Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/12 12–14 фф.
  • Цымӕ Петр фыццаг папӕ уыд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цымӕ Петр фыццаг папӕ уыд?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «АЦЫ ДУРЫЛ ӔЗ САРАЗДЗЫНӔН МӔ АРГЪУАН»
  • «ДЫ – ПЕТР...»
  • ПАПӔ ПЕТРЫ БӔСТЫ У?
  • Ромы папӕ «сыгъдӕг Петры бӕсты у разамонӕг»?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/12 12–14 фф.
Апостол Петр ныхас кӕны Йесоимӕ

Цымӕ Петр фыццаг папӕ уыд?

«Кардинал Хорхе Марио Бергольо (иезуит) ӕвзӕрст ӕрцыд Сӕйраг понтификӕй, Петры бӕсты ӕвӕрд сауджынтӕй 265-ӕм» (ВАТИКАНЫ ОФИЦИАЛОН ИНФОРМАЦИОН СЛУЖБӔ, 2013 АЗЫ 13 МАРТЪИ).

«Ромы епископӕн йӕ бар цӕуы Ӕппӕтдунеон аргъуаныл, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд у Сыгъдӕг Петры бӕсты, уыцы бартӕ Хицау Йесо Чырысти кӕмӕн радта, уый бӕсты» (ВЕНСАН ЭРМОНИ. РОМЫ ЕПИСКОПЫ ПРИМАТ ФЫЦЦАГ ӔРТӔ ӔНУСЫ. 1903 АЗ).

«Афтӕ чи зӕгъа,.. ӕмӕ Ромы хистӕр сауджын сыгъдӕг Петры бӕсты ӕвӕрд нӕу ӕмӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр нӕу, уый ӕлгъыст фӕуӕд [ома нымад уыдзӕн аргъуаны знагыл]» (ВАТИКАНЫ ФЫЦЦАГ ӔМБЫРД, 1870 АЗЫ 18 ИЮЛЬ).

ӔППӔТ дунейы католиктӕн дӕр 1870 азы Ватиканы фыццаг ӕмбырды кӕй сфидар кодтой, уыцы догмат у аргъуаны закон, ома ӕнӕивгӕ рӕстдзинад. Фӕлӕ хъӕуы иу фарстайыл аныхас кӕнын: уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст у? Уымӕй уӕлдай ма, папӕ Франциск апостол Петры бӕсты ӕвӕрд сауджын у? Цымӕ Петр фыццаг папӕ уыди?

«АЦЫ ДУРЫЛ ӔЗ САРАЗДЗЫНӔН МӔ АРГЪУАН»

1870 азы Ватиканы ӕмбырды цы догмат рахастой, уымӕн йӕ бындур сӕйраджыдӕр сты Матфейы 16:16–19 ӕмӕ Иоанны 21:15–17 стихтӕ. Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр стихтӕй зыны, апостол Петрыл ахсджиаг хӕс кӕй уыди, чырыстон дин куы фӕзынд, уыцы рӕстӕг. Йесо ӕмӕ Петр фыццаг куы фембӕлдысты, уӕд ын Йесо загъта, тыхджын миниуджытӕ кӕй ӕвдисдзӕн ӕмӕ кӕй суыдзӕн къӕдзӕх, ома иннӕтӕн ныфсы хос уыдзӕн (Иоанны 1:42). Фӕлӕ цымӕ Чырысти Петры се ’ппӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта?

Матфейы 16:17, 18 стихты фыст ис, Йесо Петрӕн цы загъта, уый: «Ӕз дӕр зӕгъын дӕуӕн: Ды – Петр [нысан кӕны «дур; къӕдзӕхдур»], ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ Аргъуан»a. Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ «Аргъуан», кӕнӕ ӕмбырд, Петрыл, ӕнӕххӕст адӕймагыл, арӕзт уыдзӕн? Уыцы ныхас чи фехъуыста, уыцы апостолтӕ Йесойы ныхӕстӕ куыд бамбӕрстой? Евангелитӕй куыд зыны, афтӕмӕй фӕстӕдӕр уыдон быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Матфейы 20:20–27; Марчы 9:33–35; Лукайы 22:24–26). Йесо Петры се ’ппӕтӕй уӕлдӕр куы сӕвӕрдтаид, уӕд цымӕ апостолтӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл быцӕу кодтаиккой?

Петр йӕхӕдӕг та Йесойы ныхӕстӕ куыд бамбӕрста? Петр уыди дзуттаг ӕмӕ хорз зыдта, Дзуттаг Фыстыты «дур» ӕмӕ «фисыны дур»-ы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыди, уыдон (Исай 8:13, 14; 28:16; Захари 3:9). Петр йе ’муырнджытӕм куы фыста, уӕд сын уыцы пехуымпарӕдтӕй иу ӕрхаста ӕмӕ сын бамбарын кодта, цы «фисыны дуры» кой дзы ис, уый кӕй у Хицау Йесо Чырысти, Мессийӕ. Петр спайда кодта грекъаг дзырд петра-йӕ (уыцы дзырд ӕмбӕлы Матфейы 16:18 стихы фыст Йесойы ныхӕсты дӕр) ӕмӕ хауы ӕрмӕстдӕр Чырыстимӕ (1 Петры 2:4–8).

Цы зӕгъӕн ис апостол Павелӕй та? Цымӕ уыцы иузӕрдион чырыстон дӕр афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесо Петры се ’ппӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта? Павел уыдта, Петрӕн фыццаг чырыстӕтты ӕмбырды цы кад уыди, уый ӕмӕ йӕ схуыдта «цӕджындз». Фӕлӕ ма уыцы стихы Павел цӕджындзтӕ схуыдта ӕндӕр чырыстӕтты дӕр. Уый фыста: «Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн, цӕджындзтыл кӕй нымадтой, мӕн ӕмӕ Варнавӕмӕ радтой иудзинады къух» (Галатӕгтӕм 2:9). Уымӕй уӕлдай, Йесо Петры чырыстон ӕмбырды хистӕрӕй куы сӕвӕрдтаид, уӕд дзы цымӕ афтӕ зӕгъӕн уыдаид, «цӕджындзтыл кӕй нымадтой», зӕгъгӕ, ома йӕ цӕджындзыл ӕрмӕст нымайгӕ кодтаиккой?

Петр йӕхи раст кӕй нӕ дардта, уый кой кӕнгӕйӕ Павел загъта: «Ӕз мӕхӕдӕг йӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдтӕн, уымӕн ӕмӕ хаудта уайдзӕфмӕ [«уымӕн ӕмӕ йын йӕ миты тыххӕй хъуыди бауайдзӕф кӕнын», Библи – Ног дунейы тӕлмац]» (Галатӕгтӕм 2:11–14). Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Чырысти йӕ аргъуан, кӕнӕ ӕмбырд, сарӕзта Петрыл кӕнӕ ӕндӕр ӕнӕххӕст адӕймагыл. Уый уырныдта, ӕмбырд арӕзт кӕй уыди Йесо Чырыстийыл. Павелӕн фисыны дур уыд Йесо Чырысти (1 Коринфӕгтӕм 3:9–11; 10:4).

«ДЫ – ПЕТР...»

Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ: «Ды – Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ Аргъуан»? Цӕмӕй сын сӕ хъуыды бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕркӕсын контекстмӕ. Йесо ӕмӕ Петр цӕуыл ныхас кодтой? Гыццыл раздӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Сымах та кӕуыл нымайут Мӕн?» Петр ын уайтагъд дзуапп радта: «Ды – Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт». Йесо Петрӕй раппӕлыд ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта, йӕ «аргъуан», кӕнӕ ӕмбырд, кӕй сараздзӕн «дуртӕй» ӕппӕты фидардӕрыл – Петр уый хӕдразмӕ Хуыцауы Фырт кӕй схуыдта, ууыл – Йесойыл (Матфейы 16:15–18).

Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ: «Ды – Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ Аргъуан»?

Ацы ныхӕстимӕ разы сты «Аргъуаны разамонджытӕй» бирӕтӕ. Уыдон дзырдтой, Матфейы 16:18 стихы цы «дуры» кой ис, уый Чырысти кӕй у. Зӕгъӕм, 5 ӕнусы Августин фыста: «Хицау загъта: „Ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн мӕ Аргъуан“, уымӕн ӕмӕ Петр загъта: „Ды – Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт“. Уымӕ гӕсгӕ кӕуыл баууӕндыдтӕ, уыцы дурыл Ӕз сараздзынӕн мӕ Аргъуан». Августин иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта, «дур (петра) Чырысти кӕй у».

Католикон аргъуаны абоны ахуырӕдтӕм гӕсгӕ Августины ӕмӕ ма уыйау чи хъуыды кӕны, уыдоны банымадтаиккой аргъуаны знӕгтыл. Швейцариаг теолог Ульрих Луц куыд дзуры, афтӕмӕй ацы фарстайы фӕдыл абон теологтӕ иууылдӕр цы хъуыдыйыл хӕст сты, уый тыххӕй 1870 азы Ватиканы ӕмбырд се ’ппӕты дӕр ӕлгъыстаг фӕкодтаид.

ПАПӔ ПЕТРЫ БӔСТЫ У?

Апостол Петры йӕ удӕгасӕй «папӕ» никуы хуыдтой. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Ромы чи нӕ царди, уыцы епископтӕй бирӕтӕ суанг 9 ӕнусы онг сӕхи хуыдтой уыцы номӕй. Фӕлӕ 11 ӕнусӕн йӕ дыккаг ӕмбисы онг уыцы номӕй арӕх нал пайда кодтой. Уымӕй уӕлдай, фыццаг чырыстӕттӕй афтӕ ничи хъуыды кодта, ӕмӕ Петрӕн цы бартӕ лӕвӕрд уыд, уыдон йӕ фӕстӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр лӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты. Немыцаг историк ӕмӕ теолог Мартин Хенгелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «фӕстӕдӕр папӕйы примат кӕй схуыдтой (ома папӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй уыди), уымӕн нӕдӕр историон бындур уыди, нӕдӕр – теологон».

Уӕдӕ фыццаг папӕ Петр уыди? Йӕ бӕсты ӕндӕр исчи ӕвӕрд ӕрцыд? Цымӕ Сыгъдӕг Фыстады исты фыст ис, папӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый фӕдыл? Ацы фарстатӕн ис ӕрмӕстдӕр иу раст дзуапп – «нӕ». Библийы комкоммӕ ис фыст, Йесо йӕ аргъуан, йӕ ӕцӕг ӕмбырд, кӕй сарӕзта йӕхиуыл (Ефесӕгтӕм 2:20). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Уыцы ӕцӕг ӕмбырд ссардтон?»

a Ацы статьяйы Библийы стихтӕ ист сты «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ӕй, 1994 аз.

Ватиканы фыццаг ӕмбырд (1869–1870)

Папӕ се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уыцы доктринӕ куыд ӕрфидар

  • Н. э. 32 аз Йесо загъта, йӕ аргъуан, кӕнӕ йе ’мбырд, кӕй сараздзӕн йӕхиуыл; апостол Петры се ’ппӕтӕй уӕлдӕр нӕ сӕвӕрдта

  • 55–64 азтӕ Апостолтӕ Павел ӕмӕ Петр цы фыстӕджытӕ ныффыстой, уыдонӕй цалдӕры ӕмбарын кӕнынц, чырыстон ӕмбырдӕн йӕ иунӕг бындур Йесо кӕй у

  • 254–257 азтӕ Стефан, Ромы епископ, йӕхи хоны иннӕ епископтӕй уӕлдӕр, уымӕн ӕмӕ, дам, Петры бӕсты ӕвӕрд дӕн; фӕлӕ иннӕ епископтӕ, зӕгъӕм, Кесариаг Фирмилиан ӕмӕ Карфагенаг Киприан Стефанимӕ разы не сты

  • 296–304 азтӕ Ромы епископы «папӕ» кӕм хонынц, уыцы гӕххӕттытӕй ӕппӕты рагондӕр

  • 5 ӕнус Ромы епископ Лев Фыццаг ӕрхаста Матфейы 16:18 стих, цӕмӕй мачиуал дызӕрдыг кодтаид, иннӕ епископтӕй уӕлдӕр кӕй у, ууыл

  • 6 ӕнус Ромы епископты «папӕ»-тӕ арӕхдӕр хонын райдыдтой; фӕлӕ суанг 9 ӕнусмӕ ӕрмӕст Ромы епископтӕ нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи хуыдтой «папӕ»-тӕ

  • 1075 аз Григорий Ӕвдӕм фехъусын кодта, «папӕ» хонӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр Ромы епископы; иу историк куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Папӕйы диктатмӕ» (Dictatus Papae) гӕсгӕ папӕтӕ, «зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырыстийы баивтой»

  • 1870 аз Ватиканы фыццаг ӕмбырд фехъусын кодта, зӕгъгӕ, «Ромы пантифик ӕвӕрд у Сыгъдӕг Петры бӕсты, у апостолты Кънйаз, Чырыстийы Викари ӕмӕ Ӕппӕтдунеон Аргъуаны Сӕр»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын