Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/08 3–4 фф.
  • Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл дзур!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл дзур!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕсынмӕ зивӕг ма кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Хуыцауы организаци дын цины хос уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕрухсы хос уӕд
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 5/08 3–4 фф.

Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл дзур!

1 Сионы алыварс чи зылд, уыцы израилӕгты псаломзарӕггӕнӕг разӕнгард кодта, цӕмӕй йын йӕ мӕсгуытӕ банымадтаиккой, дзӕбӕх сӕ федтаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид уый тыххӕй сӕ цотӕн радзурын. Йегъовӕйы кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуамӕ тынг фӕндыдаит, зӕххыл разамынд кӕм дӕтты, уыцы бынаты тыххӕй алцыдӕр бӕстон зонын. Уыцы хабӕрттӕ сын зынаргъ уыдысты, уымӕн ӕмӕ уыцы горӕт уыд Йегъовӕйы номыл. Уыцы хабӕрттӕ хъуамӕ иннӕтӕн дзырдтаиккой, уӕлдайдӕр та сӕ цотӕн (Пс. 48:12, 13).

2 Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах разамынд Сионӕй нал дӕтты, фӕлӕ уӕларвон Иерусалимӕй (Дзут. 12:22). Йегъовӕйы Паддзахад ис Йесо Чырыстийы къухы ӕмӕ йӕ Паддзах сси 1914 азы (Рарг. 12:10). Уыцы Паддзахад цы аразы, уый тыххӕй нӕ тынг фӕнды зонын. Стӕй ма нӕ фӕнды зонын, Йегъовӕ зӕххыл йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд куыд дӕтты ӕмӕ йын йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Уыцы диссаджы хабӕрттӕ бӕстон фыст сты чиныджы «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога». Куыд ӕхсызгон нын уыд, цалдӕр азы размӕ йӕ куы райстам, уӕд!

3 Ацы чиныг уӕ бинонтӕ дӕр райстой? Фӕкӕсыс ӕй? Цы хабӕрттӕ дзы базыдтай, уыдоныл иннӕтимӕ фӕдзурыс?

4 Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ чиныджы нывтӕ ӕмӕ сӕргӕнттӕм куы ӕркастысты, уӕд уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди. Ӕркӕсӕм, иуӕй-иутӕ цы загътой, уымӕ.

5 Иу хо ныффыста: «Цы чингуытӕ кастӕн, уыдонӕй иу дӕр афтӕ тынг мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Кӕсын ӕй куы райдыдтон, уӕд мӕ тынг бафӕндыд, тагъддӕр ӕй куы фӕуин ӕмӕ та йӕ ногӕй кӕсын куы райдаин. Ныр 25 сӕрыл дӕн. Куы йӕ фӕкӕсын, уӕд мӕ цӕстытӕ доны разилынц, ӕмӕ йӕ цас фылдӕр кӕсын, уыйас ноджы тынгдӕр уарзын Йегъовӕйы. Ацы чиныг адӕймаджы ныфс уадзы ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад фидар кӕны».

6 Йегъовӕйӕн 40 азӕй фылдӕр чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Ацы чиныг афтӕ диссаг кӕй разындзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Кастӕн ӕй ӕнафонтӕм ӕмӕ-иу райсомӕй раджы дӕр сыстадтӕн, афтӕмӕй йӕ дыууӕ къуыримӕ каст фӕдӕн. Цы чингуытӕ кастӕн, уыдонӕй ацы чиныгӕй зӕрдӕмӕхъаргӕ дӕр нӕй. Хабӕрттӕ дзы диссаджы бӕстон фыст сты, фӕлӕ ма диссаг у ныфс дӕттынмӕ дӕр».

7 Ӕппынӕдзух дӕр ӕй кӕс. Иуӕй-иутӕ чиныг ӕнӕхъӕнӕй уайтагъд бакастысты ӕмӕ йӕ стӕй ногӕй кӕсын райдыдтой, ӕрмӕст сындӕггай.

8 Кӕд ма дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у, уӕд ацы чиныг кӕсӕн ис бинонты ахуыры рӕстӕг. Иуӕй-иу бинонтӕ йӕ кӕсын райдыдтой, куы йӕ райстой, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ рохуаты ныууадзын хъӕуы, зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, чиныг кӕсынӕн ӕмӕ йыл ныхас кӕнынӕн-иу 15–20 минуты куы ссарай, уӕд.

