«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»
«Дыккаг фӕдзӕхст... у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (МАТФ. 22:39).
1, 2. а) Йесо Чырысти Закъоны сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг кӕцы схуыдта? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
ИУХАТТ иу фарисей Йесо Чырыстийы бафарста: «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй йын Йесо загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст». Стӕй ма Йесо загъта: «Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матф. 22:34–39).
2 Йесо загъта, иннӕты кӕй хъуамӕ уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ. Фӕлӕ, кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы «иннӕтӕ» чи сты? Ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у хъуыддагӕй равдисын?
КӔЙ ХЪУАМӔ УАРЗӔМ, УЫЦЫ «ИННӔТӔ» ЧИ СТЫ?
3, 4. а) Кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы «иннӕтӕ» чи сты, уый Йесо цавӕр фӕсномыг ныхасӕй бамбарын кодта? ӕ) Абырджытӕ кӕй фӕнадтой ӕмӕ ӕрдӕгмардӕй кӕй ныууагътой, уыцы адӕймагӕн самариаг лӕг куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)
3 Йӕхи рӕстаг адӕймагыл чи нымадта, иу ахӕм нӕлгоймаг Йесойы бафарста: «Кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Уӕд ын Йесо радзырдта самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас. (Бакӕс Лукайы 10:29–37.) Иу израиладжы фӕндагыл абырджытӕ бастыгътой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Ахӕм уавӕры йӕ чи федта, уыцы сауджын ӕмӕ йын левит хъуамӕ фӕтӕригъӕд кодтаиккой ӕмӕ йын баххуыс кодтаиккой, фӕлӕ уыдон йӕ рӕзты ацыдысты, цыма никуы ӕмӕ ницы. Уыцы адӕймагӕн баххуыс кодта самариаг лӕг. Самариӕгтӕм та дзуттӕгтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, кӕд уыдон дӕр Моисейы закъонӕн аргъ кодтой, уӕддӕр (Иоан. 4:9).
4 Самариаг лӕг дзуттагӕн йӕ цӕфтыл сой ӕмӕ сӕн рауагъта ӕмӕ йын сӕ бабаста. Уый фӕстӕ йӕ баласта фысымуатмӕ, ӕмӕ йӕм цӕмӕй уыцы фысымуаты хицау йӕ хъус фӕдардтаид, уый тыххӕй йын бафыста дыууӕ динары (дыууӕ динары уыдысты дыууӕ боны мызд) (Матф. 20:2). Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, уыцы ӕртӕ адӕймагӕй иннӕты ӕцӕгӕй чи уарзта, уый. Йесойы фӕсномыг ныхас нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕты зын ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм.
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бахъуаджы сахат иннӕтӕн баххуыс кӕнынц (кӕс 5 абзац)
5. Нью-Йоркыл тыхдымгӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд равдыстой, иннӕты кӕй уарзынц, уый?
5 Ацы «фӕстаг бонты», иннӕты зын чи ӕмбары, ахӕм адӕм бирӕ нӕй. Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ «уарзондзинад нал ис, сты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарзынц» (2 Тим. 3:1–3). Ӕмӕ уый арӕх рабӕрӕг вӕййы, исты ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд. Зӕгъӕм, 2012 азы октябры Нью-Йоркыл тыхдымгӕ «Сэнди» куы рацыд, уӕд уӕлдай стыр зиан ӕрхаста горӕты иу хайӕн. Адӕмӕн сӕ хӕдзӕртты рухс нал уыд, уыди сӕм уазал ӕмӕ ма сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уыдӕттӕй дӕр цух уыдысты. Ӕмӕ сын цыма уый фаг нӕ уыд, уыйау ма сын къӕрныхтӕ сӕ исбон дӕр фӕхастой. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, иннӕты кӕй уарзынц, уый тыххӕй батыхстысты, цӕмӕй уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн дӕр баххуыс кодтаиккой. Цымӕ ма ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕй у нӕ бон равдисын, иннӕты кӕй уарзӕм, уый?
ИННӔТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ НӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН?
6. Библийы руаджы нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?
6 Адӕмӕн Библийы руаджы ӕххуыс кӕнӕм. Уацамынды мах адӕмы ныфс уадзӕм, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы» (Ром. 15:4). Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хорз хабар ис фыст, уый иннӕтӕн кӕй дзурӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (Матф. 24:14). Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, «ныфсдӕттӕг Хуыцауӕй» цы хорз хабар цӕуы, уый кӕй хъусын кӕнӕм! (Ром. 15:13).
7. Иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл Йесо цавӕр уынаффӕ радта? Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый хорзӕй цы ’рхӕсдзӕн?
7 Чырыстийы уынаффӕтӕй сӕйрагдӕр кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Йесо хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Алы хъуыддаджы дӕр [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр – уый мидӕг ис Закъон ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕн сӕ хъуыды» (Матф. 7:12). Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй феххӕст кӕнӕм, «Закъоны» ӕмӕ «пехуымпарты ныхӕсты» цы хъуыды ис, уый. Йесо цы «Закъоны» кой кодта, уый амоны, Райдианӕй Дыккаг закъонмӕ цы чингуытӕ ис, уыдонмӕ, «пехуымпарты ныхӕстӕ» та – Дзуттаг Фыстыты цы пехуымпарты чингуытӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы чингуыты цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕты уарзӕм. Зӕгъӕм, пехуымпар Исайы уылты Йегъовӕ загъта: «Рӕстӕй архайут ӕмӕ, раст цы у, уый аразут... Амондджын у уыцы адӕймаг, афтӕ чи кӕны» (Ис. 56:1, 2). Иннӕты куы уарзӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕй куы архайӕм, уӕд Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.
8. Не знӕгты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? Уый фӕрцы иуӕй-иу хатт хабар куыд рауайы?
8 Не знӕгты уарзӕм. Йесо загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Иннӕты уарз, фӕлӕ де знагӕй де сӕфт уын“. Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ» (Матф. 5:43–45). Апостол Павел дӕр уыцы хъуыддаджы кой кодта: «Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт» (Ром. 12:20; Ӕмб. 25:21). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг хъуамӕ йе знагӕн дӕр баххуыс кодтаид. Зӕгъӕм, йе знагӕн йӕ хӕрӕг йӕ уаргъы бын куы ӕрхаудаид, уӕд ын ӕй хъуамӕ иумӕ райстаиккой (Рац. 23:5). Кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыдон уыцы закъонмӕ гӕсгӕ куы архайдтаиккой, уӕд, чи зоны, хорз ӕмбӕлттӕ дӕр суыдаиккой. Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр се знӕгты, суанг сӕ ныхмӕ тынг карзӕй чи цӕуы, уыдоны дӕр, уарзынц. Уый фӕрцы уыцы адӕмӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ нӕм хуыздӕр цӕстӕй ракӕсынц. Ӕмӕ сӕ чидӕртӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайынц, уӕд нын уый цӕй стыр цины хос вӕййы!
9. Не ’мчырыстӕттимӕ-иу куыд хъуамӕ бафидауӕм, уый тыххӕй Йесо цы загъта?
9 «Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайӕм» (Дзут. 12:14). Кӕд алкӕимӕ дӕр хъуамӕ хӕларӕй цӕрӕм, уӕд не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ та – уӕлдайдӕр! Йесо загъта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матф. 5:23, 24). Не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм ӕмӕ йемӕ бафидауыныл ӕвӕстиатӕй куы бацархайӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Ӕмӕ нын уӕд Хуыцау ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.
10. Иннӕтӕм фаутӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хӕссӕм?
10 Иннӕтӕм фаутӕ ма хӕссӕм. «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн,– загъта Йесо,– уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр, ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр. Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс? Науӕд де ’фсымӕрӕн афтӕ куыд зӕгъыс: „Ӕри-ма, ӕз дын дӕ цӕстӕй хъӕмпыхал райсон“, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты хъӕд ис? Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ» (Матф. 7:1–5). Уымӕй хуыздӕр ма куыд уыд бамбарын кӕнӕн, иннӕтӕм фаутӕ кӕй хъуамӕ ма хӕссӕм – кӕд уыдон рӕдийынц, уӕд нӕхӕдӕг дӕр къаддӕр нӕ рӕдийӕм!
ИННӔТЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ РАВДИСЫНӔН ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР МАДЗАЛ
11, 12. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал цавӕр у?
11 Иннӕты кӕй уарзӕм, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн. Фӕлӕ Йесо куыд бацамыдта, афтӕмӕй уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у хорз хабар хъусын кӕнын (Лук. 8:1). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19, 20). Уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнгӕйӕ мах иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, сӕфтмӕ чи кӕны, уыцы уӕрӕх фӕндаг ныууадзой ӕмӕ, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл слӕууой (Матф. 7:13, 14). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны.
12 Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый бамбарынӕн (Матф. 5:3). Мах дӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ адӕмӕн «Хуыцауы хорз хабар» дзурӕм (Ром. 1:1). Уыцы хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уый Хуыцауимӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы бафидауы ӕмӕ йӕ хӕлар свӕййы (2 Кор. 5:18, 19). Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у, иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн.
13. Хорз хабар хъусын кӕныны фадат дын кӕй ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?
13 Адӕймагмӕ ногӕй бацӕуыны размӕ кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕныны размӕ нӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд ын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа. Кӕйдӕрты уый тыххӕй бахъӕуы сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивын (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн» Хуыцауы фӕрцы сӕ цард фӕивын куы бантысы ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы свӕййынц, уӕд нын уый цӕй стыр цины хос вӕййы! (Хъуыд. 13:48). Нӕхи цӕстӕй фенӕм, ныфссаст чи вӕййы, уымӕн йӕ зӕрдӕ цинӕй куыд байдзаг вӕййы, ӕмӕ, сагъӕсты бын чи вӕййы, уый йӕ зӕрдӕ нӕ уӕларвон Фыдыл дарын куыд райдайы. Уый нын куыд ӕхсызгон вӕййы! Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнай ӕмӕ афтӕмӕй, иннӕты кӕй уарзыс, уый ӕвдисай, уый стыр кад куыннӕ у!
УАРЗОНДЗИНАД ЦЫ У, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ
14. Цыбыртӕй радзур, 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8 уарзондзинады тыххӕй цы фыст ис, уый.
14 Апостол Павел ныффыста, ӕцӕг уарзондзинад цы у, уый тыххӕй. Ахӕм уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм, нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8.) Цӕй уӕдӕ цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, Павел уарзондзинады тыххӕй цы загъта, ууыл ӕмӕ фенӕм, иннӕты кӕй уарзӕм, уый ма ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕй ис равдисӕн.
15. а) Фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? ӕ) Хӕлӕг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕппӕлӕм?
15 «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ». Хуыцау ӕнӕххӕст адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр у фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Уӕдӕ-иу иннӕтӕ куы фӕрӕдийой ӕмӕ-иу нын исты ӕнӕрхъуыды кӕнӕ суанг схуыст ныхас дӕр куы зӕгъой, уӕд-иу мах дӕр хъуамӕ фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ разынӕм. «Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны», ӕмӕ уӕдӕ кӕд не ’мчырыстӕтты ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд сын сӕ мулкмӕ нӕ бӕлдзыстӕм, стӕй сын ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕр сӕм хӕлӕг нӕ кӕндзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, кӕд иннӕты уарзӕм, уӕд нӕхицӕй не ’ппӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзыстӕм. Мах зонӕм, Йегъовӕ «хъал цӕстытӕ ӕмӕ схъӕл зӕрдӕйӕ» йе сӕфт кӕй уыны (Ӕмб. 21:4).
16, 17. Нӕ бон куыд у 1 Коринфӕгтӕм 13:5, 6 стихты фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын?
16 Уарзондзинад, «чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны». Уӕдӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд нӕдӕр сайгӕ кӕндзыстӕм, нӕдӕр давгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр нӕ халдзыстӕм. Стӕй, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).
17 Ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, уый уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы», хыгъды сӕ куыд фыссай, уыйау (1 Фес. 5:15). Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд нӕ Хуыцау райгонд нӕ уыдзӕн. Стӕй ма нын тӕссаг уыдзӕн, нӕ маст куы нӕ бауромӕм ӕмӕ нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан куы ӕрхӕссӕм, уымӕй (Лев. 19:18). Уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд «цин кӕндзыстӕм рӕстдзинадыл». Ӕмӕ нӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, суанг ахӕм исчи дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы баййафа, уӕд дӕр, «раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕндзыстӕм». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:17, 18.)
18. Уарзондзинады тыххӕй 1 Коринфӕгтӕм 13:7, 8 стихтӕй цы ис базонӕн?
18 Павел ма ноджыдӕр загъта, уарзондзинад «алцӕмӕн дӕр быхсы», зӕгъгӕ. Уӕдӕ нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, фӕлӕ нӕ хатыр куы ракура, уӕд ын ныххатыр кӕндзыстӕм. Уарзондзинад «алцӕуыл дӕр ӕууӕнды». Ӕмӕ мах дӕр, Библийы цы кӕсӕм, ууыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нын Хуыцауы организаци нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕн аргъ кӕнӕм. Уарзондзинад «алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары». Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидар ныфс ис, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕй. Ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн дӕр уыцы ныфсы тыххӕй дзурӕм (1 Пет. 3:15). Зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд Хуыцаумӕ фӕкувӕм ӕмӕ нӕ ныфс фӕдарӕм, ӕппынфӕстаг алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн. Нӕ ныхмӕ исчи куы фӕрӕдийы кӕнӕ нӕ фӕдыл куы фӕзилынц йе та ӕндӕр фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд дӕр фидар фӕлӕууӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад «алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». Павел ма загъта, «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕмы ’хсӕн уарзондзинад уыдзӕн ӕнустӕм дӕр.
ИННӔТЫ УАРЗ, ДӔХИ КУЫД УАРЗЫС, АФТӔ
19, 20. Библийӕ нӕ цавӕр уынаффӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу хъуыддагӕй равдисӕм, иннӕты кӕй уарзӕм, уый?
19 Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд иннӕты уарздзыстӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ (Матф. 22:39). Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо растдӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Мах хъуамӕ уарзӕм адӕмы се ’ппӕты дӕр, нӕ адӕмыхаттӕй чи у, ӕрмӕст уыдоны нӕ, фӕлӕ. Кӕд нын иннӕты уарзын зын у, уӕд нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курын. Хуыцау нын ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдисӕм (Ром. 8:26, 27).
20 Иннӕты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы фӕдзӕхст тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хуыйны «паддзахы закъон» (Иак. 2:8). Павел Моисейы закъонӕй цалдӕр фӕдзӕхсты куы ранымадта, уӕд загъта: «Ацы фӕдзӕхстытӕн... стӕй иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ хъуыды ацы ныхӕсты ис: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Чи уарзы, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта» (Ром. 13:8–10). Уӕдӕ иннӕты уарзын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у.
21, 22. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?
21 Иннӕты цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо Чырысти йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй цы загъта, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Уый загъта: «[Хуыцау] йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:43–45). Адӕймаг рӕстгӕнӕг уа ӕви фыдгӕнӕг, уӕддӕр ӕй хъуамӕ уарзӕм. Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй равдисынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у хорз хабар хъусын кӕнын. Уыцы хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ!
22 Мах базыдтам, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый. Базыдтам ма, адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын, уый дӕр. Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр куы уарзӕм, уӕд ӕххӕст кӕндзыстӕм дыууӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхсты. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.