Бинонтӕн сӕ бон куыд у сӕ уырнындзинад фидар кӕнын?
1 Чырыстон бинонтӕ хӕдзары дӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй раппӕлинаг сты (1 Тим. 5:4, НД). Фӕлӕ нӕ алыварс цы бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ис, уыдонӕй тӕссаг у нӕ уырнындзинадӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бинонтӕ хъуамӕ зӕрдӕбынӕй архайой сӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныныл. Куыд?
2 Чырыстийау фӕзминаг хистӕртӕ ут. Бинонты хистӕртӕ хъуамӕ Йесо Чырыстийы фӕзмой ӕмӕ сӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕной. Йесо йӕхи нывондӕн кӕй радта, ӕрмӕст уымӕй нӕ равдыста йӕ уарзондзинад, фӕлӕ ма ӕмбырд кӕй «ӕфсады ӕмӕ [йӕ] хъармы [кӕй] дары», уымӕй дӕр (Еф. 5:25—29, НФ). Уарзӕгой ныййарджытӕ дӕр Йесойы фӕзмдзысты ӕмӕ кӕддӕриддӕр сӕ хъус дардзысты сӕ бинонты монон домӕнтӕм. Уымӕ хауы бинонтимӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, библион ӕрмӕг лӕмбынӕг ӕвзарын ӕмӕ зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд сӕ уайтагъд скъуыддзаг кӕнын (Дык. з. 6:6, 7).
3 Уацамынды. Бинонтӕй алчидӕр хъуамӕ ӕмбара, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй адӕмӕн хъусын кӕнын, ахсджиаг кӕй у (Ис. 43:10—12). Ныййарджытӕ, кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уой, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ хъуамӕ гыццылтӕй райдайат цӕттӕ кӕнын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ. Дзурут сын, цӕмӕн хъӕуы алы къуыри дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнын (Матф. 22:37—39). Уый фӕстӕ сӕ уемӕ уацамынды арӕхдӕр кӕнут.
4 Хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ бамбарой, уый тыххӕй алы къуыри дӕр уӕ бинонтимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнут, уӕд хицӕн кӕнут рӕстӕг уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕмӕ ныхас ӕнтыстджынӕй куыд ис райдайӕн, уый фӕлхат кӕнынӕн. Алкӕйдӕр сӕ хицӕнӕй уацамындмӕ цӕттӕ кӕнут, цӕмӕй сӕ кар ӕмӕ сӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ хуыздӕр арӕхсой хъусын кӕнынмӕ. Уацамынды иумӕ куы уат, уӕд уый фӕстӕ семӕ аныхас кӕнут, Иегъовӕйы хорзӕх куыд банкъардтой, уый тыххӕй. Хӕссут сын уырнындзинад фидаргӕнӕг цӕвиттонтӕ. Бинонтӕ, «Хицау хорз кӕй у», уый цас фылдӕр ӕмбарой, уыйас Иегъовӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзысты, ӕмӕ сын уый ӕххуыс кӕндзӕн «алы фыддзинады» ныхмӕ лӕууынӕн дӕр (1 Пет. 2:1—3).
5 Ӕмбырды фембӕлдты. Куыд хорз вӕййы, бинонтӕ кӕрӕдзийӕн куы феххуыс кӕнынц фембӕлдтӕм цӕуынӕн, уӕлдайдӕр та сӕ исчи фӕллад, ныфссаст куы уа, уӕд! «Мӕ фыд куыстӕй фӕлладӕй ӕрбацӕуы,— загъта иу ӕвзонг хо.— Фӕлӕ йын куы радзурын, изӕры фембӕлды цӕуыл дзурдзысты, уый, уӕд ӕй бафӕнды цӕуын, ӕмӕ ӕз куы вӕййын фӕллад, уӕд та мӕ уый фӕразӕнгард кӕны цӕуынмӕ» (Дзут. 10:24, 25).
6 Иумӕ архайут. Бинонтӕ иумӕ хъуамӕ архайой, зӕгъӕм, хӕдзары куыстытӕ хъуамӕ иумӕ кӕной. Рӕстӕг ма хицӕн кӕнын хъӕуы улӕфтӕн дӕр. Бинонтӕ иумӕ ӕрдзы хъӕбысы куы улӕфой, куы тезгъо кӕной, истӕмӕй куы хъазой ӕмӕ уазӕгуаты сӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ сӕ хӕлӕрттӕм куы цӕуой, уӕд сын уый сӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ӕхсызгонӕй мысдзысты (Екк. 3:4).
7 Фидар чырыстон бинонтӕ алы бон дӕр хъӕддых лӕууынц, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цы хъуыддӕгтӕй у, уыдонӕн. Иегъовӕмӕ цас хӕстӕгдӕр кӕнынц, уыйас сын фылдӕр тых дӕтты (Еф. 6:10).