Ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн!
ИСЧИ дын куы зӕгъид, тагъд ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕ, цымӕ, бауырнид? Чи зоны зӕгъис: «Ау, уый та куыд? Уыдон ныхӕстӕ сты!» Кӕнӕ та ахъуыды кӕнис: «Ай кӕмӕй хынджылӕг кӕны?»
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн кӕрон никуы уыдзӕн, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, уавӕр кӕй фӕивдзӕн. Фӕлӕ адӕмы фӕрцы нӕ фӕивдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрдзы алцыдӕр куыд арӕзт у, уый адӕмӕн сӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу, стӕй сӕ бар нӕ цӕуы, ӕрдзы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоныл. Рагон Израилы паддзах Соломон зындгонд уыд йе стыр зондӕй ӕмӕ, алцӕуылдӕр бӕстон кӕй хъуыды кодта, уымӕй. Соломон ныффыста: «Адӕймагӕн йӕ бон нӕу, хуры бын цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон раиртасын. Куыдфӕнды ма архайа, уӕддӕр сӕ нӕ раиртасдзӕн. Ӕмӕ исчи афтӕ куы зӕгъа, уыдӕттӕ бамбарынӕн мӕм фаг зонд ис, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн раиртасын» (Екклесиаст 8:17).
Уӕдӕ кӕд ӕрдзон бӕллӕхтыл адӕймаджы бар нӕ цӕуы, уӕд сыл кӕй бар цӕуы? Библи зӕгъы, уавӕр фӕивын йӕ бон кӕй у ӕрмӕстдӕр не Сфӕлдисӕгӕн. Уый ӕрфидар кодта ӕрдзы закъӕттӕ, зӕгъӕм, доны зилдухы закъон (Екклесиаст 1:7). Ӕмӕ, адӕмӕй уӕлдай, Хуыцауы тыхӕн кӕрон нӕй. Пехуымпар Йереми уый тыххӕй загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ды де стыр хъаруйы фӕрцы ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы фӕрцы скодтай арв ӕмӕ зӕхх. Ӕппӕт уыдӕтты дӕуӕн зынӕй ницы ис» (Йереми 32:17). Уӕдӕ кӕд зӕхх дӕр Хуыцау сфӕлдыста, стӕй ӕрдзы закъӕттӕ дӕр уый ӕрфидар кодта, уӕд ӕй зонгӕ дӕр кӕны, цы саразын хъӕуы, цӕмӕй йыл адӕм фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрой (Псалом 37:11; 115:16).
Ӕмӕ, цымӕ, Хуыцау уавӕр куыд фӕивдзӕн? Ӕвӕццӕгӕн хъуыды кӕныс, ацы журналы дыккаг статьяйы фыст кӕй уыд, абон зӕххыл цы ӕвирхъау бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг кӕй у, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ». Чырысти загъта: «Куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матфейы 24:3; Лукайы 21:31). Хуыцауы Паддзахад, ома Хуыцау уӕлӕрвты цы хицауад ӕрӕвӕрдта, уый, стыр ивддзинӕдтӕ скӕндзӕн зӕххыл ӕмӕ йӕ бар цӕудзӕн суанг ӕрдзон тыхтыл дӕр. Кӕд уый Йегъовӕйӕн йӕхи бон дӕр у, уӕддӕр уый бахӕс кодта йӕ Фыртӕн. Уый фӕдыл пехуымпар Данел загъта: «Лӕвӕрд [ын] ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной» (Данел 7:14).
Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты ӕппӕт бартӕ дӕр, цӕмӕй зӕххӕй сараза, адӕм цинӕфсӕстӕй кӕм цӕрдзысты, ахӕм бынат. Йесо дыууӕ мин азы размӕ зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, йӕ бар ӕрдзон тыхтыл кӕй цӕуы, уый. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Галилейӕйы денджызы бӕлӕгъыл куы фӕцӕйцыд, уӕд «сыстад тыхдымгӕ, уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын байдыдта». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыртӕссӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой ӕмӕ Чырыстийӕн загътой, цӕмӕй исты сарӕзтаид. Ӕмӕ цы сарӕзта? «Дымгӕйӕн бауайдзӕф кодта, стӕй денджызӕн дӕр загъта: «„Банцай! Ныссабыр у!“» Дымгӕ банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр». Йӕ ахуыргӕнинӕгты дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ загътой: «Ай чи у, дымгӕ дӕр ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ куы кӕсынц?» (Марчы 4:37–41).
Абон Чырысти уӕлӕрвты ис ӕмӕ йын Хуыцау радта стыр бартӕ ӕмӕ тых. Хуыцауы Паддзахады сӕргъы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕс у, стӕй йӕ бон дӕр у зӕххыл уавӕртӕ афтӕ фӕивын, цӕмӕй йыл адӕм фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрой.
Фӕлӕ, куыд уынӕм, афтӕмӕй бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц сӕрбӕрзонд, зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕмы аххосӕй, кӕнӕ та сӕ аххосӕй уавӕр фыддӕр фӕвӕййы. Цымӕ уыцы адӕмӕй йӕ зондахаст ивын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахад цы бакӕндзӕн? Библийы фыст ис, Чырысти кӕй «фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ пиллон арты ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй йӕ маст [кӕй] райсдзӕн». Йесо фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8; Раргомад 11:18).
Уый фӕстӕ «паддзӕхты Паддзахӕн», Йесо Чырыстийӕн, ӕрдзон тыхтыл йӕ бар ӕххӕстӕй цӕудзӕн (Раргомад 19:16). Чырысти батыхсдзӕн, цӕмӕй адӕмы ӕрдзон бӕллӕхтӕ макуыуал бахъыгдарой, стӕй сын боныхъӕд ӕмӕ, алы афӕдзы афон дӕр ӕрдзы цы хабӕрттӕ фӕцӕуы, уыдон зиан ма хӕссой, фӕлӕ пайда. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕ раджы заманты йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Уӕд уын ӕз къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ» (Левит 26:4). Адӕм сӕхицӕн араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ нӕ тӕрсдзысты, исты ӕрдзон бӕллӕххы аххосӕй сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа. Библийы фыст ис: «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (Исай 65:21).
Цы дӕ хъӕуы аразын?
Дӕу дӕр куыннӕ фӕнддзӕн, ӕвирхъау бӕллӕхтӕ кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм дунейы цӕрын. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы? Куыд базыдтам, афтӕмӕй, «Хуыцауы чи нӕ зоны» ӕмӕ «хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы», уыдон, бӕллӕхтӕ кӕм нӕ уыдзӕн, уыцы дунейы цӕрыны аккаг не сты. Уӕдӕ уыцы дунейы цӕрын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй базоной ӕмӕ сӕхи йӕ Паддзахады дӕлбар бакӕной. Уӕдӕ уый Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ хъусӕм.
Уый тыххӕй та хъӕуы Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Уым фыст ис, цы аразын хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрыны аккаг уӕм. Дӕ бон у зӕгъын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, Библийы цы фыст ис, уый бамбарынӕн. Уыдонӕн уый уыдзӕн тынг ӕхсызгон. Иу хъуыддаг ис фидарӕй зӕгъӕн: куы архайай, цӕмӕй Хуыцауы базонай ӕмӕ, йӕ Паддзахады тыххӕй цы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, уымӕ куы хъусай, уӕд Ӕмбисӕндты 1:33 стихы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты дӕуыл дӕр: «Мӕнмӕ чи хъусы, уый та цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».