Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 15/6 17–21 фф.
  • Йегъовӕ у иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ у иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ У ИУЗӔРДИОН ХУЫЦАУ
  • ЙЕГЪОВӔЙАУ ИУЗӔРДИОН У
  • ЙЕГЪОВӔ У ХАТЫРГӔНАГ ХУЫЦАУ
  • ЙЕГЪОВӔЙАУ ХАТЫРГӔНАГ У
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ МИНИУДЖЫТӔН ТЫНГӔЙ-ТЫНГДӔР АРГЪ КӔН
  • «Ӕрмӕстдӕр ды дӕ иузӕрдион»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Хуыцау «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг ничи у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 15/6 17–21 фф.

Йегъовӕ у иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау

«О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ, чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй» (ПС. 86:5).

КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

  • Нӕ бон куыд у, ӕмӕ Йегъовӕйау иузӕрдион уӕм?

  • Цӕмӕй Йегъовӕйау хатыргӕнаг уӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

  • Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ сӕ дӕ удыхъӕды фидар кӕнын?

1, 2. а) Иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг ӕмбӕлттӕн цӕмӕн фӕаргъ кӕнӕм? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ДӔУМӔ ГӔСГӔ, ӕцӕг ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа? Иу хо, Эшли, афтӕ зӕгъы: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕцӕг ӕмбал схонӕн ис, бахъуаджы сахат дӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууы ӕмӕ дын дӕ рӕдыдтытӕ чи хатыр кӕны, уый». Ӕцӕгдӕр, не ’ппӕт дӕр аргъ кӕнӕм иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг ӕмбӕлттӕн. Ахӕм ӕмбӕлтты фӕрцы адӕймаг вӕййы ныфсджын ӕмӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзоны, кӕй йӕ уарзынц (Ӕмб. 17:17).

2 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йегъовӕйы хуызӕн иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг ничи у, уый хуызӕн ӕмбал никуы ссардзыстӕм. Йегъовӕйы тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ, чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй» (Пс. 86:5). Ӕнувыд уарзтӕй уарзай ӕмӕ иузӕрдион уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Куыд ӕмбаргӕ у, хатыргӕнаг уай, уый? Ацы диссаджы миниуджытӕ Йегъовӕ куыд ӕвдисы? Ӕмӕ йӕ махӕн та нӕ бон куыд у бафӕзмын? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нӕ хуыздӕр ӕмбал Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Стӕй ма уый фӕрцы нӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕнгомдӕр уыдзыстӕм (1 Иоан. 4:7, 8).

ЙЕГЪОВӔ У ИУЗӔРДИОН ХУЫЦАУ

3. Иузӕрдиондзинад цы у?

3 Иузӕрдиондзинад у, искӕй куы уарзай ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уай, цыфӕндыйӕ дӕр ыл дӕ зӕрдӕ куы нӕ ивай ӕмӕ зын сахат дӕр йӕ фарсмӕ куы уай, уый. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у «иузӕрдион Хуыцау». Уый куыд иузӕрдион у, афтӕ ничи (Рарг. 16:5).

4, 5. а) Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый куыд ӕвдисы? ӕ) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд иузӕрдион у, ууыл хъуыды кӕнын стыр ныфсы хос цӕмӕн у?

4 Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый куыд ӕвдисы? Уый йе ’нувыд лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы. Уыцы лӕггадгӕнджытӕй иу, паддзах Давид, загъта, Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый тыххӕй. (Бакӕс 2 Самуилы 22:26.) Давид зын уавӕрты куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ иузӕрдионӕй ӕххуыс кодта – разамынд ын лӕвӕрдта, хъахъхъӕдта йӕ ӕмӕ йӕ ирвӕзын кодта (2 Сам. 22:1). Давид йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл иузӕрдион кӕй у, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, иузӕрдион кӕй у, уый ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдыста. Йегъовӕ Давидыл иузӕрдион цӕмӕн уыд? Уымӕн ӕмӕ йыл Давид йӕхӕдӕг дӕр уыд иузӕрдион. Йегъовӕ аргъ кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты иузӕрдиондзинадӕн, ӕмӕ сыл йӕхӕдӕг дӕр у иузӕрдион (Ӕмб. 2:6–8).

5 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд иузӕрдион у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый уыдзӕн стыр ныфсы хос. Иу ӕфсымӕр, Рид, афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ Давидӕн зын уавӕрты куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсын, уӕд мӕ уый ныфс бауадзы. Давид йе знӕгтӕй ӕмбӕхст ӕмӕ-иу арӕх лӕгӕтты дӕр цард, фӕлӕ йын Йегъовӕ уыцы рӕстӕг дӕр ӕххуыс кодта. Уый мӕ тынг фидар кӕны! Ӕз ӕй зонын, цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлон, мӕ уавӕр мӕм цыфӕнды ӕвзӕр ма кӕса, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл куы уон, уӕд». Ды дӕр куыннӕ сразы уыдзынӕ уыцы иузӕрдион ӕфсымӕры ныхӕстимӕ (Ром. 8:38, 39).

6. Йегъовӕ ма ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгты ӕвдисы, иузӕрдион кӕй у, уый? Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн цавӕр пайда хӕссы?

6 Йегъовӕ ма ноджыдӕр куыд ӕвдисы, иузӕрдион кӕй у, уый? Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты йӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ хизы, уымӕй. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр ӕз уыцы Хуыцау дӕн» (Ис. 46:4). Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон алы хатт дӕр вӕййынц йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уыдон та ивгӕ нӕ кӕнынц (Мал. 3:6). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы иузӕрдиондзинад бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕй дӕр (Ис. 55:11). Уӕдӕ, Йегъовӕ иузӕрдион кӕй у, уый стыр пайда у йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Цы хуызы? Йегъовӕйы закъӕттӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн, куыддӕриддӕр нын зӕрдӕ бавӕрдта, афтӕ (Ис. 48:17, 18).

ЙЕГЪОВӔЙАУ ИУЗӔРДИОН У

7. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйау иузӕрдион уӕм?

7 Цӕмӕй Йегъовӕйау иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын? Зӕгъӕм, нӕ бон у, тыхст уавӕры чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 3:27). Чи зоны, де ’мчырыстӕттӕй кӕмӕндӕр йӕ ныфс асаст, йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта кӕнӕ йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй йе та йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Кӕд ахӕм адӕймаджы зоныс, уӕд ӕй дӕ бон у бафидар кӕнын «хорз, ныфсы ныхӕстӕй» (Зах. 1:13)a. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕмбал кӕй дӕ, «ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» чи у, ахӕм (Ӕмб. 18:24).

8. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы иузӕрдиондзинад фӕзмын, зӕгъӕм, бинонты ’хсӕн?

8 Йегъовӕйау ма иузӕрдион уыдзыстӕм, кӕй уарзӕм, уыдоныл ӕнувыд куы уӕм, уӕд. Зӕгъӕм, мах зонӕм уый, ӕмӕ нын кӕд бинонтӕ ис, уӕд хъуамӕ нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уӕм (Ӕмб. 5:15–18). Уымӕ гӕсгӕ нӕхи ӕрмӕст хӕтындзинадӕй нӕ хизӕм, фӕлӕ, уымӕ цы хъуыддӕгтӕ ӕркӕнынц, уыдонӕй дӕр (Матф. 5:28). Не ’мчырыстӕттыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый та равдисдзыстӕм, сӕ фыдкой куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ куы нӕ дзурӕм, стӕй ахӕм цӕмӕдӕрты хъусгӕ дӕр куы нӕ кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 12:18).

9, 10. а) Уӕлдай тынгдӕр иузӕрдион кӕуыл стӕм? ӕ) Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

9 Ӕппӕты тынгдӕр та нӕ фӕнды, цӕмӕй иузӕрдион уӕм Йегъовӕйыл. Цы хъӕуы, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм? Хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, ома, уый цы уарзы, уый уарзӕм ӕмӕ уый йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынӕм, стӕй архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 97:10.) Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын нын цас хуыздӕр уайа, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын (Пс. 119:104).

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Хатт нӕ, чи зоны, бахъӕуа бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Зӕгъӕм, хойы фӕнды смой кӕнын, фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн нӕма ссардта, хорз цардӕмбал ын чи уыдзӕн, ахӕм ӕфсымӕры (1 Кор. 7:39). Чи зоны йын йе ’нӕуырнӕг ӕмкусджытӕ ӕдзухдӕр кӕйдӕрты фӕамонынц. Хо та, чи зоны, иунӕг кӕй у, уый тыххӕй ӕнкъард кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхицӕн фидарӕй загъта, дарддӕр дӕр кӕй архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уа. Ахӕм чырыстӕтты иузӕрдиондзинад фӕзминаг куыннӕ у! Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, зын уавӕрты дӕр ыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Дзут. 11:6).

«Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» (Ӕмб. 18:24). (кӕс 7 абзац)

«Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32). (кӕс 16 абзац)

ЙЕГЪОВӔ У ХАТЫРГӔНАГ ХУЫЦАУ

11. Хатыргӕнаг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у?

11 Йегъовӕйы рӕсугъддӕр миниуджытӕй сӕ иу у, хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый. Хатыргӕнаг уай, уый куыд ӕмбаргӕ у? Чи дӕ фӕхъыг кӕны, фӕлӕ стӕй зӕрдиагӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн куы хатыр кӕнай. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ, дӕ ныхмӕ цы саразынц, уый растыл банымайай кӕнӕ дӕхи афтӕ скӕнай, цыма ницы ӕрцыд. Чи ныххатыр кӕны, уый йӕ зӕрдӕйы маст нал фӕхӕссы. Библийы фыст ис, Йегъовӕ «цӕттӕ [кӕй у] хатыр кӕнынмӕ», зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн (Пс. 86:5).

12. а) Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Тӕригъӕдтӕй «ссыгъдӕг кӕнын» цы нысан кӕны?

12 Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Уый «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны», ома нын нӕ рӕдыд бынтондӕр ныххатыр кӕны ӕмӕ йӕ ферох кӕны (Ис. 55:7). Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны? Ӕркӕсӕм-ма, уый тыххӕй Хъуыддӕгты 3:19 цы фыст ис, уымӕ. (Бакӕс ӕй.) Апостол Петр йӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут». Тӕригъӕд чи саразы, уый зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд йӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъы, ахӕм тӕригъӕд кӕй нал ракӕндзӕн (2 Кор. 7:10, 11). Уымӕй уӕлдай ма «йӕ цард аивы» – йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй фӕархайы Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Петрмӕ чи хъуыста, уыдон зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кодтаиккой, уӕд сын уый цы пайда фӕуыдаид? Петр загъта, афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй «ссыгъдӕг уыдаиккой». Ацы дзырдбаст цы грекъаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «ссӕрфын» кӕнӕ «фыстытӕ сыхалын». Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма нын сӕ сӕрфгӕ ныккӕны кӕнӕ сӕ халгӕ скӕны. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны (Дзут. 10:22; 1 Иоан. 1:7).

13. Цӕуыл дзурӕг нын сты ацы ныхӕстӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?

13 Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ рӕдыд куы ныххатыр кӕны, уӕд ӕй кӕй ферох кӕны? Уый базонӕн ис, Йереми сӕрст чырыстӕтты тыххӕй цы пехуымпарад ныффыста, уымӕй. (Бакӕс Йеремийы 31:34.) Йегъовӕ загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн». Уӕдӕ нын Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ нӕ цӕстмӕ нал фӕдары ӕмӕ нӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нал бафхӕры – ферох сӕ кӕны (Ром. 4:7, 8).

14. Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый удӕнцойы хос куыд уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый уыдзӕн удӕнцойы хос. Иу хабармӕ ӕркӕсӕм. Бирӕ азты размӕ иу хойы, схонӕм ӕй Еленӕ, ӕмбырдӕй ацух кодтой. Цалдӕр азы фӕстӕ та ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Уыцы хо зӕгъы: «Кӕд афтӕ дзырдтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кодта, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕнын, уӕддӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ иннӕтимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕ мӕнӕй дард у». Фӕлӕ, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй Библийы цы абарстытӕ ис, уыдоныл ахъуыды кодта, ӕмӕ дзы уый ныфс бауагъта. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Йегъовӕ куыд фӕлмӕн у ӕмӕ мӕ куыд уарзы, уый мӕм уӕдӕй тынгдӕр никуы бахъардта». Йӕ зӕрдӕ йын уӕлдай тынг бацагайдта, нӕ чингуытӕй иуы цы хъуыды бакаст, уый: «Иугӕр [нын] Иегъовӕ ныххатыр кодта, уӕд нӕм афтӕ хъуамӕ мауал кӕса, ӕмӕ уыцы тӕригъӕды фӕд, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ бӕрӕг дардзӕн»b. Еленӕ загъта: «Бамбӕрстон ӕй, раздӕр мӕ кӕй нӕ уырныдта, Йегъовӕ мын кӕронмӕ ныххатыр кодта, уый. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мыл уыцы уаргъ цӕрӕнбонты уӕз кӕндзӕн. Зонын ӕй, рӕстӕг мӕ кӕй бахъӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕмбарын райдыдтон, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уон. Ӕмӕ ме ’ккойӕ уыцы уӕззау уаргъ ахауд». Ӕвӕдза, куыд уарзӕгой ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм! (Пс. 103:9).

ЙЕГЪОВӔЙАУ ХАТЫРГӔНАГ У

15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау хатыргӕнаг уӕм?

15 Цӕмӕй Йегъовӕйау хатыргӕнаг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. (Бакӕс Лукайы 17:3, 4.) Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ферох кӕны, ома нын сӕ нӕ цӕстмӕ нал фӕдары. Уӕдӕ мах дӕр искӕмӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд-иу ын хъуамӕ йӕ рӕдыд ферох кӕнӕм ӕмӕ-иу ӕй уыцы адӕймагӕн йӕ цӕстмӕ макуыуал бадарӕм.

16. а) Хатыргӕнаг кӕй стӕм, уый цӕуыл дзурӕг у? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Цӕмӕй нын Хуыцау хатыр кӕна, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

16 Хатыргӕнаг кӕй стӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, нӕ ныхмӕ цы саразынц, уый растыл банымайӕм кӕнӕ иннӕтӕн уый бар дӕттӕм, ӕмӕ нӕ ӕфхӕрой. Сӕйраджыдӕр уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст нал фӕхӕссӕм. Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ мах дӕр уыйау иннӕтӕн хатыр кӕнӕм (Матф. 6:14, 15). Йегъовӕ хорз ӕмбары, «сыджыт кӕй стӕм», уый (Пс. 103:14). Уӕдӕ хъуамӕ мах дӕр ӕмбарӕм, иннӕтӕ дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст кӕй сты, ӕмӕ-иу нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд-иу сын хъуамӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕм (Еф. 4:32; Кол. 3:13).

Чи дӕ фӕхъыг кӕны, уыдоны тыххӕй-иу сыгъдӕгзӕрдӕйӕ скув (кӕс 17 абзац)

17. Не ’мчырыстӕттӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ныххатыр кӕнӕм?

17 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ хатыр кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фыццаг ӕнусы суанг сӕрст чырыстӕттӕй дӕр кӕмӕндӕрты зын уыд кӕрӕдзиимӕ бафидауын (Фил. 4:2). Не ’мчырыстӕттӕй нын исчи нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ныххатыр кӕнӕм? Ӕркӕсӕм Иовы хабармӕ. Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар нымад уыдысты йе ’мбӕлттыл. Фӕлӕ йӕ уыдон ӕнаххосӕй аххосджын кодтой ӕмӕ йын уымӕй йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой (Иов 10:1; 19:2). Фӕстагмӕ сын Йегъовӕ бауайдзӕф кодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй Иовмӕ бацыдаиккой ӕмӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхастаиккой (Иов 42:7–9). Фӕлӕ ма Хуыцау Иовӕн йӕхицӕн дӕр цыдӕр саразын кодта. Цымӕ цы? Загъта йын, цӕмӕй йе ’фхӕрджыты тыххӕй скуывтаид. Иов бакодта, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ ӕмӕ, ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй разынд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта. (Бакӕс Иов 42:10, 12, 16, 17.) Ацы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн? Чи нӕ фӕхъыг кодта, уый тыххӕй Хуыцаумӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы скувӕм, уӕд ӕм нӕ зӕрдӕйы маст нал хӕсдзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ МИНИУДЖЫТӔН ТЫНГӔЙ-ТЫНГДӔР АРГЪ КӔН

18, 19. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм?

18 Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонын нын ӕхсызгон куыннӕ уыд. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у байхъусынмӕ, хъулон никӕй кӕны, у рӕдау, ӕмбаргӕ, иузӕрдион ӕмӕ хатыргӕнаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы миниуджытыл ацы статьяты ӕрмӕстдӕр цыбыртӕй аныхас кодтам. Фӕлӕ нын ӕнусты дӕргъы уыдзӕн фадат, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй ноджы фылдӕр базонӕм (Еккл. 3:11). Мах разы стӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ!» Ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн ис Хуыцауы иннӕ миниуджыты тыххӕй дӕр, зӕгъӕм, уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ, ацы статьяты цы ӕхсӕз миниуӕгыл аныхас кодтам, уыдоны тыххӕй (Ром. 11:33).

19 Цӕй ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕн. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, уыцы миниуджыты тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, куы сыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд (Еф. 5:1). Афтӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау дзурдзыстӕм: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Пс. 73:28).

a Хорз уынаффӕтӕ ссардзынӕ «Сторожевая башня»-йы 1995 азы 15 январы номыры, статьяйы «Ободрял ли ты кого-нибудь в последнее время?» ӕмӕ 1995 азы 1 апрелы номыры, статьяйы «Поощрять к любви и добрым делам — как?».

b Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 26 сӕр, 10 абзац.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын