Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 15/12 3 ф.
  • Бахъуыды кодтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бахъуыды кодтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бахъуыды кодтай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 15/12 3 ф.

БАХЪУЫДЫ КОДТАЙ?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цавӕр хъуыддӕгтӕ нал уыдзӕн?

Кӕрон кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ сты: сӕ бон кӕмӕн ницы у, уыцы зӕххон хицауӕдтӕ, хӕстытӕ ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы фыдӕнхъӕл чи фӕкодта, уыцы динтӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм (bp158, 3–5 фӕрстӕ).

Йезекилы чиныджы ис, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы кой. Цымӕ уый чи у?

Гог Магогы зӕххӕй амоны Хӕйрӕгмӕ нӕ, фӕлӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд Хуыцауы адӕмы фесафыны тыххӕй чи ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыцы адӕмты къордмӕ (bw558, 29, 30 фӕрстӕ).

Адӕймагыл зӕронды бонтӕ рӕсугъдӕй цавӕр ӕхсӕз хъуыддаджы фӕрцы сӕмбӕлдзысты?

Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй уӕм 1) бонзонгӕ, 2) ӕмбаргӕ, 3) хъӕлдзӕг, 4) рӕдау, 5) хӕларзӕрдӕ ӕмӕ 6) бузныг. Адӕймагмӕ ацы миниуджытӕ куы уа, уӕд ыл зӕронды бонтӕ рӕсугъдӕй сӕмбӕлдзысты (bp159, 8–10 фӕрстӕ).

Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй йӕ рӕдаудзинад куыд рабӕрӕг?

Йесо горӕт Канӕйы чындзӕхсӕвы куы уыди, уӕд 380 литры бӕрц дон сӕн фестын кодта. Ӕндӕр хатт та диссаджы хуызы бафсӕста 5 000 адӕймагӕй фылдӕр (Матф. 14:14–21; Иоан. 2:6–11). Дыууӕ хатты дӕр Йесо бафӕзмыдта йӕ Фыды рӕдаудзинад (bw559, 4, 5 фӕрстӕ).

Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нӕ бон у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын?

Иов, Лот ӕмӕ Давид ӕнӕрӕдигӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, стӕй-иу сӕ рӕдыдтытыл басастысты ӕмӕ-иу сӕ сраст кӕнын цы хъуыд, уый-иу сраст кодтой. Кӕд сӕ бон Йегъовӕйы хорзӕх ссарын баци, уӕд махӕн дӕр уый нӕ бон бауыдзӕн (bp160, 12, 13 фӕрстӕ).

Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд мӕнг динтыл хӕст адӕм се ’ппӕт дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты?

Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Захарийы 13:4–6 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ, суанг дины разамонджытӕй дӕр чидӕртӕ сӕ дин ныууадздзысты ӕмӕ дзурдзысты, уыцы динмӕ никуы ницы бар дардтон, зӕгъгӕ (bw560, 15, 16 фӕрстӕ).

Варакы ӕнӕ Деворӕйӕ знаджы ныхмӕ рацӕуын цӕуылнӕ фӕндыд?

Варак уыди фидар уырнындзинады хицау. Хуыцауӕй фылдӕр хӕцӕнгарз нӕ ракуырдта, фӕлӕ, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ адӕмӕн дӕр сӕ ныфс цӕй фӕрцы бафидар уыдаид, уый – цӕмӕй Йегъовӕйы минӕвар, Деворӕ, семӕ ацыдаид (Тӕрх. 4:6–8; 5:7) (bp161, 13 фарс).

Чырыстонӕн йӕ бон цавӕр хъуыддӕгтыл у хъуыды кӕнын?

Зӕгъӕм, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, ууыл, йӕ Ныхас куыд ахсджиаг у, ууыл, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, ууыл ӕмӕ нӕм йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы нывондыл (bw561, 10–13 фӕрстӕ).

Нӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй кӕй хъуамӕ хизӕм, уый искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ куыд хауы?

Мах ӕнӕуырнджытӕм ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дарӕм. Фӕлӕ йӕхи Йегъовӕйӕн чи не снывонд кодта ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕймагимӕ ӕмбӕлын уаид Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ (1 Кор. 15:33) (bw561, 25 фарс).

Петр дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдта ӕмӕ йӕ уырнындзинад ногӕй цӕй фӕрцы бафидар?

Йӕ уырнындзинады руаджы Петр Йесомӕ доныл ацыд (Матф. 14:24–32). Фӕлӕ йе ’ргом тыхдымгӕмӕ куы аздӕхта, уӕд фӕтарсти. Уый фӕстӕ йе ’ргом ногӕй Йесомӕ аздӕхта ӕмӕ ӕххуыс уымӕй ракуырдта (bw562, 16, 17 фӕрстӕ).

Хъуыддӕгтӕ 28:4 стихмӕ гӕсгӕ, Мальтӕйы цӕрджытӕ апостол Павелы лӕгмар фенхъӕлдтой. Цымӕ цӕмӕн?

Павелыл маргджын калм куы фӕхӕцыд, уӕд, чи зоны, ахъуыды кодтой, рӕстдзинады ус-хуыцау Дике йӕ кӕй бафхӕрдта (bp163, 9 фарс).

Марфӕ бирӕ хъуыддӕгтыл кӕй фӕци, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

Иухатт Марфӕ хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттыл куы фӕци, уӕд ын Йесо загъта, йӕ хо «хуыздӕр хай [кӕй] равзӕрста», ома, Йесо цы амыдта, уымӕ лӕмбынӕг хъуыста. Мах дӕр хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй нӕ, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ма хъыгдарой (bw563, 18–20 фӕрстӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын