Ромы папӕ «сыгъдӕг Петры бӕсты у разамонӕг»?
РОМЫ папӕ Иоанн Павел II 2002 азы Лимбургы (Германи) епископмӕ арвыста писмо ӕмӕ дзы ныффыста, епископ аборты тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый кӕй аивта. Писмойы райдианы йӕм папӕ ныффыста, йӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй «алы аргъуаны дӕр Йесо Чырыстийы фӕндонмӕ гӕсгӕ уа фарн ӕмӕ иудзинад». Епископӕн та йӕ уынаффӕ уымӕн аивта, ӕмӕ Ромы папӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕхи нымайы «сыгъдӕг Петры бӕсты разамонӕгыл».
Иу католикон энциклопедийы фыст ис: «Йесо Чырысти ап[остол] Петрӕн йӕ бӕрны бакодта ахсджиаг хъуыддаг, цӕмӕй ӕппӕт Аргъуанӕн дӕр уа йӕ бындур ӕмӕ йӕ фыййау». Стӕй ма дзы фыст ис: «Католикон аргъуаны ахуырадмӕ гӕсгӕ, ап[остол] Петрӕн йӕ бӕрны цы ахсджиаг хъуыддаг ис, уый йӕ бӕсты ӕххӕст кӕндзысты Ромы епископтӕ» (Католическая энциклопедия. М., 2007, 3 том, 1249 ф.).
Ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ, ууыл искуы хъуыды кодтай? Ӕркӕсӕм-ма ӕртӕ фарстамӕ: 1) Цымӕ Библийы фыст ис, апостол Петр Ромы фыццаг папӕ кӕй уыд? 2) Ромы папӕтӕ куыд фӕзындысты? 3) Папӕты хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ахуырӕдтӕй бӕрӕг у, Петры бӕсты разамонджытӕ кӕй сты?
Апостол Петр Ромы фыццаг папӕ уыд?
Аргъуан Петрыл арӕзт кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнӕн католиктӕ алкӕддӕр ӕрхӕссынц Йесойы ныхӕстӕ: «Ды дӕ Петр. Ацы къӕдзӕхдурыл ӕз сараздзынӕн ме ’мбырд» (Матфейы 16:18). Ацы ныхӕстӕ латинагау фыст сты Ромы сыгъдӕг Петры аргъуаны куполы базиликӕйы бын.
Августин, рагон дингӕнӕг, райдианты дзырдта, ӕмбырд Петрыл арӕзт кӕй уыд. Фӕлӕ зӕрондырдӕм Йесойы ныхӕстӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын райдыдта. Йӕ чиныджы «Пересмотры» Августин ныффыста, аргъуан, ома чырыстон ӕмбырд, Петрыл арӕзт кӕй не ’рцыд, фӕлӕ Чырыстийылa.
Апостол Петры кой арӕх ис Евангелиты. Йесо йӕ апостолтӕй равзӕрста ӕртӕйы – Иоанны, Иаковы ӕмӕ Петры, цӕмӕй цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы сӕхи цӕстӕй федтаиккой (Марчы 5:37, 38; 9:2; 14:33). Йесо Петрӕн радта «уӕларвон паддзахады дӕгъӕлтӕ». Уыдонӕй Петр байгом кодта фӕндаг Хуыцауы Паддзахадмӕ – фыццаг уал дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн, стӕй самариӕгтӕн ӕмӕ фӕстагмӕ та ӕндӕр адӕмтӕн (Матфейы 16:19; Хъуыддӕгтӕ 2:5, 41; 8:14–17; 10:45). Петр дзырдарӕхст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт апостолты номӕй дзырдта (Хъуыддӕгтӕ 1:15; 2:14). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фыццаг чырыстон ӕмбырды хистӕр уыд?
Апостол Павел ныффыста, Петрӕн уыцы бар лӕвӕрд кӕй уыд, цӕмӕй «сунӕтгонд чи у, уыдонӕн апостолӕй лӕггад кодтаид» (Галатӕгтӕм 2:8). Фӕлӕ Павелы ныхӕстӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ дзырдта, ӕмӕ Петр ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдта. Павел дзырдта, Петрӕн йӕ хӕс кӕй уыд дзуттӕгтӕн Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын.
Кӕд Петрӕн стыр бартӕ лӕвӕрд уыд, уӕддӕр Библийы никуы ис фыст, йӕхи ӕмбырды хистӕр кӕм хоны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты номӕй йӕхӕдӕг иунӕгӕй уынаффӕтӕ кӕй хӕссы, уый тыххӕй. Йӕ фыстӕджы йӕхи хоны «апостол» ӕмӕ «хистӕр нӕлгоймаг», ӕндӕр ницы (1 Петры 1:1; 5:1).
Ромы папӕтӕ куыд фӕзындысты?
Апостолтӕ ма удӕгас куы уыдысты, уӕд фӕзынд ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, иу чырыстонӕн йӕ бон у, цӕмӕй ӕмбырды йе ’муырнджытӕн разамонӕг уа. Ахӕм зондахастмӕ апостолтӕ цы цӕстӕй кастысты?
Ӕмбырды разамынд чи лӕвӕрдта, уыдонӕн апостол Петр дзырдта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы бынтӕн уӕхи хицау ма кӕнут», фӕлӕ «кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг» (1 Петры 5:1–5). Апостол Павел фӕдзӕхста, ӕмбырды кӕй фӕзындзӕн, «рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыддӕгтӕ 20:30). Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы кӕрон апостол Иоанн цы фыстӕг ныффыста, уым карзӕй уайдзӕф кодта иу чырыстон лӕг Диотрефӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Диотрефы фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды «алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уыдаид» (3 Иоанны 9). Апостолтӕ ахӕм уынаффӕтӕ кӕй лӕвӕрдтой, уый фӕрцы цасдӕр рӕстӕг кадмондаг адӕймӕгтӕ раст зондахастыл хӕцыдысты ӕмӕ сӕхицӕн стырдӕр кад нӕ агуырдтой (2 Фессалоникӕгтӕм 2:3–8).
Фӕстаг апостолы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕмбырды фӕзынд, стырдӕр кадмӕ чи бӕллыд, ахӕмтӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Куыд зыны, афтӕмӕй, Ромы католикон аргъуан иу епископы къухы нӕ уыд дыккаг ӕнусы ӕмбисы онг» (The Cambridge History of Christianity). Фӕлӕ ӕртыккаг ӕнусы Ромы епископ йӕхи сӕвӕрдта аргъуаны хистӕрӕй кӕнӕ та аргъуаны кӕцыдӕр хайы хистӕрӕйb. Цӕмӕй Ромы епископӕн ӕппӕты стырдӕр бартӕ уыдаид, уый тыххӕй ма арӕзт ӕрцыд номхыгъд, Петры бӕсты разамонӕг чи хъуамӕ уыдаид, уыдонӕн.
Фӕлӕ уыцы номхыгъд ницы пайда у. Цӕуылнӕ? Фыццаджыдӕр дзы иуӕй-иу адӕймӕгты цӕмӕн бахастой, уый сбӕлвырд кӕнӕн нӕй. Уымӕй ахсджиагдӕр та, уыцы номхыгъд цӕмӕ гӕсгӕ арӕзт уыд, уый раст нӕу. Цӕуылнӕ? Кӕд нӕ эрӕйы фыццаг ӕмӕ дыккаг ӕнусы фыст чингуытӕй кӕцыдӕртӕ дзурынц, Петр Ромы Хуыцауы ныхас кӕй хъусын кодта, уӕддӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй, Петр уыцы ран ӕмбырды хистӕр кӕй уыд, уымӕн.
Петр Ромы ӕмбырды хистӕр кӕй нӕ уыд, уый бӕрӕг у, апостол Павел Роммӕ цы фыстӕг ныффыста, уымӕй. Уым бирӕ чырыстӕтты нӕмттӕ ранымадта, фӕлӕ дзы Петры кой не скодта (Ромӕгтӕм 16:1–23). Куыд хъуыды кӕныс, Петр ӕмбырды хистӕр куы уыдаид, уӕд ӕй Павел ферох кодтаид кӕнӕ йӕ ницӕмӕ ӕрдардтаид?
Хъус ӕрдаринаг ма у уый, ӕмӕ Петр йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд Павел та ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ. Уыцы фыстӕджы Павел Ромы кой дӕр кӕны. Павел Ромы ӕхсӕз фыстӕджы ныффыста, фӕлӕ дзы иуы дӕр Петры кой не скодта.
Апостол Павел йӕ фыстӕджытӕ куы ныффыста, уымӕй 30 азы бӕрц куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста ӕртӕ фыстӕджы ӕмӕ Раргомады чиныг. Уыцы фыстӕджытӕй иуы дӕр Иоанн нӕ загъта, Ромы ӕмбырд ахсджиагдӕр бынат кӕй ахста ӕмӕ Петры бӕсты чидӕр разамонӕг ӕмӕ аргъуаны хистӕр кӕй уыд. Библи дӕр ӕмӕ истори дӕр ницы дзурынц, Петр йӕхи Ромы ӕмбырды фыццаг епископ кӕй хуыдта.
Папӕты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ цӕуыл дзурӕг сты?
Йӕхицӕй афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ дӕн «Петры бӕсты разамонӕг» ӕмӕ «Чырыстийы бӕсты минӕвар», уыдоны хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Петр ӕмӕ Чырыстийы кӕй фӕзмынц. Цымӕ Петр йе ’муырнджытӕй йӕхицӕн уӕлдай кад агуырдта? Нӕ. Уый бар никӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй йын цыдӕрхуызон кад кодтаиккой ӕмӕ йӕ буц дардтаиккой (Хъуыддӕгтӕ 10:25, 26). Йесойы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Йесо загъта, уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна (Матфейы 20:28). Папӕтӕ та куыд кӕнынц? Мыййаг сӕхи хизынц, цӕмӕй сын кад ма кӕной, стыр титултӕй сӕ ма хоной, сӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ сӕ бартӕм иннӕты ма ӕркӕсын кӕной?
Петр дӕр ӕмӕ Чырысти дӕр хӕрзӕгъдау уыдысты ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй фарн хастаиккой. Фӕлӕ уый зӕгъӕн нӕй Ромы папӕтӕй бирӕтӕй. Ӕркӕсӕм-ма, католикон энциклопеди Папӕ Лев X тыххӕй цы фыссы, уымӕ: «Папӕ Лев X политикӕйы архайдта ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн лӕвӕрдта аргъуаны кадджын бынӕттӕ, зӕххытӕ, йӕ рӕстӕг йӕ уды дзӕбӕхӕн ӕрвыста, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ та дзы уыдысты рох» (Lexikon für Theologie und Kirche). Католикон сауджын ӕмӕ аргъуаны историйы профессор Карл Амон загъта, зӕгъгӕ, истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Папӕ Александр VI «йӕ цӕсгом бахордта, цы йӕ фӕндыд, уый кодта, аргъуаны стыр бынӕттӕ ӕлхӕдта ӕмӕ сӕ уӕй кодта ӕмӕ уыд тынг хӕлд».
Цы зӕгъӕн ис папӕты ахуырӕдты тыххӕй та? Петр ӕмӕ Чырыстийы ахуырӕдты хуызӕн сты? Зӕгъӕм, Петр нӕ дзырдта, хорз адӕм се ’ппӕт дӕр уӕлӕрвтӕм кӕй цӕуынц. Рӕстгӕнӕг паддзах Давиды тыххӕй загъта: «Давид та уӕларвмӕ не ссыд» (Хъуыддӕгтӕ 2:34). Стӕй Петр нӕ ахуыр кодта, ноггуырд сывӕллӕттӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой. Фӕлӕ дзырдта, адӕймаг донаргъуыд куы иса, уӕд уый хъуамӕ кӕна ӕмбаргӕйӕ (1 Петры 3:21).
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй сӕ иу иннӕмӕй йӕхи уӕлдӕр ма кӕна. Йесо загъта: «Кӕй фӕнды, ӕмӕ фыццаг уа, уый хъуамӕ уа ӕппӕты фӕстаг ӕмӕ хъуамӕ се ’ппӕтӕн дӕр лӕггад кӕна» (Марчы 9:35). Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти» (Матфейы 23:1, 8–10). Куыд дӕм кӕсы, Ромы папӕтӕ дӕр Петр ӕмӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрынц?
Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, Ромы папӕтӕ Петры бӕсты разамонджытӕ кӕй хъуамӕ уой, кӕд дзы чидӕртӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ цӕры, уӕд дӕр. Дӕумӕ гӕсгӕ уый раст у? Йесо загъта: «Алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласыл та – ӕвзӕр дыргътӕ. Хорз бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ никуы ’рзайдзӕн, ӕвзӕр бӕласыл та – хорз дыргътӕ». Куыд хъуыды кӕныс, Петр кӕнӕ Чырыстийы фӕндыдаид, цӕмӕй, ӕвзӕр дыргътӕ чи хӕссы, уыдонимӕ йын иумӕйагӕй исты уыдаид? (Матфейы 7:17, 18, 21–23).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Йесо Чырысти Петримӕ куы ныхас кодта, уӕд Петры кой нӕ кодта, фӕлӕ йӕхи кой ӕмӕ йыл цы хӕс ис, уый кой (Матфейы 16:13–17). Фӕстӕдӕр Петр йӕхӕдӕг загъта, ӕмбырд арӕзт кӕуыл ӕрцыд, уыцы дур Йесо кӕй у (1 Петры 2:4–8). Апостол Павел дӕр дзырдта, чырыстон ӕмбырды «бындуры сӕйраг дур» Петр кӕй нӕу, фӕлӕ Йесо (Ефесӕгтӕм 2:20).
b Йесо дӕр ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр чырыстон ӕмбырд фӕдзӕхстой, кӕй фӕзындзӕн, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ (Матфейы 13:24–30, 36–43; 2 Тимофеймӕ 4:3; 2 Петры 2:1; 1 Иоанны 2:18). Уыцы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой дыккаг ӕнусы, аргъуан, ома чырыстон ӕмбырд, Библийы ахуырӕдтӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ грекъаг философиимӕ хӕццӕ кӕнын куы райдыдта, уӕд.
[Ныв 25 фарсыл]
Ромы папӕтӕ Петры фӕзмынц?