Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/8 4 ф.
  • Хуыцау дӕм йӕ цӕст дары

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дӕм йӕ цӕст дары
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Алы хъуыддаджы дӕр агурут Хуыцауы разамынд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Ныффсаст чи у, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • «Фӕсномыг хъуыды» кӕмӕн ис, уыцы хабӕрттӕй цы ис базонӕн?
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/8 4 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Хуыцау дӕм йӕ цӕст дары

«[Хуыцауы] цӕстытӕ кӕсынц адӕймаджы фӕндӕгтӕм ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕф дӕр уыны» (ИОВ 34:21).

Фыд йӕ гыццыл лӕппуимӕ хъазы

Сывӕллон цас къаддӕр у, уыйас ӕм тынгдӕр хъӕуы хъус дарын

ИУӔЙ-ИУТӔ УУЫЛ ЦӔМӔН ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ. Ӕрӕджы куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ӕрмӕст нӕ галактикӕйы ис ӕппынкъаддӕр 100 миллиард планетӕйы. Дун-дуне куыд стыр у, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ бирӕтӕм фӕзыны ахӕм фарста: «Нӕ гыццыл планетӕйыл хуымӕтӕг адӕм цы аразынц, уымӕ кӕсыны мӕт йеддӕмӕ ницы ис Ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕджы?»

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС. Хабар афтӕ нӕу, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕн Библи радта ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ нымады дӕр нал сты. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (Псалом 32:8).

Ӕркӕсӕм, н. э. размӕ 1900-ӕм азты чи цард, иу ахӕм египетаг сылгоймаг Агары хабармӕ. Агар йӕ хицау Сарӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй йӕ Сарӕ афтӕ райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ дзы ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕлыгъди. Уӕдӕ кӕд Агар раст нӕ бакодта, уӕд цымӕ Хуыцаумӕ нымады дӕр нал уыд? Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйы зӕд [ӕй] ссардта». Уыцы зӕд Агарӕн загъта: «Йегъовӕ [дын] дӕ дзыназын фехъуыста». Уый фӕстӕ Агар Йегъовӕйӕн загъта: «Ды дӕ алцыуынӕг Хуыцау» (Райдиан 16:4–13).

«Алцыуынӕг Хуыцау» дӕу дӕр уыны. Зӕгъӕм, мад йӕ цӕст тынгдӕр фӕдары йӕ гыццыл сывӕллӕттӕм. Сывӕллон цас къаддӕр у, уыйас ӕм тынгдӕр хъӕуы хъус дарын. Уӕдӕ махмӕ дӕр Хуыцау йӕ хъус тынгдӕр фӕдары, куы нӕ фефхӕрынц ӕмӕ лӕмӕгъ куы вӕййӕм, уӕд. «Ӕз цӕрын бӕрзонд ӕмӕ сыгъдӕг бынаты,– зӕгъы Йегъовӕ,– стӕй, ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыдонимӕ, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы ныфс бауадзон ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон» (Исай 57:15).

Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Хуыцау мӕм йӕ цӕст куыд дары? Ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ куыд зынын, уымӕ гӕсгӕ кӕны хатдзӕгтӕ, цавӕр адӕймаг дӕн, уый тыххӕй? Ӕви арфдӕр кӕсы ӕмӕ, цавӕр удыхъӕды хицау дӕн, уый ӕцӕгдӕр зоны?»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын