Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp19 № 2 8–9 фф.
  • Дӕ цардӕмбал дыл гадзрахатӕй куы рацӕуа

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ цардӕмбал дыл гадзрахатӕй куы рацӕуа
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЧИ ДӔ БАФИДАР КӔНДЗӔН, АХӔМ СТИХТӔ БИБЛИЙӔ
  • Удӕнцой зын рӕстӕджыты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • 3 Библийы фӕрцы быхсӕм, нӕ бон аивын кӕй нӕу, уыцы уавӕртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Бинонты царды зындзинӕдтӕ куы уа
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
wp19 № 2 8–9 фф.
Сылгоймаг кувы

Дӕ цардӕмбал дыл гадзрахатӕй куы рацӕуа

«Мӕ сӕрыхицау мын куы загъта, ӕрыгондӕр сылгоймаджы тыххӕй мӕ кӕй уадзы, уӕд мӕ амӕлын фӕндыд. Мӕ зӕрдыл-иу куы ӕрбалӕууыд, мӕ сӕрыхицауы тыххӕй мӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтон, уӕд-иу мын ноджы зындӕр уыд» (Марийӕ, Испани).

«Мӕ бинойнаг мӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы ныууагъта, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ йӕ куыстӕй ныллӕууыд. Нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ пълӕнттӕ фехӕлдысты. Уыди-иу ахӕм бонтӕ, ӕмӕ-иу ницӕуыл мӕт кодтон, фӕлӕ та-иу стӕй ногӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон» (Билл, Испани).

АДӔЙМАГЫЛ йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕд йӕ ныфс асӕтты. Ахӕм адӕмӕй иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбалӕн ныххатыр кӕнынц, куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд ӕмӕ дарддӕр иумӕ фӕцӕрынцa. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕргӕйӕ баззайдзысты ӕви нӕ, уӕддӕр, гадзрахатӕй кӕуыл рацӕуынц, уый стыр маст ӕмӕ зӕрдӕрыст бавзары. Ахӕм уавӕры адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та йын цард царды ад кӕна?

ЧИ ДӔ БАФИДАР КӔНДЗӔН, АХӔМ СТИХТӔ БИБЛИЙӔ

Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыдон кӕд стыр маст бавзӕрстой, уӕддӕр сын Библи удӕнцой ӕрхаста. Уыдон базыдтой, Хуыцау сын сӕ цӕссыгтӕ кӕй уыны ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы (Малахи 2:13–16).

«Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Псалом 94:19).

Билл загъта: «Ацы стих куы бакастӕн, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мын Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау мӕ рыст сабыр кӕны».

«Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (Псалом 18:25).

Йӕ цардӕмбал цалдӕр мӕйы гадзрахатӕй кӕуыл цыди, уыцы сылгоймаг, Кармен, загъта: «Мӕ цардӕмбал мыл иузӕрдион нӕ уыд. Фӕлӕ мӕ бон уыд ӕууӕндын, Йегъовӕ мыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Уый мӕ никуы ныууадздзӕн».

«Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут... ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Сашӕ загъта: «Ацы ныхӕстӕ-иу ногӕй ӕмӕ ногӕй бакастӕн. Хуыцаумӕ куывтон ӕмӕ куывтон, ӕмӕ мын йӕ фарн радта».

Кӕй ныхӕстӕ кастыстӕм, уыцы адӕм-иу, чи зоны, иуӕй-иу хатт сӕ къухтӕ ӕруагътой. Фӕлӕ сӕ ныфс дардтой Йегъовӕ Хуыцауыл, Библи кастысты ӕмӕ сын уый хъарутӕ лӕвӕрдта. Билл загъта: «Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыдтӕн, уый фӕрцы ӕмбӕрстон, мӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, кӕд алцы бынтон хорз нӕ уыд, уӕд дӕр. Кӕд „саудалынг комы“ цыдтӕн, уӕддӕр Хуыцау мемӕ уыд» (Псалом 23:4).

a Цардӕмбалӕн ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй дзырд цыди 1999 азы 22 апрелы журнал «Пробудитесь!»-ы, статьяты «Трагические последствия неверности», «Возможно ли примирение?», «Если вы решили развестись».

Иуӕй-иутӕн цы баххуыс кодта

Удӕнцой дын чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы стихтӕ Библийы кӕс ӕмӕ сыл хъуыды кӕн.

Билл загъта: «Ӕз кастӕн Иовы чиныг, уый фӕстӕ та Псаломтӕ. Ӕмӕ-иу бахахх кодтон, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ мӕ уавӕрмӕ чи хауд, уыцы стихтӕ. Чи сӕ фыста, уыдон дӕр бавзӕрстой, ӕз цы рыст ӕмӕ маст бавзӕрстон, ахӕм».

Музыкӕ хӕссы удӕнцой.

Кармен радзырдта: «Ӕхсӕв-иу мӕ бон бафынӕй кӕнын куы нӕ уыд, уӕд-иу музыкӕмӕ хъуыстон. Уый мын стыр удӕнцой хаста». Дэниел загъта: «Ӕз сахуыр дӕн гитарӕйыл цӕгъдын. Музыкӕйыл ахуыр кӕнгӕйӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уыдаин, ӕмӕ мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй та мӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид».

Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн дзур.

Дэниел загъта: «Мӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ дзурын ахуыр нӕ дӕн. Фӕлӕ мын цалдӕр хорз ӕмбалы ис, ӕмӕ семӕ алы бон дӕр ныхас кодтон. Ме ’нкъарӕнты тыххӕй-иу сӕм ныффыстон кӕнӕ-иу сын сӕ радзырдтон. Уый мын тынг баххуыс кодта». Сашӕ та загъта: «Ӕппӕты ахсджиагдӕр мын уыди мӕ бинонты ӕххуыс. Мӕ мад ӕдзух мӕ фарсмӕ уыд. Ӕмӕ-иу мӕ аныхас кӕнын куы фӕндыд, уӕд-иу мӕм алы хатт дӕр байхъуыста. Мӕ фыд дӕр архайдта, цӕмӕй ӕгӕр ма тыхстаин, ӕмӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй та мӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид».

Ӕдзух кув.

Кармен загъта: «Ӕдзухдӕр куывтон. Ӕмбӕрстон ӕй, Хуыцау мӕ фарсмӕ кӕй ис, кӕй мӕ хъусы ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны. Кӕд уый уӕззау рӕстӕг уыд, уӕддӕр Хуыцаумӕ баввахс дӕн».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын