Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 134 статья
  • Адӕймаг йӕхи уарза, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаг йӕхи уарза, уый тыххӕй Библи цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Цы нысан кӕны хионы уарзын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Уарз, чи дӕ уарзы, уыцы Хуыцауы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Кӕй онг ӕххӕссы дӕ уарзондзинад?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 134 статья
Ӕрыгон нӕлгоймаг йӕхимӕ кӕсӕнмӕ кӕсы

Адӕймаг йӕхи уарза, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Библимӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ йӕхи уарза, ӕрмӕст хъуамӕ уыцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕса. Ахӕм уарзондзинад бӕрӕг вӕййы, адӕймаг йӕхимӕ кӕй фӕзилы ӕмӕ йӕхицӕн кӕй фӕаргъ кӕны, уымӕй (Матфейы 10:31). Библи афтӕ нӕ дзуры, цӕмӕй хиуарзон уӕм, фӕлӕ нын ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм.

Фыццаджыдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм?

  1. Ӕппӕты ахсджиагдӕр нын хъуамӕ уа Хуыцауы уарзын. Библийы фыст ис ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Марчы 12:28–30; Дыккаг закъон 6:5).

  2. Дыккаг сӕйраг фӕдзӕхст: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Марчы 12:31; Левит 19:18).

  3. Кӕд Библийы ахӕм фӕдзӕхст нӕй, дӕхи уарз, зӕгъгӕ, уӕддӕр ацы ныхӕстӕ, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ дӕхи уарзай ӕмӕ дӕхицӕн аргъ кӕнай, ӕрмӕст уымӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсай. Уым ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ пайда дӕр у.

Йесо ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзта?

Йесо йӕ цардӕй равдыста, куыд хъуамӕ уарзай Хуыцауы, адӕмы ӕмӕ дӕхи. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй йӕ фӕзмой (Иоанны 13:34, 35).

  1. Йесо фыццаджыдӕр уарзта Йегъовӕ Хуыцауы, ӕмӕ йӕ цард снывонд кодта, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн. Йесо загъта: «Цӕмӕй дуне зона, ӕз мӕ Фыды кӕй уарзын, уый тыххӕй аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ» (Иоанны 14:31).

  2. Чырысти адӕмы кӕй уарзта, уый равдыста, кӕй сыл тыхсти ӕмӕ ма суанг уыдоны тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕй (Матфейы 20:28).

  3. Йесо йӕхи уарзта ӕмӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кодта улӕфынӕн, хӕрынӕн, стӕй йе ‘мбӕлттимӕ ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ чи суыдаид, уыдонимӕ абадынӕн (Марчы 6:31, 32; Лукайы 5:29; Иоанны 2:1, 2; 12:2).

Цымӕ иннӕты дӕхицӕй фылдӕр куы уарзай, уӕд амондджын нал уыдзынӕ кӕнӕ дӕхицӕн нал аргъ кӕндзынӕ?

Уый афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, Хуыцауӕн та йӕ сӕйраг миниуӕг у удуӕлдай уарзт (Райдиан 1:27; 1 Иоанны 4:8). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй иннӕты уарзӕм. Хъуамӕ нӕхи уарзӕм, фӕлӕ амондджын уыдзыстӕм, фыццаджыдӕр Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад куы аразӕм, уӕд. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

Абон бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ амондджын уыдзысты, ӕрмӕст сӕхи куы уарзой, уӕд. Уыдон, фӕдзӕхст «иннӕты уарз», баивтой ӕндӕрӕй, «дӕхи уарз», зӕгъгӕ. Фӕлӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, ӕнӕниздӕр ӕмӕ амондджындӕр сты, ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чи цӕры уыдон: «Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын