Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 1/7 3 ф.
  • Доны хъаймӕт ӕцӕг уыди?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Доны хъаймӕт ӕцӕг уыди?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нойы ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар ӕцӕг у ӕви таурӕгъ у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд? Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Киноныв «Ной – уый цыд Хуыцауимӕ» алкӕмӕн дӕр фӕахъаз уыдзӕн Зӕронд чи нӕ кӕны, ахӕм хабар
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 1/7 3 ф.

Доны хъаймӕт ӕцӕг уыди?

ФӔНДЫ дӕ, адӕм сӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй кӕм цӕрдзысты, хӕстытӕ ӕмӕ ӕвзӕрдзинад кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм дунейы цӕрын? Кӕд о, уӕд дын ныфсы хос уыдзӕн, раджы заман цы хабар ӕрцыд, уый. Дзырд цӕуы Нойыл. Ной уыди хорз адӕймаг. Сарӕзта нау (ковчег), ӕмӕ Доны хъаймӕты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр аирвӕзтысты, ӕвзӕр адӕм та – фесӕфтысты.

Ацы хабар адӕмӕй бирӕтӕ зонынц. Фыст ис Библийы Райдианы чиныджы 6–9 сӕрты. Йӕ кой ис Хъуыраны ӕмӕ бирӕ таурӕгъты дӕр. Цымӕ Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр уыди? Ӕви йӕ уый тыххӕй ӕрхъуыды кодтой, цӕмӕй адӕм тӕрсой ӕмӕ ӕвзӕр митӕ ма кӕной? Динамонджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ ӕнусты дӕргъы ацы фарстайыл бирӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кодтой. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас куыд дзуры, афтӕмӕй уыцы хабар ӕцӕг уыд. Уӕдӕ ӕркӕсӕм иуӕй-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕм.

Библийы фыст ис, Доны хъаймӕт кӕцы аз ӕмӕ кӕцы мӕй райдыдта, нау кӕд ӕмӕ кӕм ӕрлӕууыд ӕмӕ зӕхх кӕд бахус, уый. Бӕлвырд дзы фыст ис науӕн йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх, стӕй цӕмӕй конд уыди, уый дӕр. Таурӕгъты та ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ фыст нӕ вӕййынц.

Ной ӕцӕгӕйдӕр кӕй цард, уый бӕрӕг у, йӕ ном кӕй ӕмбӕлы, Библийы фыст чи ’рцыд, уыцы хӕдзарвӕндаджы номхыгъдтӕй дыууӕйы (1 Азфыст 1:4; Лукайы 3:36). Уыцы дыууӕ номхыгъды скодтой ахуыргонд лӕгтӕ Ездрӕ ӕмӕ Лука. Лука ныффыста, Йесо Чырыстийы фыдӕлтӕй иу Ной кӕй уыди.

Ной ӕмӕ Доны хъаймӕты тыххӕй ма дзырдтой пехуымпартӕ Исай ӕмӕ Иезекил, апостолтӕ Павел ӕмӕ Петр (Исай 54:9; Иезекил 14:14, 20; Дзуттӕгтӕм 11:7; 1 Петры 3:19, 20; 2 Петры 2:5).

Йесо Чырысти дӕр Доны хъаймӕты тыххӕй загъта: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты рӕстӕджы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой, моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нӕ фесӕфтысты, уӕдмӕ» (Лукайы 17:26, 27). Уӕдӕ кӕд Доны хъаймӕт нӕ уыд, уӕд Чырыстийы ныхӕстӕ «Адӕймаджы Фырты рӕстӕджы» тыххӕй ницӕуыл дзурӕг сты.

Апостол Петр фыста, Библийы ныхӕстыл чи «худдзӕн», ахӕм адӕм кӕй фӕзындзӕн: «Уыдон ницӕмӕ дарынц уыцы хабар... уӕдыккон дуне сӕфт [кӕй] ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд». Уӕдӕ «уыцы хабар» мах дӕр хъуамӕ мацӕмӕ ӕрдарӕм? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Петр дарддӕр ныффыста: «Арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фесафыны бонмӕ» (2 Петры 3:3–7).

Хуыцау та тагъд ӕвзӕр адӕмы фесафдзӕн ӕмӕ ныууадздзӕн раст адӕмы. Ной куыд цард, афтӕ куы цӕрӕм, уӕд мах дӕр аирвӕздзыстӕм ӕмӕ цӕрдзыстӕм ног дунейы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын