СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОН МА ИСКУЫ ЦӔРДЗЫСТЫ?
Чи амард, уыдонӕн ма исты ныфс ис?
Чи амард, уыдон ма искуы цӕрдзысты?
БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ. «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... фехъусдзысты [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).
Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, фидӕны йӕ Паддзахад зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд ингӕн кӕй сафтид уыдзӕн. «Фыццаг хатт Иоанны 5:28, 29 стихтӕ куы бакастӕн, уӕд тынг бадис кодтон,– зӕгъы Фернандо, фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг.– Уый фӕрцы мӕ ныфс бацыди ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фидӕнмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын».
Рагзаманты Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иовы фидарӕй уырныдта, йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау кӕддӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Иов ахӕм фарста радта: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» Стӕй йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Мӕ цагъарады ӕппӕт бонты дӕр [ингӕны куы уон, уыцы рӕстӕг] ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, цалынмӕ не ссӕрибар уон, уӕдмӕ. Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн» (Иов 14:14, 15).
Лазӕр кӕй райгас, уый нын фидӕнӕй фидар ныфс дӕтты
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Лазӕры хо Марфӕмӕ диссаг нӕ каст. Лазӕр куы амард, уӕд ын Йесо загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Уӕд ын Марфӕ загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». Йесо йын афтӕ бакодта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:23–25). Ӕмӕ стӕй Лазӕры фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта! Уыцы диссаджы хабары фӕрцы нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, фидӕны ӕппӕт зӕххыл дӕр цы стыр диссӕгтӕ цӕудзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, чи амард, уыдон ӕгас кӕнын райдайдзысты!
Цымӕ исчи уӕлӕрвтӕм цӕрынмӕ райгас уыдзӕн?
БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, чи райгас, аст ахӕм адӕймаджы тыххӕй, стӕй ма, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ нын Библи ӕмбарын кӕны, Йесо иннӕты хуызӕн кӕй нӕ райгас. Уыцы аст адӕймаджы райгас сты зӕххыл цӕрынмӕ. Йесойы райгасдзинады тыххӕй та кӕсӕм: «Йесо ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс» (1 Петры 3:21, 22). Цымӕ уый йеддӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ исчи райгас? Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон, уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат» (Иоанны 14:3).
Чырысти уӕлӕрвтӕм ацыд ӕмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ райгас уыдаиккой – сӕ нымӕц у 144 000 (Раргомад 14:1, 3). Фӕлӕ цымӕ уым цы кусдзысты?
Куыст сын тынг бирӕ уыдзӕн! Фыстад дзуры: «Амондджын ӕмӕ ӕнӕфау сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты бар сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Раргомад 20:6). Уӕлӕрвты цӕрынмӕ чи райгас уа, уыдон Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ йемӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзысты.
Фӕстӕдӕр ма чи райгас уыдзӕн?
БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ. Библийы фыст ӕрцыдысты апостол Павелы ныхӕстӕ: «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл, адон сӕхӕдӕг дӕр сӕ ныфс куыд дарынц, афтӕ, кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).
Хуыцауы Ныхас нӕ ныфс уадзы, чи амард, уыцы милуангай адӕм та ногӕй кӕй цӕрдзысты
Павел цы «рӕстгӕнджыты» кой кодта, уыдон чи уыдзысты? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Данелӕн йӕ царды кӕрон ахӕм ныхӕстӕ загъдӕуыд: «Ды ӕрӕнцайдзынӕ, фӕлӕ бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай» (Данел 12:13). Данел куы райгас уа, уӕд кӕм цӕрдзӕн? «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Чырысти дӕр загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матфейы 5:5). Данел ӕмӕ Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ та ногӕй зӕххыл цӕрдзысты, суанг ӕнустӕм дӕр.
Павел «фыдгӕнджытӕ» кӕй схуыдта, уыдон чи уыдзысты? Милуангай адӕм амардысты, сӕ фылдӕрӕн Библийы рӕстдзинад базоныны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрыны фадат нӕ уыд, афтӕмӕй. Уыдон иууылдӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыa ӕмӕ Йесойы базоной ӕмӕ сын кад кӕной (Иоанны 17:3). Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕнда, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн цӕрын, цалынмӕ Йегъовӕ цӕра, уӕдмӕ – ӕнустӕм.
Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕнда, уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй
Цавӕр цард уыдзӕн зӕххыл?
БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ. Хуыцау «сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4). «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (Исай 65:21).
Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, дӕ адджын адӕм куы райгас уой, ӕмӕ семӕ уыцы диссаджы уавӕрты куы цӕрай, уӕд! Фӕлӕ ма базонын хъӕуы дзуапп иу фарстайӕн: фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый?
a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.