Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp18 № 3 3 ф.
  • «Цымӕ Хуыцау кӕм уыд?»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Цымӕ Хуыцау кӕм уыд?»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ амондджын дӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны де ’наипдзинадӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Разныхас
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Иов – фидар ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
wp18 № 3 3 ф.
Адӕм хъыг кӕнынц, сӕ къухты цырӕгътӕ

«Цымӕ хуыцау кӕм уыд?»

«ӔДЗУХ ФӔХЪУЫДЫ КӔНЫН: „ЦЫМӔ ХУЫЦАУ КӔМ УЫД?“» - загъта католикты хистӕр сауджын Бенедикт Ӕхсӕрдӕсӕм, Польшӕйы концлагер Освенцим фенынмӕ куы ’рцыд, уӕд.

ИСТЫ БӔЛЛӔХ КУЫ ’РЦӔУЫ, УӔД НӔ АХЪУЫДЫ КӔНЫС, ЦЫМӔ ХУЫЦАУ КӔМ УЫД, ЗӔГЪГӔ? КӔНӔ КӔД ДӔХИУЫЛ ИСТЫ УӔЗЗАУ ХАБАР ӔРЦЫД, УӔД НӔ АХЪУЫДЫ КОДТАЙ, ЦЫМӔ МЫЛ ХУЫЦАУ ТЫХСЫ, ЗӔГЪГӔ?

Чи зоны, ды дӕр хъуыды кӕныс, Америкӕйы чи цӕры, иу ахӕм сылгоймаг, Шейлӕ, зӕгъгӕ, куыд хъуыды кодта, афтӕ. Уый схъомыл, Хуыцауыл тынг ӕнувыд чи уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Шейлӕ зӕгъы: «Гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыдтӕн, уымӕн ӕмӕ не Сфӕлдисӕг у. Фӕлӕ никуы хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕм ӕввахс у. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕм дард кӕцӕйдӕр кӕсы. Ӕмбӕрстон ӕй, йе сӕфт мӕ кӕй нӕ уыны, фӕлӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ уарзы». Цымӕ Шейлӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн уыд? Уый загъта: «Нӕ бинонтыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл ӕрцыд ӕмӕ нӕм афтӕ каст, ӕмӕ нын Хуыцау ӕппындӕр не ’ххуыс кодта».

Шейлӕйау, чи зоны, ды дӕр нӕ дызӕрдыг кӕныс, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр, чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ мыл Хуыцау тыхсы. Рӕстгӕнӕг Иов дӕр зыдта, Сфӕлдисӕг хъомысджын ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у, ӕмӕ йӕм уӕддӕр ахӕм фарста фӕзынд (Иов 2:3; 9:4). Иу бӕллӕх ыл иннӕйы фыдыл куы ӕрцыд, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕн кӕрон нӕй, ӕмӕ Хуыцауӕн загъта: «Цӕмӕн ӕмбӕхсыс дӕ цӕсгом ӕмӕ мӕм знаджы цӕстӕй цӕмӕн кӕсыс?» (Иов 13:24).

Цымӕ Библийы цы фыст ис? Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Хуыцау вӕййы аххосджын? Цымӕ куыд ис базонӕн, Хуыцау адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ алкӕуылдӕр хицӕнӕй кӕй тыхсы? Нӕ бон куыд у базонын, Хуыцау нӕ кӕй уыны, кӕй нӕ ’мбары, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нын зын рӕстӕджыты кӕй феххуыс кӕны?

Иннӕ статьятӕй базондзыстӕм, Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый куыд зыны, цы сфӕлдыста, уымӕй (Ромӕгтӕм 1:20). Уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый фӕдыл Библи цы зӕгъы, уымӕ. Хуыцауы цас хуыздӕр базонай, цы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы фӕрцы, уыйас тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, кӕй дыл тыхсы, ууыл (1 Иоанны 2:3; 1 Петры 5:7).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын