Бахъуыды кодтай?
2024 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?
Йегъовӕ сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?
Уый сылгоймӕгты нӕ хъулон кӕны ӕмӕ нӕлгоймӕгты сылгоймӕгтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы. Байхъусы сӕм ӕмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, цы ’нкъарынц ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнынц, уымӕ. Стӕй сыл ӕууӕнды ӕмӕ сын сӕ бар бакӕны алыхуызон хъуыддӕгтӕ (w24.01, 15, 16 фф.).
Ефесӕгтӕм 5:7 стихы цы ныхӕстӕ ис, «семӕ [уын] иумӕйагӕй мацы уӕд», зӕгъгӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?
Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕмимӕ нӕ рӕстӕг куы ӕрвитӕм, уӕд нын зындӕр уыдзӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ уый хауы семӕ ӕнӕуи дӕр ӕмӕ социалон сетьты дӕр лымӕн кӕнынмӕ (w24.03, 22, 23 фф.).
Цавӕр мӕнг ныхӕстӕм хъуамӕ ма хъусӕм?
Хатт нӕм мӕнг хабӕрттӕ ӕрбарвитынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, уыцы хабӕрттӕ ӕцӕг сты ӕви нӕ, уый не сбӕрӕг кӕнынц, афтӕмӕй. Чидӕртӕ нӕм мӕнг хабӕрттӕ ӕрбарвитынц электронон почтӕмӕ. Хатт та мӕнг хабӕрттӕ фехъусӕм уацамынды, раст дин чи ныууагъта, фӕлӕ йӕхи афтӕ чи ’вдисы, цыма йӕ рӕстдзинад базонын фӕнды, уыдонӕй (w24.04, 12 ф.).
Цы зонӕм ӕмӕ цы нӕ зонӕм паддзах Соломоны, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты ӕмӕ, Доны хъаймӕты чи фесӕфт, уыцы адӕмы тыххӕй?
Нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, Йегъовӕ сын ӕнустӕм фесафыны тӕрхон кӕй рахаста. Фӕлӕ зонӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, стӕй алцӕуыл дӕр кӕй ахъуыды кӕндзӕн (w24.05, 3, 4 фф.).
Йегъовӕ «Къӕдзӕх» кӕй у, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (Дык. з. 32:4).
Зын рӕстӕджы Йегъовӕ свӕййы не ’мбӕхсӕн. Ис ыл ӕууӕндӕн – йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Ӕмӕ у ӕнӕфӕцудгӕ – йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ ивынц (w24.06, 26–28 фф.).
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ног ӕмбырдыл сахуыр уай?
Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Дӕ ног ӕмбырд дӕ раздӕры ӕмбырдимӕ ма бар. Дӕ ног ӕмбырдимӕ ӕмгуыст кӕн ӕмӕ дзы ног ӕмбӕлттӕ ссар (w24.07, 26–28 фф.).
Матфейы 25-ӕм сӕры цы ӕртӕ фӕсномыг ныхасы ис, уыдонӕй цы ис зондӕн райсӕн?
Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕмбарын кӕны, иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм. Фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй ӕвдисы, кӕй хъуамӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ цырддзаст. Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас та ӕвдисы, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ кӕй хъуамӕ фыдӕбон кӕнӕм (w24.09, 20–24 фф.).
Соломоны кувӕндоны мӕсыгӕн йӕ бӕрзӕнд цас уыд?
Иуӕй-иу рагон къухфыстыты 2 Азфыстыты 3:4 стихы фыст ис, йӕ бӕрзӕнд 120 ӕлмӕрины кӕй уыд (кӕнӕ 53 метры). Фӕлӕ ӕндӕр ӕууӕнчы аккаг къухфыстыты ацы стихы ис 20 ӕлмӕрины (кӕнӕ 9 метры). Ӕмӕ уый растдӕр уайы, кувӕндоны къултӕ цас бӕзджын уыдысты, уымӕ гӕсгӕ дӕр (w24.10, 31 ф.).
Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн «иу ус йеддӕмӕ ма уӕд», зӕгъгӕ? (1 Тим. 3:12).
Хъуамӕ йын уа ӕрмӕстдӕр иу ус. Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ усыл гадзрахатӕй макуы рацӕуа. Стӕй хъуамӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕм йе ’ргом ма здаха (w24.11, 19 ф.).
Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иоанны 6:53 стихы ныхӕстӕ Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ нӕ хауынц?
Иоанны 6:53 стихы фыст ис, адӕймаг Йесойы буар кӕй хъуамӕ хӕра ӕмӕ йын йӕ туг кӕй хъуамӕ нуаза. Ацы ныхӕстӕ Йесо загъта н. э. 32 азы Галилейӕйы, нырма йыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕн. Хицауы ӕхсӕвӕрӕн та бындур ӕрӕвӕрдта иу азы фӕстӕ Иерусалимы. Уӕд уым уыдысты, йемӕ уӕлӕрвты чи хъуамӕ уыдаид, уыдон (w24.12, 10, 11 фф.).