Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp18 № 3 12 ф.
  • Хъизӕмӕрттӕ кӕй тыххӕй ӕвзарӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъизӕмӕрттӕ кӕй тыххӕй ӕвзарӕм?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Библи цы дзуры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • 3-аг фарста. Хуыцау мын мӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
wp18 № 3 12 ф.
Аварийы бынатмӕ ӕххуысгӕнджытӕ фӕзындысты

Хъизӕмӕрттӕ кӕй тыххӕй ӕвзарӕм?

Кӕд нӕ хъизӕмӕртты Хуыцау нӕу аххосджын, уӕд дуне адӕм ӕххормагӕй цӕмӕн мӕлынц? Уыйбӕрц мӕгуыртӕ цӕмӕн ис? Карз хӕстытӕ цӕмӕн цӕуы? Уӕззау низтӕ ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн ис? Хуыцауы Ныхас, Библи нын ӕмбарын кӕны, адӕм бӕллӕхтӕ кӕй ӕвзарынц, уымӕн ӕртӕ сӕйраг аххосаджы кӕй ис.

  1. Адӕм сты хиуарзон, зыд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц. «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Адӕм арӕх зындзинӕдтӕ февзарынц, ӕнӕххӕст, хиуарзон кӕнӕ ӕгъатыр кӕй сты, уый тыххӕй.

  2. Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Адӕм арӕх зындзинӕдтӕ февзарынц, уымӕн ӕмӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Адӕймагыл бӕллӕх ӕрцӕуы, кӕцыдӕр рӕстӕг кӕцыдӕр бынаты кӕй разыны, уый тыххӕй, кӕнӕ та йӕхи кӕй нӕ фӕхъахъхъӕны, йе та, кӕй фӕрӕдийы, уый тыххӕй.

  3. Ацы дунейы хицау у ӕгъатыр. Библи нын комкоммӕ зӕгъы, адӕмы хъизӕмӕртты сӕйраджыдӕр чи у аххосджын, уый. Библийы фыст ис: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). «Фыдбылыз» у Сайтан Хӕйрӕг. Уый у тыхджын ӕмӕ ӕнӕуынгӕ удгоймаг. Раздӕр уыд Хуыцауы зӕд, фӕлӕ «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоанны 8:44). Сайтаны зондыл ацыдысты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй сӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕххӕст кодтаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй систы дӕлимонтӕ (Райдиан 6:1–5). Ацы дуне ис Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонты къухы. Уыдон сты тынг ӕгъатыр ӕмӕ ацы дунейыл тынг ӕндавынц. Фӕлӕ абон куыд тынг ӕндавынц адӕмыл, афтӕ никуы. Ныр Хӕйрӕг тынг мӕсты у ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы», ӕмӕ уый тыххӕй адӕм фыдудӕй мӕлынц (Раргомад 12:9, 12). Ӕцӕгдӕр, Сайтан тынг ӕгъатыр хицау у. Адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсын ын тынг ӕхсызгон у. Уӕдӕ адӕм Хуыцауы аххосӕй нӕ, фӕлӕ Сайтаны аххосӕй удхар кӕнынц.

АХЪУЫДЫ КӔН: Ӕнаххос адӕм хъизӕмар кӕнынц ӕрмӕстдӕр ӕгъатыр фыдгӕнӕг, Хӕйрӕджы, аххосӕй. Хуыцауы тыххӕй та Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ, «уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10).

Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Хуыцау Сайтанӕн кӕдмӕ дӕтдзӕн уый бар, цӕмӕй ӕгъатырӕй хицауиуӕг кӕна?» Куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау фыддзинадӕй йе сӕфт уыны, ӕмӕ йын зын вӕййы, мах куы фӕхъизӕмар кӕнӕм, уӕд. Стӕй Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Хуыцау нӕ уарзы ӕмӕ у хъомысджын, ӕмӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн. Ууыл ныхас цӕуы иннӕ статьяйыa.

a Дунейы уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 26-ӕм урокӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Лӕварӕй йӕ ис рафыссӕн сайтӕй www.jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын