Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/6 7–9 фф.
  • Царддӕттӕг дзулы ад базыдтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Царддӕттӕг дзулы ад базыдтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔДЗӔРӔГ БЫДЫРЫ КӔЙ ХОРДТОЙ, УЫЦЫ ДЗУЛ
  • ЦАРДДӔТТӔГ ДЗУЛ
  • «Ӕцӕг дзул уӕлӕрвтӕй»
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо – «царддӕттӕг дзул»
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо диссаджы хуызы адӕмы дзулӕй бафсӕста
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/6 7–9 фф.
Израилаг нӕлгоймаг йӕ сывӕллӕттимӕ дзул сӕтты

Царддӕттӕг дзулы ад базыдтай?

ТУРИСТТӔ рагон горӕт Вифлеемы историон бынӕттыл разил-базил кӕнгӕйӕ тынг сӕххормаг сты ӕмӕ сӕ бафӕндыд исты бынӕттон хӕринаг бахӕрын. Иу дзы ауыдта, фалафелтӕ кӕм кодтой, ахӕм ресторан. Фалафел аразынц хӕрзад тымбыл хъӕдурӕй пъамидортимӕ, хъӕдындзтимӕ ӕмӕ ӕндӕр халсартимӕ, хӕргӕ та йӕ кӕнынц лавашимӕ. Уыцы диссаджы хӕринаджы фӕстӕ сӕм ногӕй тыхтӕ фӕзынд, ӕмӕ сӕ балц адарддӕр кодтой.

Уыдон ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодтой, уыцы бон Вифлеемы цы федтой, лаваш дзы ӕппӕт уыдӕттӕй раздӕр кӕнын кӕй райдыдтой. Уым дзул фыцынц цалдӕр мин азы (Руф 1:22; 2:14). Лаваш абон дӕр тынг арӕх у Вифлеемы.

Иу-4 мин азы размӕ, Вифлеемӕй гыццыл хуссарырдӕм, Авраамы ус Саррӕ дзултӕ афыхта, ӕнӕнхъӕлӕджы сӕм цы ӕртӕ уазӕджы фӕзынд, уыдонӕн (Райдиан 18:6). Скодта сӕ «ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй». Ахӕм ссад кодтой мӕнӕуӕй кӕнӕ хъӕбӕрхорӕй. Саррӕйӕн бирӕ рӕстӕг нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уайтагъд хыссӕ акодта ӕмӕ йӕ тӕвд дуртыл афыхта (1 Паддзӕхты 19:6).

Ацы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Авраамы бинонтӕ дзул сӕхӕдӕг кодтой. Цатырты кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ Саррӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Саррӕйы райгуырӕн горӕт Уры цы пецтӕ уыд, ахӕм пецтӕ нӕ уыди. Саррӕ хорз ссад кодта, уыцы ран цы хор зади, уымӕй. Уый уыд тынг уӕззау куыст ӕмӕ йын хъуыдис хӕсгӕ ӕрмгуырой, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕхт ӕмӕ хойӕн дӕр.

Цыппар ӕнусы фӕстӕдӕр Моисейы закъоны фыст ӕрцыд, ӕрмгуырой цъынды исӕн кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд, «адӕймаг цӕмӕй цард, уый» (Дыккаг закъон 24:6, фиппаинаг). Хуыцауы цӕсты ӕрмгуырой ахсджиаг дзаума уыд, уымӕн ӕмӕ-иу ӕнӕ уымӕй бинонтӕн дзул нӕ уыдаид. (Кӕс рамкӕ «Раджы заманты хор куыд ссадтой ӕмӕ дзул куыд фыхтой».)

ӔДЗӔРӔГ БЫДЫРЫ КӔЙ ХОРДТОЙ, УЫЦЫ ДЗУЛ

Фыстады дзулы кой бирӕ рӕтты ис. Библи чи фыста, уыдон-иу хӕринаг дӕр арӕх хуыдтой дзул. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, сӕ бон кӕй у Хуыцаумӕ афтӕ кувын: «Ратт нын къӕбӕр абоны фаг» (Матфейы 6:11). Ам «къӕбӕр», ома дзул, амоны хӕринагмӕ. Уымӕй Чырысти равдыста, Хуыцау нӕ ӕнӕ хӕринагӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл дызӕрдыг кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Псалом 37:25).

Фӕлӕ уӕддӕр дзул, кӕнӕ хӕринаг, ӕппӕты сӕйрагдӕр нӕу. «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр»,– загъта Йесо (Матфейы 4:4). Ацы ныхӕстӕ амонынц, израилӕгтӕн сӕ цард, Хуыцау сын цы лӕвӕрдта, уымӕй кӕнгӕ куы уыд уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы рӕстӕг райдыдта, Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй гыццыл раздӕр. Иу мӕйы бӕрц рацыд, Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ куы бацыдысты, уӕдӕй, ӕмӕ сӕм хӕринаг бирӕ нал уыд. Уыцы хурсыгъд быдыры сӕ мӕлӕт кӕй ссардзысты, уымӕй тӕрсгӕйӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, Египеты дзул нӕ фаг хордтам, зӕгъгӕ (Рацыд 16:1–3).

Дызӕрдыггаг нӕу, Египеты тынг хӕрзад дзул кӕй кодтой. Моисейы заман Египеты дзулгӕнджытӕ фыхтой тынг бирӕ алыхуызон дзултӕ ӕмӕ адджын гуылтӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕнӕ дзулӕй ныууадзынмӕ нӕ хъавыд. «Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ уын уӕларвӕй дзул къӕвдайау ныккӕлдзӕн»,– зӕрдӕ сын бавӕрдта. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уӕларвӕй дзул фӕзынд райсомӕй раджы, «нӕмгуыты хуызӕн лыстӕг цыдӕр», уыди ӕртӕх кӕнӕ халасы хуызӕн. Израилӕгтӕ йӕ фыццаг хатт куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы фарстой: «Ай цы у?» «Уый у, Йегъовӕ уын кӕй радта, уыцы дзул»,– загъта сын Моисей. Израилӕгтӕ йӕ схуыдтой маннӕa ӕмӕ уыцы дзул хордтой 40 азы (Рацыд 16:4, 13–15, 31).

Израилӕгтӕ ӕмбырд кӕнынц маннӕ, дзул уӕларвӕй

Хуыцау израилӕгтӕн ахӕм диссаджы хуызы цы маннӕ радта, уый, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Кодта «мыдимӕ конд гуылты ад» ӕмӕ алкӕй фаг дӕр уыд (Рацыд 16:18). Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд мысын райдыдтой, Египеты цы алыхуызон хӕринӕгтӕ хордтой, уыдон ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой: «Ацы маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм» (Нымӕцтӕ 11:6). Фӕстӕдӕр та мӕстыйӕ дзырдтой: «Ацы ӕнад дзулӕй нӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны» (Нымӕцтӕ 21:5). Ӕппынфӕстаг сын «уӕларвон дзул» сӕнад ис ӕмӕ дзы сӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕнын райдыдта (Псалом 105:40).

ЦАРДДӔТТӔГ ДЗУЛ

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ ӕндӕр цӕуылдӕртау адӕймаг дзулыл дӕр уыйтагъд ацахуыр вӕййы ӕмӕ йын аргъ кӕнын нал фӕзоны. Фӕлӕ Библийы дзырд цӕуы бынтон ӕндӕрхуызон дзулыл, ӕмӕ уымӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Израилӕгтӕ цы маннӕйыл былысчъилтӕ кодтой, уый Чырысти абарста, адӕймаг ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй кӕй фӕрцы схайджын уыдзӕн, ахӕм дзулимӕ.

Иухатт Чырысти загъта: «Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ, фӕлӕ уӕддӕр амардысты. Ацы дзул та у ӕцӕг дзул, уӕларвӕй чи ’рцыд, ахӕм, ӕмӕ дзы чи хӕра, уый нӕ амӕлдзӕн. Ӕз дӕн, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы удӕгас дзул. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар» (Иоанны 6:48–51).

Йесомӕ чи хъуыста, уыдон нӕ бамбӕрстой, «дзул» ӕмӕ «буары» кой ахӕсгӕ хуызы кӕй кодта, уый. Фӕлӕ ацы абарст тынг хорз ӕвдисы, цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый. Дзулы фӕрцы дзуттӕгтӕ алы бон дӕр ӕфсӕст уыдысты, израилӕгтӕ 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйы фӕрцы куыд уыдысты ӕфсӕст, афтӕ. Кӕд маннӕ Хуыцауы лӕвар уыд, уӕддӕр сын ӕнусон цард нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ Чырыстийы нывонд ахӕм фадат дӕтты, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн. Уый у ӕцӕг «царддӕттӕг дзул».

Ӕххормаг куы вӕййыс уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзулы къӕбӕр ахӕрыс. Ӕмӕ, чи зоны, Хуыцауӕн дӕр бузныг фӕзӕгъыс, «цӕрынваг къӕбӕр» дын кӕй дӕтты, уый тыххӕй (Матфейы 6:11, «Ног Фӕдзӕхст», 2004). Ӕмӕ кӕд хӕрзад хӕринаджы тыххӕй бузныг стӕм, уӕд «цардӕттӕг дзулӕн», Йесо Чырыстийӕн, цас тынгдӕр хъуамӕ аргъ кӕнӕм!

Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕй уӕлдай, мах уыцы зынаргъ дзулӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у? «Кӕд мӕ уарзут, уӕд мын мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзыстут» (Иоанны 14:15). Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд хӕрзад дзул хӕрдзыстӕм ӕнустӕм (Дыккаг закъон 12:7).

a Дзырд «маннӕ», ӕвӕццӕгӕн, равзӕрд дзуттаг дзырдбастӕй «ман ху?» ӕмӕ нысан кӕны «ай цы у?»

Раджы заманты хор куыд ссадтой ӕмӕ дзул куыд фыхтой

Сылгоймаг ссад къухӕй ссы

Хор куыд ссадтой. Сылгоймӕгтӕ-иу хор ссадтой къухӕй. Уыцы куыст хауд сӕ алы боны хъуыддӕгтӕм (Ӕмбисӕндтӕ 31:15; Матфейы 24:41). Рагзаманты адӕм цы мӕнӕу тыдтой, уымӕн йӕ мыггаг бынтон хорз нӕ уыд, ӕмӕ йӕ нӕмгуытӕ зыгуымӕй зынтӕй хицӕн кодтой. Уымӕ гӕсгӕ йыл бирӕ фыдӕбон уыди – хъуыди-иу ӕй фӕхты ныххойын ӕмӕ ӕрмгуыройы ӕрыссын. Фыццаг-иу мӕнӕу хъуыди ныххуылыдз кӕнын, ныххойын ӕмӕ йӕ бахус кӕнын. Стӕй-иу ӕй цалынмӕ не ’рыссадтой, уӕдмӕ-иу ӕй балуӕрстой, ӕмӕ-иу ын йӕ нӕмгуытӕ зыгуымӕй фӕхицӕн кодтой.

Бинонты фаг ссад ӕрыссынӕн хъуыд цалдӕр сахаты, уымӕ гӕсгӕ-иу уынгты ӕдзух хъуысти «ӕрмгуыройы хъӕр» (Йереми 25:10). Фӕстӕдӕр фӕзынд куырӕйттӕ ӕмӕ, фос кӕй зылдтой, ахӕм стыр куыройы дуртӕ дӕр (Матфейы 18:6).

Сылгоймаг фых дзултӕ гыццыл пецӕй исы

Дзул куыд фыхтой. Дзул дӕр фыхтой алы бон. Сылгоймаг-иу ссадыл дон ныккодта, хыссӕ-иу скодта ӕмӕ-иу дзул сфыхта (Райдиан 18:6). Иуӕй-иутӕ-иу дзул фыхтой тӕвд дуртыл, иннӕтӕ та – гыццыл пецты (Левит 2:4; Исай 44:15). Хъӕздыг адӕмӕн, зӕгъӕм, фараонӕн, дзул фыхтой дзулгӕнджытӕ. Фӕстӕдӕр дзул ӕлхӕнын сӕ бон уыд хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр (Райдиан 40:17; 1 Самуилы 8:13; Исай 55:2). Йеремийы заман Иерусалимы уыд «дзулгӕнджыты уынг», Неемийы рӕстӕг та йын йӕ мӕсгуытӕй иу хуыдтой «Дзулфыцӕн пецты мӕсыг» (Йереми 37:21; Нееми 12:38).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын