Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/02 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Ӕмбырдтӕ фидар кӕнӕнт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Ӕмбырд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Фембӕлдты иннӕты фидар кӕныныл архайыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 4/02 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Паддзахады залы бынӕттӕ куы нӕ фаг кӕна ӕмӕ ӕмбырд адих кӕнынӕн дӕр фадат куы нӕ уа, уӕд цы ис саразӕн?

Бирӕ ӕмбырдтӕ тагъд кӕй рӕзынц, уымӕ гӕсгӕ залы бынат нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та сабаты ӕмӕ хуыцаубоны фембӕлдты. Алы хатт уый тыххӕй ӕндӕр ӕмбырд аразын нӕ фӕхъӕуы. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, ӕмбырд адих кӕныныл куы батагъд кӕнынц, уӕд уый бирӕты ныфс асӕтты. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет хъуамӕ лӕмбынӕг ӕркӕса дӕлдӕр лӕвӕрд уынаффӕтӕм.

Стыр ӕмбырд куы дих кӕной, уӕд ног ӕмбырды хъуамӕ уа ӕппынкъаддӕр 75—80 хъусынгӕнӕджы, уацамынды иудадзыг чи цӕуы, ахӕмтӕ. Уыцы ӕмбырды ма хъуамӕ уа, ӕмбырдӕн хорз разамынд чи дӕтта, цалдӕр ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕры дӕр. Бынӕттӕ кӕд ӕрмӕст сабат-хуыцаубоны нӕ фаг кӕна, уӕд раныхас дӕр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыркӕнынад дӕр ис къуыри дыууӕ хатты уадзӕн. Ӕмбырд ахицӕнгӕнӕн ис чиныгахуыркӕнынады къордтӕм гӕсгӕ, цӕмӕй хицӕн фембӕлдтӕм цӕуой. Иу ӕфсымӕрӕн йӕ бон у дыууӕ фембӕлды дӕр ныхасы рацӕуын, фӕлӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыркӕнынад хуыздӕр уаид бахӕс кӕнын ӕндӕр ӕфсымӕрӕн. Афтӕмӕй Паддзахады залы ӕгӕр бирӕ адӕм нал ӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ фаг кӕндзӕн, цӕмӕй лӕггаддзинады фембӕлды хӕйттӕ ӕмӕ Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕной. Фӕстӕдӕр, ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ куы фӕфылдӕр уой, уӕд ног ӕмбырд саразыныл дӕр уыдзӕн аныхас кӕнӕн.

Ӕмбырды хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕндӕр горӕты куы цӕрой ӕмӕ сын фӕндагыл бирӕ рӕстӕг куы цӕуа, кӕнӕ сӕ ӕндӕр исты куы хъыгдара, уӕд хорз уаид ног ӕмбырд саразын, кӕд хъусынгӕнджыты нымӕц, уӕлдӕр куыд загътам, уыйбӕрц нӕ уа, уӕддӕр. Уыцы фарстайыл хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн йӕ бон у районон цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕнын, иннӕ хатт се ’мбырды куы уа, уӕд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын