӕрстӕ, (англ). Мыхуыры йӕ рауагъта Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад.
Хъуыды ма кӕныс?
• Нывонддзырд радтын цы нысан кӕны?
• Ивгъуыд заманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ нывонддзырд ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы нын фӕзминаг дӕнцӕгтӕ чи сты?
• Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддагмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
• Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтам, уымӕ нын дарддӕр дӕр цавӕр ахаст хъуамӕ уа?
[Ныв 24 фарсыл]
Кӕд Иереми ӕгъатыр ӕфхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр иузӕрдион уыд Хуыцауыл.
[Ныв 25 фарсыл]
Испанийы сӕдӕгай ӕвзонг Ӕвдисӕнтӕ суанг ахӕстӕтты дӕр нӕ фӕцудыдтой.
[Нывтӕ 26 фарсыл]
Алы бон дӕр аразӕм, Хуыцауы цӕсты аргъ кӕмӕн ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ.
[Ныв 27 фарсыл]
Эрнест Бивер зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уымӕй хорз дӕнцӕг ӕвдыста йӕ сывӕллӕттӕн.