Цӕрӕм нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ
1 Ӕрӕджы райстай аргъуыд ӕви тынг раджы, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ахсджиаг бон хъуыды кӕныс. Нӕ донаргъуыд иузӕрдион лӕггадӕн йӕ кӕрон нӕу, фӕлӕ йӕ райдиан, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕнустӕм (1 Иоан. 2:17). Цы нысан кӕны нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын?
2 Чырыстийы фӕзмын. Аргъуыд райсгӕйӕ Йесо йӕ «куыст куы байдыдта», уӕд хъусын кодта «Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд» (Лук. 3:23; 4:43, НФ). Афтӕ мах дӕр, Иегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уый донаргъуыдӕй куы равдыстам, уӕд нысангонд ӕрцыдыстӕм хорз хабар хъусынгӕнджытӕй. Кӕд нӕ нӕхи дарынӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ хардз кӕнын хъӕуы, уӕддӕр нӕ сӕйраг куыст хъуамӕ уа Хуыцауы хъуыддаг (Матф. 6:33). Йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдон хъӕздыгдзинад ӕмӕ стыр бынатмӕ нӕ тырнынц, фӕлӕ апостол Павелау «кадджын кӕнынц сӕ куыст» (Ром. 11:13). Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уыцы диссаджы фадатӕн аргъ кӕныс ӕмӕ йӕ стыр кадыл нымайыс?
3 Йесойау мах дӕр хъуамӕ «хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕууӕм» (Иак. 4:7). Сайтан Йесойы йӕ аргъуыды фӕстӕ куыд фӕлвӕрдта, афтӕ абон дӕр Иегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнджыты милмӕ сӕвӕры (Лук. 4:1—13). Сайтаны дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхиуыл кусӕм, цӕмӕй нын нӕ зонд чи счъизи кӕна кӕнӕ нын нӕ зӕрдӕ чи сӕнӕгъдау кӕна, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм (Ӕмб. 4:23; Матф. 5:29, 30). Чырыстӕттӕ фӕдзӕхст ӕрцыдысты, цӕмӕй уыцыиу рӕстӕг ма бадой «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] фынгыл ӕмӕ хӕйрӕджы фынгыл дӕр» (1 Кор. 10:21). Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕнӕгъдау хиирхӕфсӕнтӕй, ӕвзӕр ӕмбаладтӕй, ӕмӕ Интернеты къӕппӕджытӕй. Уымӕй дарддӕр ма хъуамӕ аздӕхджыты уагъд ӕрмӕгыл дӕр ӕлгъ кӕнӕм. Сайтаны ацы ӕмӕ ӕндӕр хин митӕм цырддзаст куы уӕм, уӕд цӕрдзыстӕм нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ.
4 Хуыцау нын цы дӕтты, уымӕй пайда кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нын Иегъовӕ радта ӕххуысс — йӕ Ныхас ӕмӕ чырыстон ӕмбырд. Алы бон дӕр хъуамӕ кӕсӕм Библи ӕмӕ кувӕм Иегъовӕмӕ (Йес. Н. 1:8; 1 Фес. 5:17). Нӕ зӕрдӕ хъуамӕ рухс кӕна ӕмбырды фембӕлдтӕй (Пс. 121:1). Иегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоны ӕхсӕн хъуамӕ уӕм (Пс. 118:63).
5 Иегъовӕйы фӕрцы дӕ бон суыдзӕн дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йын зӕрдӕрухсӕй ӕнустӕм лӕггад кӕнын (Пс. 21:27, 28; Фил. 4:13).