СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ КЪАДДӔР МӔТ КӔНӔМ?
Бинонты царды зындзинӕдтӕ куы уа
«Мӕ фыды мардыл бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын мӕ лӕг загъта, ӕндӕр сылгоймаджы кӕй бауарзта,– дзуры Джанет.– Гыццыл фӕстӕдӕр, зӕгъгӕ дӕр мын ницыуал кодта, афтӕмӕй йӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ ацыд. Ӕз баззадтӕн дыууӕ сывӕллонимӕ». Джанет куыст ссардта, фӕлӕ йӕ бинонты фаг нӕ кодта. Ӕмӕ ӕрмӕст ӕхцайыл нӕ тыхсти. Джанет зӕгъы: «Ахӕм стыр уӕз ме уӕхсчытыл кӕй ӕрӕнцад, уый мын мӕ ныфс асаста. Мӕ сывӕллӕтты раз къӕмдзӕстыг уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕ ныййарджытӕн сӕ цотӕн сӕ бон цас уыд аразын, мӕнӕн мӕ цотӕн мӕ бон уыйас аразын нӕ уыд. Суанг ма мын абон дӕр ӕнцой нӕ дӕтты, иннӕтӕ мӕнмӕ дӕр ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый. Мыййаг, зӕгъын, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ мӕ бинонты цард мӕн тыххӕй фехӕлд?»
Джанет
Джанет Хуыцаумӕ кӕй фӕкувы, уый фӕрцы йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар цӕуы, стӕй Хуыцаумӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕны. «Ӕппӕты зындӕр мын вӕййы ӕхсӕвыгон, бӕстӕ куы ныссабыр вӕййы ӕмӕ алыхуызон хъуыдытӕ мӕ сӕрымагъзы зилдух кӕнын куы райдайынц, уӕд. Мӕ хуыссӕг фӕлидзы, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй фӕкувын ӕмӕ Библи кӕй фӕкӕсын, уый фӕрцы бафынӕй вӕййын. Ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ: „Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд“. Бирӕ хӕттыты-иу ӕхсӕв-бонмӕ фӕкуывтон ӕмӕ, Йегъовӕ цы фарн дӕтты, уый мын-иу мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта».
Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта, уыдон цыфӕнды тыхст уавӕры дӕр ӕххуыс кӕнынц: «Уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (Матфейы 6:8). Цӕуыл тыхсӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ дзурӕм. Хуыцаумӕ сӕйраджыдӕр куывды уылты баввахс уыдзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд цы уыдзӕн? Ӕмӕ нӕм «уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).
Цӕуыл мӕт кӕнӕм, уый Хуыцауӕн куы радзурӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрсабыр вӕййӕм. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕххуыс дӕр кӕны, чи йыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ чи агуры, уыдонӕн (Псалом 65:2). Уӕдӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн раст уый тыххӕй дзырдта, «ӕдзухдӕр сӕ кувын ӕмӕ хъӕддыхӕй архайын кӕй хъӕуы» (Лукайы 18:1). Хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕй разамынд ӕмӕ ӕххуыс курӕм, стӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, нӕ уырнындзинады тыххӕй нын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уый. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна ӕмӕ уый йӕ бон дӕр у, ӕмӕ ууыл хъуамӕ макуы дызӕрдыг кӕнӕм. Кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, ӕппынӕдзух ӕм куы кувӕм, уымӕй (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).
УЫРНЫНДЗИНАД ДӔМ УА, УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?
Цымӕ уырнындзинад цы у? Ӕцӕг уырнӕг адӕймаг схонӕн ис, Хуыцау цавӕр Хуыцау у, уый базоныныл чи архайы, уый (Иоанны 17:3). Уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы хъуыдытӕ Библийы кӕсын. Уыцы чиныгӕй базонӕм, Хуыцау махӕй алкӕй дӕр кӕй уыны ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Фӕлӕ ӕцӕг уырнындзинадӕн, Хуыцауы тыххӕй ӕрмӕст цыдӕртӕ зонай, уый фаг нӕу. Уымӕ ма хауы, цӕмӕй йемӕ хӕлардзинады фидар тӕгтӕй баст уай. Адӕймаг искӕимӕ иу бонмӕ нӕ балымӕн уыдзӕн. Хуыцауы тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый куы аразӕм ӕмӕ йын йе ’ххуыс куы уынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 10:15; Иоанны 8:29). Раст ахӕм уырнындзинад ӕххуыс кӕны Джанетӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕна.
Джанет дзуры: «Ӕз уыдтон, Йегъовӕ мын алы хъуыддаджы дӕр куыд ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ уырнындзинад сфидар. Хӕрам хъуыддӕгтӕ бирӕ федтам, ӕмӕ-иу мӕм афтӕ касти, ӕмӕ мӕ бон ницы суыдзӕн саразын. Йегъовӕмӕ-иу бирӕ фӕкуывтон, ӕмӕ-иу нӕ хъуыддӕгтӕ алы хатт дӕр афтӕ рауадысты, ӕнхъӕл дӕр-иу куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ. Бузныг ын куы фӕдзурын, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, цас хорздзинад мын сарӕзта. Уый нын алы хатт дӕр бахъуаджы сахат баххуыс кӕны. Хуыцау мын балӕвар кодта, ӕцӕг чырыстон миниуджытӕ кӕмӕ ис, ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ. Уыдон кӕддӕриддӕр сты мӕ фарсмӕ ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕн дӕр фӕзминаг стыa.
Хорз ӕй ӕмбарын, Йегъовӕ Малахийы 2:16 стихы афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, „ӕз ме сӕфт уынын хицӕн кӕнынӕй“. Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацӕуы, ахӕм адӕймагӕн уый йӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгӕмттӕ ныууадзы. Мӕ лӕг мӕ куы ныууагъта, уымӕй цалдӕр азы рацыд, фӕлӕ уӕддӕр хатт мӕхи фӕхатын ницӕйаг ӕмӕ иунӕг. Ахӕм уавӕры куы вӕййын, уӕд фӕархайын, цӕмӕй искӕмӕн баххуыс кӕнон, ӕмӕ афтӕмӕй мӕхицӕн дӕр фенцондӕр вӕййы. Библийы ис ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, дӕхи иннӕтӕй дард ма лас. Джанетӕн ацы уынаффӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнаb (Ӕмбисӕндтӕ 18:1).
Хуыцау у «сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг» (Псалом 68:5)
Ӕппӕты стырдӕр удӕнцой та мын хӕссы, Хуыцау „сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг“ кӕй у, уый. Кӕд мӕ мӕ лӕг ныууагъта, уӕддӕр нӕ Хуыцау никуы ныууадздзӕн» (Псалом 68:5). Джанет зоны, Хуыцау фыддзинадӕй кӕй никӕй фӕлвары. Уый нӕ, фӕлӕ зонд «алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй» ӕмӕ нӕ хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй, цы мӕстытӕ ӕвзарӕм, уыдон сфӕразӕм (Иаковы 1:5, 13; 2 Коринфӕгтӕм 4:7).
Фӕлӕ куыд кӕнгӕ у, нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд та?
b Цӕмӕй къаддӕр тыхсӕм, уый тыххӕй фылдӕр уынаффӕтӕ ссарӕн ис брошюрӕйы «Можете ли вы контролировать свою жизнь?», ис нӕ сайты.