Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp19 № 2 6–7 фф.
  • Исчи дын куы фӕзиан уа

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Исчи дын куы фӕзиан уа
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА
  • РӔСТӔГ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЗӔРДӔЙЫ РЫСТ ӔРСАБЫР УА
  • ДӔ ХЪУЫДЫТӔ ӔМӔ ДЕ ’НКЪАРӔНТЫ ТЫХХӔЙ ДЗУР
  • ИННӔТЫ ӔХХУЫСЫЛ ДӔХИ МА АТИГЪ КӔН
  • БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ
  • ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-ИУ АУАЙЫН КӔН, ЧИ АМАРД, УЫДОН КУЫ РАЙГАС УОЙ, УЫЦЫ РӔСТӔГ
  • Мӕ маст куыд сфӕразон?
    Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...
  • Зианджын адӕймаджы цы бафидар кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Дӕ зӕрдӕйы рыст цӕй фӕрцы фӕсабырдӕр уыдзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Афтӕ кӕй маст кӕнын, уым ӕвзӕрӕй исты ис?
    Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
wp19 № 2 6–7 фф.
Зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм лӕг ӕмӕ ус денджызы был лӕууынц ӕмӕ дардмӕ кӕсынц, кӕрӕдзийы ӕрбахъӕбыс кодтой, афтӕмӕй

Исчи дын куы фӕзиан уа

«Мӕ хистӕр ӕфсымӕр куы фӕзиан, уӕд мын тынг зын уыд, мӕ бон ын баххуыс кӕнын кӕй нӕ баци, уый тыххӕй. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дӕр-иу ыл ӕрмӕст хъуыды куы акодтон, уӕддӕр-иу мӕ зӕрдӕ афтӕ тынг срысти, раст дзы цыма исчи кард ныссагъта. Иуӕй-иу хатт-иу мӕсты дӕр кодтон. Ме ’фсымӕр цӕмӕн амард? Мӕхи хордтон, йемӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй не ’рвыстон, уый тыххӕй» (Ванессӕ, Австрали).

КӔД дӕуӕн дӕр, бирӕ кӕй уарзтай, ахӕм адӕймаг фӕзиан, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, маст кодтай, афтӕ дӕм каст, ӕмӕ иунӕг дӕ ӕмӕ не ’мбӕрстай, дарддӕр куыд цӕрай, уый. Чи зоны ма мӕсты дӕр кодтай, дӕхи аххосджын кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы тас бацыд, суанг ма дӕм афтӕ дӕр касти, ӕмӕ дӕ цард ницыуал у.

Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ кӕй маст кӕныс, уый лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг у. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы адӕймаджы бирӕ кӕй уарзтай. Фӕлӕ дын, цымӕ, дӕ маст фӕсабырдӕр кӕнынӕн исты баххуыс кӕндзӕн?

ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ рыст никуыуал банцайдзӕн, уӕддӕр дын, чи зоны, фенцондӕр уа, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй куы спайда кӕнай, уӕд.

РӔСТӔГ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЗӔРДӔЙЫ РЫСТ ӔРСАБЫР УА

Адӕм ӕмхуызон нӕ фӕхъыг кӕнынц, стӕй сын уый иухуызон рӕстӕг нӕ ахӕссы. Фӕлӕ адӕймаг куы кӕуа, уӕд ын, гӕнӕн ис, фенцондӕр уа. Ванессӕ, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уый загъта: «Ӕрмӕстдӕр мӕм кӕуын цыдис. Фӕндыд мӕ мӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадзын». Йӕ хо ӕнӕнхъӕлӕджы кӕмӕн амард, уыцы сылгоймаг, Софи, загъта: «Цы ’рцыди, ууыл хъуыды кӕнын мын тынг зын уыди, раст мын цыма исчи мӕ хъӕдгоммӕ ӕвнӕлдта ӕмӕ йӕ сыгъдӕг кодта, афтӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы рыст зын сфӕразӕн вӕййы, уӕддӕр уый фӕрцы хъӕдгом байгас вӕййы».

ДӔ ХЪУЫДЫТӔ ӔМӔ ДЕ ’НКЪАРӔНТЫ ТЫХХӔЙ ДЗУР

Кӕй зӕгъын хъӕуы, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу дӕ, чи зоны, фӕнда, цӕмӕй иунӕгӕй баззайай. Зианыл маст кӕнын абарӕн ис, дӕ уӕлӕ кӕй хӕссай, ахӕм уӕззау уаргъимӕ. Йӕ фыд кӕмӕн амард, иу ахӕм 17-аздзыд лӕппу, Джаред, радзырдта: «Мӕ зӕрдӕйы цытӕ цыд, уый иннӕтӕн дзырдтон. Ӕмӕ-иу мӕм кӕд афтӕ каст, ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ зӕрдӕйы рыст бамбарын кӕнын, уӕддӕр-иу мын фенцондӕр». Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, Джанис, загъта: «Иннӕтимӕ кӕй ныхас кодтон, уый мын стыр удӕнцой хаста. Иунӕгӕй мӕ маст не сфӕрӕзтаин».

ИННӔТЫ ӔХХУЫСЫЛ ДӔХИ МА АТИГЪ КӔН

Иу дохтыр загъта: «Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы адӕймаг фыццаг бонты йе ’мбӕлтты ӕмӕ йӕ хӕстӕджыты ӕххуысыл йӕхи куы нӕ атигъ кӕны, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы йӕ маст сфӕразын». Де ’мбӕлттӕн зӕгъ, сӕ бон дӕм цӕмӕй у фӕкӕсын. Чи зоны сӕ фӕнды баххуыс кӕнын, фӕлӕ йӕ нӕ зонынц, куыд дын баххуыс кӕной, уый (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Тинӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау ӕнӕнхъӕлӕджы ракӕй куы амард, уӕд мӕ зындзинӕдтӕ, мӕ мӕт ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы рыст кӕмӕн дзырдтаин, уый нал уыди, ӕмӕ-иу ӕз дӕр алцыдӕр Хуыцауӕн радзырдтон. Алы бон дӕр-иу Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй мын уыцы бон цӕрынӕн хъарутӕ радтаид. Ӕмӕ-иу мын Хуыцау, мӕ куывды цӕй кой кодтон, ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгты нӕ баххуыс кодта, фӕлӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр». Таршӕйыл 22 азы цыди, йӕ мад куы фӕзиан, уӕд. Уый загъта: «Алы бон дӕр Библи кӕй кастӕн, уый мын удӕнцой хаста. Уый фӕрцы мӕ бон уыд, чи мӕ бафидар кодтаид, ахӕм цӕуылдӕртыл хъуыды кӕнын».

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-ИУ АУАЙЫН КӔН, ЧИ АМАРД, УЫДОН КУЫ РАЙГАС УОЙ, УЫЦЫ РӔСТӔГ

Тинӕ ма радзырдта: «Райдианы мын райгасдзинады ныфс ницы ӕххуыс уыд, уымӕн ӕмӕ мӕн мӕ сӕрыхицау гъеуӕд хъуыди, мӕ сывӕллӕтты дӕр сӕ фыд гъеуӕд хъуыди. Фӕлӕ мӕ ныр, цыппар азы фӕстӕ, уыцы ныфс тынг фидар кӕны. Уыцы ныфс мӕ тыхтӕ бауагъта, цӕмӕй цӕрон. Мӕ цӕстытыл фӕуайын кӕнын, ногӕй та йӕ куыд фендзынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн!»

Чи зоны дын ӕвиппайды ма фенцондӕр уа. Фӕлӕ дӕ Ванессӕйы ныхӕстӕ бафидар кӕндзысты. Уый загъта: «Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕдзухдӕр афтӕ маст кӕндзӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ зӕрдӕйы рыст дӕр фӕкъаддӕр вӕййы».

Дӕ зӕрдыл дар, кӕд дын ӕнӕ уыцы адӕймагӕй зын у, уӕддӕр цӕрын хъӕуы. Хуыцауы фӕлмӕн уарзты фӕрцы дӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр де ’мбӕлттимӕ фӕрнӕй цӕрын ӕмӕ дӕм дӕ цард дзӕгъӕлы нӕ кӕсдзӕн. Тагъд рӕстӕджы Хуыцау райгас кӕндзӕн, чи амард, уыдоны. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй та дӕ хъӕбысы акӕнай, бирӕ кӕй уарзыс, уыцы адӕймаджы. Уӕд дӕ зӕрдӕйы рыст ӕнустӕм фесӕфдзӕн!

Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ Библийӕ

Хуыцау уыны, кӕй маст кӕныс ӕмӕ кӕуыс, уый.

Библийы фысджытӕй иу Хуыцауы тыххӕй загъта: «Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр. Дӕ чиныджы фыст не сты?» (Псалом 56:8).

Хуыцауӕн дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый.

«[Хуыцаумӕ] дзырдтон, цы маст ӕвзарын, уый тыххӕй... О Йегъовӕa, дӕумӕ дзынӕзтон ӕххуысмӕ» (Псалом 142:2, 5).

Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй дын фидӕнӕй ныфс уа.

«Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, уыцы адӕмы кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы рӕстӕг кӕд ралӕудзӕн, уымӕb (Иов 14:14, 15).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

b Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 30 урок. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис сайты www.jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын