Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут, цалынмӕ фыдбонтӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ
«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы» (ЕККЛ. 12:1).
1, 2. а) Хуыцау Соломоны уылты ӕрыгӕттӕн цы бафӕдзӕхста? ӕ) Соломоны ныхӕстӕ, 50 азы ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы чырыстӕттӕм дӕр цӕмӕн ис ахӕссӕн?
ХУЫЦАУ паддзах Соломоны сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕрыгӕттӕн бафӕдзӕхстаид: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты, цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ». Цымӕ уыцы «фыдбонтӕ» цӕмӕ амонынц? Ацы ран Соломон фӕсномыгӕй дзургӕйӕ бамбарын кодта, адӕймагыл йӕ зӕронды бонты цы ’рцӕуы, уый: йӕ къухтӕ зыр-зыр кӕнын райдайынц, йӕ къӕхтӕ йӕ коммӕ нал фӕкӕсынц, йӕ дӕндӕгтӕ рахауынц, йӕ цӕстырухс бамынӕг вӕййы, хъусӕй хорз нал фӕхъусы, йӕ сӕр сурс вӕййы, стӕй ныггуыбыр вӕййы. Уӕдӕ диссаг нӕу, Соломон нӕ кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы нӕ зӕрдыл дарӕм, цалынмӕ ӕрыгӕттӕ стӕм, уӕдмӕ! (Бакӕс Екклесиаст 12:1–5.)
2 Чырыстӕттӕй 50 азы ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕм нырма фаг хъарутӕ ис. Кӕд сӕ сӕрыл халас абадт, уӕддӕр, Соломон цытӕ ранымадта, уыдӕттӕ иууылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕма бавзӕрстой. Цымӕ Соломон ӕрыгӕттӕн цы бафӕдзӕхста, «дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы», зӕгъгӕ, уый, азтӕ кӕуыл рацыд, уыцы чырыстӕттӕм дӕр ис ахӕссӕн? Уыцы фӕдзӕхст цӕуыл дзурӕг у?
3. Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы нӕ зӕрдыл дарӕм, уый цӕуыл дзурӕг у?
3 Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азтӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хорз уаид, рӕстӕг-иу куы ссариккам ӕмӕ-иу не Сфӕлдисӕджы стыр хъуыддӕгтыл куы ахъуыды кӕниккам. Зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон нӕ дисы куыннӕ ӕфтауынц! Ӕрдзы алцыдӕр афтӕ вазыгджын конд у, ӕмӕ сыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы. Йегъовӕ уыйбӕрц алыхуызон диссӕгтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нын ис бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй цардыл цин кӕнӕм. Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ уарзондзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ тыхӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм (Пс. 143:5). Фӕлӕ, не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы нӕ зӕрдыл дарӕм, уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ нӕ цы домы, уый дӕр кӕй дарӕм нӕ зӕрдыл. Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнды, цӕмӕй не Сфӕлдисӕгӕн ӕппӕт хъарутӕй ӕмӕ нӕ царды ӕппӕт бонты дӕр лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕвдисӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, уый (Еккл. 12:13).
ДИССАДЖЫ ФАДӔТТӔ, ХИСТӔР КАРЫ ЧИ ИС, УЫДОНӔН
4. Хистӕр кары чи ис, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?
4 Кӕд дыл азтӕ рацыд ӕмӕ царды бирӕ федтай, уӕд ахъуыды кӕн: «Цы тыхтӕ ӕмӕ ма мӕм цы хъарутӕ ис, уыдонӕй мӕ бон хуыздӕр куыд у спайда кӕнын?» Дӕуӕн, фӕлтӕрдджын чырыстонӕн, цы фадӕттӕ ис, уыцы фадӕттӕ бирӕтӕн нӕй. Зӕгъӕм, дӕ бон у ӕрыгӕттӕн амонын, Йегъовӕйы фӕрцы цӕуыл сахуыр дӕ, уыдӕттӕ. Дӕ бон ма у иннӕтӕн дзурын, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дыл цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фидар кӕнын. Паддзах Давид Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йын ахӕм фадӕттӕ фылдӕр уыдаид. Уый ныффыста: «О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ... Ӕмӕ куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз, цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн, дӕ хъомысы тыххӕй – ӕрцӕуинаг чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (Пс. 71:17, 18).
5. Хистӕр чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у, цы зонынц, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын?
5 Бирӕ азты дӕргъы цы базыдтай, уымӕй дӕ бон куыд у иннӕтӕн хай кӕнын? Зӕгъӕм, дӕ бон у, ӕмӕ-иу ӕрыгон чырыстӕтты дӕхимӕ фӕхонай, цӕмӕй семӕ аныхӕстӕ кӕнай ӕмӕ сӕ бафидар кӕнай. Дӕ бон ма у семӕ хъусын кӕнын дӕр, цӕмӕй-иу феной, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын цы циндзинад хӕссы, уый. Раджы заманты Елиуй загъта: «Уадз ӕмӕ бонтӕ дзурӕнт ӕмӕ азтӕ раргом кӕнӕнт зонд» (Иов 32:7). Апостол Павел фӕлтӕрдджын чырыстон сылгоймӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕты ныхасӕй фидар кодтаиккой ӕмӕ сын хъуыддагӕй дӕр фӕзминаг уыдаиккой. Павел ныффыста: «Ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ... иннӕты ахуыр кӕной, хорз цы у, ууыл» (Тит. 2:3).
ДӔ БОН КУЫД У ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?
6. Хистӕр кары чи ис, уыцы чырыстӕттӕн стыр аргъ цӕмӕн ис?
6 Кӕд фӕлтӕрдджын чырыстон дӕ, уӕд дӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Ахъуыды-ма кӕн, 30–40 азы размӕ цы зыдтай, уыимӕ абаргӕйӕ ныр цас фылдӕр зоныс. Зӕгъӕм, зоныс, Библийы уагӕвӕрдтӕй царды алыхуызон уавӕрты куыд пайда кӕнын хъӕуы. Стӕй, адӕмы зӕрдӕтӕ Библийы рӕстдзинадӕй куыд бацагайай, уый дӕр куыннӕ зондзынӕ. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд зоныс, рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн (Гал. 6:1). Ӕвӕццӕгӕн ма зоныс, ӕмбырды хъуыддӕгтӕн разамынд дӕттын куыд хъӕуы, уый дӕр. Стӕй, чи зоны, конгрессы алыхуызон хайӕдты дӕр ӕххуыс кодтай кӕнӕ Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаджы дӕр архайдтай. Чи зоны, зоныс, дохтыртимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, цӕмӕй-иу ӕнӕ тугӕй хос кӕныныл сразы уой. Фӕлӕ кӕд донаргъуыд нырма ӕрӕджы райстай, уӕддӕр дӕм ис царды фӕлтӕрддзинад. Зӕгъӕм, кӕд сывӕллӕттӕ схъомыл кодтай, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базыдтаис. Уӕдӕ, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн хистӕр кары чырыстӕттӕ кӕй ис, уый ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинад у. Уыдонӕн сӕ бон у ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты ахуыр кӕнын, хорз уынаффӕтӕ сын дӕттын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. (Бакӕс Иовы 12:12.)
7. Хистӕр чырыстӕттӕн ӕрыгӕтты сӕ бон цӕуыл у сахуыр кӕнын?
7 Цы фӕлтӕрддзинад дӕм ис, уый фӕрцы дӕ бон куыд у иннӕтӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, дӕ бон у ӕрыгӕттӕн равдисын, куыд ис адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн, стӕй дарддӕр йемӕ куыд хъӕуы ахуыр кӕнын, уый дӕр. Хотӕ, сымахӕн уӕ бон у ӕрыгон мадӕлтӕн бацамонын, гыццыл сывӕллӕттӕм кӕсгӕйӕ дӕр сӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕртӕ, сымахӕн та уӕ бон у ӕрыгон ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй раныхӕстӕ зӕрдиагдӕрӕй дзурой ӕмӕ хорз хабар арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕной. Стӕй ма дӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй искӕмӕ демӕ акӕнай, цӕмӕй-иу феной, куыд ис ахӕм чырыстӕтты бафидар кӕнӕн. Кӕд дӕм раздӕры хъарутӕ нал ис, уӕддӕр дын бирӕ фадӕттӕ ис ӕрыгӕтты ахуыр кӕнынӕн. Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Лӕппуты фидауц – сӕ тых, зӕрӕдты фидауц – сӕ урс сӕр» (Ӕмб. 20:29).
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ КӔМ НӔ ФАГ КӔНЫ, УЫМ ЛӔГГАД КӔНЫН
8. Апостол Павелыл азтӕ куы рацыд, уӕд цы сарӕзта?
8 Апостол Павелыл азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр Хуыцауӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кодта. Н. э. 61 азы йӕ Ромы ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕдмӕ дӕр бирӕ фӕхъусын кодта ӕмӕ йӕ балцыты бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Ӕмӕ йӕ бон уыди йӕхицӕн зӕгъын, зӕгъгӕ, цӕй, ныр ӕрбынӕттон уон ӕмӕ ам, Ромы, хъусын кӕнон (2 Кор. 11:23–27). Уыцы стыр горӕты цы ӕфсымӕртӕ цард, уыдонӕн уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхсызгон уыдаид. Фӕлӕ Павел уыдта, ӕндӕр бӕстӕты ноджы тынгдӕр кӕй хъуыди хъусынгӕнджыты ӕххуыс. Гъемӕ Тимофей ӕмӕ Титы йемӕ ракодта ӕмӕ та ногӕй балцы араст – фыццаг Ефесмӕ, стӕй Критмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ та, ӕвӕццӕгӕн, Македонимӕ (1 Тим. 1:3; Тит. 1:5). Испанимӕ бахӕццӕ ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, фӕлӕ йӕм ахӕм фӕнд дӕр уыди (Ром. 15:24, 28).
9. Петр, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм кӕд ацыд? (Кӕс нывмӕ 22 фарсыл.)
9 Апостол Петрыл, ӕвӕццӕгӕн, 50 азӕй фылдӕр цыди, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ куы ацыд, уӕд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Кӕд Йесойы карӕн уыд кӕнӕ уымӕй гыццыл хистӕр, уӕд ыл н. э. 49 азы, апостолтимӕ Иерусалимы куы фембӕлд, уыцы рӕстӕг, цыдаид 50 азы бӕрц (Хъуыд. 15:7). Ӕмӕ уыцы фембӕлдӕй иуцасдӕр куы рацыд, уӕд Петр Вавилонмӕ цӕрынмӕ ацыд. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн сарӕзта, ӕмӕ Вавилоны царди бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ йӕ фӕндыд хорз хабар уыдонӕн дӕр фехъусын кӕнын (Гал. 2:9). Н. э. 62 азмӕ ’ввахс, йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд дӕр уым цард (1 Пет. 5:13). Ӕндӕр бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыдаид. Фӕлӕ Петры фӕндыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ йыл азтӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй йӕхи уыцы циндзинадӕй ӕнӕхай нӕ фӕкодта.
10, 11. Роберт ӕмӕ йӕ бинойнагыл азтӕ куы рацыд, уӕд куыд бакодтой?
10 Абон дӕр, 50 азы ӕмӕ уымӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ бамбарынц, сӕ царды уавӕртӕ кӕй фӕивтой ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон кӕй у фылдӕр лӕггад кӕнын райдайын. Иуӕй-иутӕ сӕ цӕрынмӕ ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Афтӕ бакодтой Роберт ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр. 55 азы бӕрц сыл куы цыди, уӕд бамбӕрстой, Хуыцауы хъуыддаджы сын фылдӕр аразыны фадат кӕй фӕзынд. Роберт дзуры: «Нӕ лӕппу хицӕнӕй цӕрын райдыдта, нӕ ныййарджытӕ та ӕгас нал уыдысты, ӕмӕ нӕ кӕсын никӕмӕуал хъуыди. Нӕ ныййарджытӕ нын бынӕн иу гыццыл ӕхца ныууагътой. Гъемӕ алцыдӕр банымадтон ӕмӕ федтон, нӕ хӕдзар куы ауӕй кӕнӕм, уӕд нӕ бон кӕй бауыдзӕн, хӕдзары тыххӕй цы хӕс фыстам, уый бафидын ӕмӕ, цалынмӕ пенси исын нӕ райдайон, уӕдмӕ нӕхи фӕдарын. Мах фехъуыстам, Боливийы бирӕты Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрынӕн бирӕ ӕхца кӕй нӕ хъӕуы. Гъемӕ аскъуыддзаг кодтам уырдӕм цӕрынмӕ ацӕуын. Нӕ ног бынатыл уайтагъд нӕ сахуыр стӕм. Алцыдӕр дзы тынг хицӕн кодта, нӕхимӕ, Америкӕйы, куыд уыд, уымӕй. Фӕлӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта».
11 Роберт ма дарддӕр загъта: «Ныр нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр баст у ӕмбырды хъуыддӕгтимӕ. Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй чидӕртӕ донаргъуыд райстой. Кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй иу бинонтӕ цӕрынц мӕгуыр уавӕрты, сӕ хъӕуӕй горӕтмӕ, Паддзахады залмӕ, цӕуын хъӕуы 10 километрӕй фылдӕр. Фӕлӕ алы къуыри дӕр фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм, кӕд сын уый ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Сӕ уырнындзинад кӕй рӕзы, стӕй ма сӕ хистӕр фырт пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр кӕй райдыдта, уый махӕн стыр цины хос у!»
ӔХХУЫС, ӔНДӔР ӔВЗАГЫЛ ЧИ ДЗУРЫ, УЫДОНӔН
12, 13. Брайан, пенсийы куы рацыд, уӕд йӕ бинойнагимӕ цы сарӕзтой?
12 Ӕндӕр ӕвзӕгтыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уыдонӕн хистӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕвиттон стыр ӕххуыс уыдзӕн. Стӕй ахӕм территорийы хъусын кӕнын дӕр ӕхсызгон вӕййы. Зӕгъӕм, Великобританийӕ иу ӕфсымӕр, Брайан, зӕгъгӕ, ныффыста: «65 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд пенсийы рацыдтӕн. Уыцы рӕстӕг мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнагӕн дӕр нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ цыдӕр нал ради. Нӕ сывӕллӕттӕ немӕ нал цардысты, стӕй-иу уацамынды дӕр, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмыл искуы иу хатт йеддӕмӕ нӕ сӕмбӕлдыстӕм. Фӕлӕ иу бон сӕмбӕлдтӕн, бынӕттон университеты цавӕрдӕр иртасӕн куыст чи кодта, иу ахӕм ӕрыгон китайаг нӕлгоймагыл. Ӕмбырдмӕ йӕ куы фӕхуыдтон, уӕд сразы, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдтон. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ йемӕ ӕрбакодта йе ’мкусджытӕй ноджыдӕр иу китайаг лӕппуйы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ ӕрбакодта ӕртыккаджы дӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ та – цыппӕрӕмы.
13 Уыцы китайаг иртасджытӕй ма ноджыдӕр иуы, фӕндзӕмы, куы бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын, уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын мыл кӕд 65 азы цӕуы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй дӕр хъуамӕ пенсийы ацӕуон. Ӕмӕ мӕ бинойнаджы, уый та мӕнӕй дыууӕ азы кӕстӕр у, бафарстон, зӕгъын дӕ китайаг ӕвзаг сахуыр кӕнын нӕ фӕнды. Гъемӕ аудиокассетӕтыл фыст урокты руаджы китайаг ӕвзаг ахуыр кӕнын райдыдтам. Уый уыд дӕс азы размӕ. Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хъусын кӕнын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм афтӕ кӕсы, цыма та ӕрыгӕттӕ стӕм. Абоны онг Библи ахуыр кодтам 112 китайагимӕ! Ӕмӕ-иу сӕ фылдӕр ӕмбырдтӕм ӕрбацыдысты. Сӕ иу та ныр лӕггад кӕны пионерӕй».
Кӕд дыл азтӕ рацыд, уӕддӕр, чи зоны, дӕ бон у фылдӕр лӕггад кӕнын райдайын (кӕс 12, 13 абзацтӕ)
ДӔ БОН ЦЫ У, УЫЙ АРАЗЫН ДЫН ЦИНЫ ХОС УӔД
14. Азтӕ кӕуыл рацыд, уыцы чырыстӕттӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой? Павелы цӕвиттон сын ныфсы хос цӕмӕн у?
14 Фӕндзай азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн фӕзыны ног фадӕттӕ, фӕлӕ алкӕмӕн нӕ. Кӕмӕндӕр дзы йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ у, кӕйдӕр та хъӕуы йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕнӕ йӕ сывӕллӕттӕм кӕсын. Фӕлӕ дӕ уавӕр цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дын дӕ лӕггадӕн стыр аргъ кӕны. Уӕдӕ, дӕ бон цы нӕу, ууыл катай кӕныны бӕсты, дӕ бон цы у, уый зӕрдиагӕй араз. Ахъуыды-ма кӕн апостол Павелы цӕвиттоныл. Цалдӕр азы хӕдзары ахст уыди ӕмӕ йын уацамындон балцыты цӕуыны фадат нал уыд. Фӕлӕ-иу ӕм хӕдзармӕ чифӕнды ма бацыдаид, уӕддӕр-иу семӕ Фыстадыл ныхас кодта ӕмӕ-иу сын сӕ уырнындзинад фидар кодта (Хъуыд. 28:16, 30, 31).
15. Кардзыд чырыстӕттӕ Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр тынг зынаргъ цӕмӕн сты?
15 Йегъовӕ стыр аргъ кӕны кардзыд чырыстӕтты лӕггадӕн дӕр. Соломоны ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ зӕронды бонтӕ куы ралӕууынц, уӕд йӕ бон бирӕ кӕй нал вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕ уыны, ацӕргӕ чырыстӕттӕ йӕ ном скадджын кӕныны тыххӕй цы аразынц, уый (Лук. 21:2–4). Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр тынг аргъ кӕнынц, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ацӕргӕ чырыстӕттӕн.
16. Ацӕргӕ Аннӕйӕн цавӕр хъуыддӕгтӕн нал уыди фадат, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы хъуыддаджы йӕ бон цы уыди аразын?
16 Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн йӕ зӕронды бонты дӕр иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ацӕргӕ идӕдз сылгоймаджы тыххӕй, Аннӕ, зӕгъгӕ. Йесо куы райгуырд, уӕд Аннӕйыл цыди 84 азы. Ӕвӕццӕгӕн, Аннӕ уыйбӕрц нал фӕцарди, цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг суыдаид, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаид ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид. Фӕлӕ Аннӕ арӕзта, йӕ бон цы уыд, уый, ӕмӕ йын уый уыди цины хос. «Аннӕ ӕдзух уыд кувӕндоны – ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн» (Лук. 2:36, 37). Сауджын-иу алы райсом ӕмӕ алы изӕр кувӕндоны буд куы сыгъта, уӕд-иу Аннӕ дӕр кӕрты иннӕ адӕмимӕ лӕууыд ӕмӕ-иу ӕрдӕг сахаты бӕрц йӕхинымӕр куывта. Гыццыл Йесойы йӕ ныййарджытӕ кувӕндонмӕ куы ’рбахастой ӕмӕ йӕ Аннӕ куы федта, уӕд, «Иерусалимы ирвӕзындзинадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр [райдыдта] дзурын сывӕллоны тыххӕй» (Лук. 2:38).
17. Нӕ бон куыд у ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы хъуыддаджы архайой?
17 Мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Ацӕргӕтӕй бирӕты тынг фӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты уой, фӕлӕ сӕ бон нӕу. Кӕцыдӕр ӕмбырдты батыхстысты, цӕмӕй-иу ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фембӕлдты программӕмӕ телефонӕй хъусой. Фӕлӕ ахӕм фадӕттӕ алкӕм нӕй. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, ӕмбырдтӕм цӕуыны фадат кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон у Хуыцауы хъуыддаджы архайын. Зӕгъӕм, сӕ бон у ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй кувын, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕной. (Бакӕс Псалом 92:13, 14.)
18, 19. а) Ацӕргӕ чырыстӕттӕ иннӕтӕн сӕ цӕвиттонӕй сӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауынц? ӕ) Ацы фӕдзӕхст, «дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы», зӕгъгӕ, кӕмӕ хауы?
18 Ацӕргӕ чырыстӕттӕ йӕ, чи зоны, ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, сӕ цӕвиттонӕй иннӕтӕн сӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауынц. Ахъуыды-ма кӕнӕм Аннӕйыл. Уый бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу ӕдзухдӕр уыди кувӕндоны. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, йӕ хабары тыххӕй ӕмӕ, Хуыцауы куыд уарзта, уый тыххӕй Библийы фыст кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ цӕвиттон бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр бирӕты кӕй фидар кӕндзӕн. Раст афтӕ, ды дӕр Хуыцауы кӕй уарзыс, уый, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты зӕрдӕты «фыст ӕрцыд» ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Хуыцауы Ныхас дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд» (Ӕмб. 16:31).
19 Махӕй никӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы алцыдӕр у йӕ бон. Фӕлӕ нӕм цалынмӕ тыхтӕ ӕмӕ хъарутӕ ис, уӕдмӕ хъуамӕ архайӕм ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы... цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ» (Еккл. 12:1).