9 Ӕндӕр бинонтӕ та алы изӕр дӕр ӕхсӕвӕры фӕстӕ фӕкӕсынц дыууӕ-ӕртӕ фарсы, кӕнӕ иу-дыууӕ дӕлсӕргонды. Чи зоны чиныгӕй сӕхӕдӕг бирӕ бакастысты, фӕлӕ хорз вӕййы иумӕ йыл кӕй аныхас кӕнынц, уый. Афтӕ чи кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц. Чиныг кӕсгӕйӕ бирӕ хабӕрттӕ ӕрлӕууы сӕ зӕрдыл. Ӕхсызгон сын вӕййы, сӕхӕдӕг цы хабӕрттӕн уыдысты ӕвдисӕн, уыдоны тыххӕй куы бакӕсынц ӕмӕ сыл куы аныхас кӕнынц.

10 Дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ дын, чи зоны, ӕнцондӕр у иунӕгӕй кӕсын. Иу хо филиалмӕ ныффыста: «Ацы чиныг гыццылгай фӕкӕсын алы изӕр дӕр фынӕйы размӕ. Уый фӕрцы рӕстдзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарзын, стӕй Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕнын. Стыр бузныг дзы дӕн, йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй. Алы сыф дӕр тынг ӕхсызгонӕй бакӕсын».

11 Кӕд чиныг стыр у, уӕддӕр йӕ хицӕн хӕйттӕ стыр не сты. Фыццаг хайы 108 фарсыл цыбыртӕй бирӕ цаутӕ фыст ӕрцыд – Авелы бонтӕй 1992 азмӕ. Ӕндӕр хӕйттӕ та ахсынц 13-ӕй 150 фарсы онг. Алы хайы дӕр ис цалдӕр сӕры. Тагъд-тагъд бакӕсыны бӕсты-иу бакӕс иу хай, иу сӕр кӕнӕ иу дӕлсӕргонд, ӕмӕ-иу ыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн.

12 Рӕстӕг ар, цы кӕсыс, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Чиныг кӕсгӕйӕ дӕ нысан цы хъуамӕ уа? Нӕ нысан нӕу чиныг ӕнӕуи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Чиныджы «Возвещатели» фыст ис нӕ истори, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хорз зонӕм. Рӕстӕг арын хъӕуы, цӕмӕй, цы бакастӕ, уымӕн йӕ хъуыды бамбарай. Йегъовӕйӕн йӕ рагон Ӕвдисӕнты хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй сӕ у дӕ бон бафӕзмын, ууыл (Дзут. 12:1, 2). Бирӕтӕ раст дин куы ныууагътой, уыцы рӕстӕджы тыххӕй кӕсгӕйӕ, дӕ хъус уӕлдай тынгдӕр ӕрдар, цы къӕппӕджыты бахаудысты, уымӕ, цӕмӕй дӕхи уырындзинад бахъахъхъӕнай. Нӕ рӕстӕджы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ та лӕмбынӕг у, Хуыцау кӕй уылты архайдта, уыцы лӕггадгӕнджытӕм цавӕр миниуджытӕ уыд ӕмӕ куыд ӕвдыстой, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй уыд, уымӕ. Стӕй ма дӕ хъус дар, алыхуызон фӕлварӕнты (иуӕй-иутӕ дзы уӕлдай зын уыдысты) сӕхи куыд дардтой (Дзут. 13:7).

13 Дӕ уырнындзинад ма бафидар уыдзӕн, бӕстондӕр куы ӕркӕсай, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ Ныхас куыд ӕмбарын кодта, уымӕ. Йегъовӕйы организаци размӕ куыд цыд, уый хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Куыннӕ цин кӕндзыстӕм, хорз хабар зӕххыл куыд парахат кодта ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уыдӕтты тыххӕй кӕсгӕйӕ. Ӕхсызгон нын куыннӕ уыдзӕн, дунейы алы къуымты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йӕ Паддзахады хабар зӕрдиагӕй куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд сыл цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй кӕсын. Нӕ фӕлварӕнтимӕ тох кӕнын нын ӕнцондӕр уыдзӕн, куы бакӕсӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы кӕй уарзтой, уый фӕрцы фидар кӕй фӕлӕууыдысты.

14 Чиныгӕй цасдӕр куы бакӕсай, уӕд-иу рӕстӕг ссар, цы хорз хъуыдытӕ дзы ис, уыдоныл аныхас кӕнынӕн ӕмӕ иуӕй-иу хабӕрттӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд-иу сын зӕгъ, цӕмӕй бамбарын кӕной, къамты цы уынынц, уый ӕмӕ радзурой, уыцы адӕмы тыххӕй цы зонынц. Чиныг иунӕгӕй куы кӕсай, уӕддӕр архай, цы базыдтай, ууыл иннӕтимӕ ныхас кӕныныл. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу чиныджы хабӕрттыл аныхас кӕн, уацамынды ногӕй кӕмӕ фӕцӕуыс ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонимӕ. Иннӕтӕн сӕ куы дзурӕм, уӕд нӕ хъуыдыйы ӕмӕ нӕ зӕрдӕты ныффидар уыдзысты, ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр пайда уыдзысты.

15 Дӕ хъус дар лыстӕгдзинӕдтӕм. Чиныг «Возвещатели» кӕсын дын ӕхсызгон дӕр уыдзӕн ӕмӕ пайда дӕр.

16 Фӕнды дӕ дӕ бинонтимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ ацӕуын? 208, 209 фӕрстыл цы къамтӕ ис, уым ӕвдыст цӕуынц, сӕдӕ азы размӕ нӕ организацийӕн Питтсбурджы цы бӕстыхӕйттӕ уыд, уыдон. 216, 217 фӕрстыл та ис, фӕстӕдӕр Бруклины цы агъуыстытӕй пайда кодтой, уыдон. 352–356 фӕрстыл цы къамтӕ ис, уыдонӕй та базондзынӕ, абон Разамонӕг совет кӕм ӕмбырд кӕны, уый. 26 ӕмӕ 27 сӕрты дзырд цӕуы, Вефил куыд кусы, ӕмӕ 295–298 фӕрстыл та – Вефилы царды тыххӕй.

17 Нӕ фылдӕрӕн йӕ бон нӕу искӕцы филиалмӕ ацӕуын. Чиныджы «Возвещатели» 357–401 фӕрстыл цы къамтӕ ис, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ дунейыл ӕрзилӕн ис. Тагъд-иу ма кӕн, алы бӕстӕмӕ ӕркӕсынӕн дӕр-иу иугыццыл рӕстӕг рахицӕн кӕн. 415–517 фӕрстыл цы картӕтӕ ис, уым сӕ ссар. Филиалты къамтӕм цы фыстытӕ ис, уыдон дӕр кӕс. Индексы руаджы дӕ бон у алы бӕстӕйы тыххӕй дӕр фылдӕр ӕрмӕг ссарын. Уый у замманай фадат, цӕмӕй иннӕ бӕстӕты дӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ базонгӕ уай.

18 Адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд иуӕй-иу хатт фӕхъазынц, дунейы кӕм ӕмӕ кӕд цы ӕрцыд, уый чи базондзӕн, ахӕм хъазтӕй. Фӕлӕ хуыздӕр нӕ уаид, Йегъовӕйы адӕмы истори ӕмӕ ахсджиаг цаутӕ кӕд ӕрцыдысты, уый зонын? Ахӕм хабӕртты хыгъд ис ацы чиныджы 718–723 фӕрстыл. Уыцы хыгъды ис ахсджиаг цаутӕ фыст; уыцы хабӕртты тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕн йӕхицӕй. Хыгъдӕй пайда кӕн, цӕмӕй, цы бакастӕ, уыдӕттӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай. Чи зоны сӕ ӕрыгӕттӕ тагъддӕр ӕрхъуыды кӕной, ацӕргӕты та фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа. Нӕ организацийы хабӕрттӕ зонын алкӕмӕн дӕр пайда уыдзӕн. Уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ кӕд ӕрцыдысты, уый куы зонай, уӕд дӕ бон уыдзӕн бирӕ лыстӕгдзинӕдтӕ радзурын. Стӕй радзур, алы цауӕй дӕр Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый. Уый фӕстӕ та аныхас кӕн, уый дӕхиуыл куыд ӕндавы ӕмӕ дын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны.

19 Цы фадӕттӕ дын ис, уыдоныл ахъуыды кӕн. Чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога» куы кӕсай ӕмӕ йыл куы ныхас кӕнай, уӕд бамбардзынӕ, Исайы 60:22 абон куыд ӕххӕст кӕны, уый. Чиныджы 519 фарсыл фыст ис: «Хуыцауы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, „армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин“, сӕххӕст сты! 50 бӕстӕйӕ фылдӕры, „армыдзаг“ дӕр кӕм нӕ уыд, уым абон мингӕйттӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынц (1919 азы дзы кӕцыдӕр бӕстӕты иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕ уыд). Уыцы бӕстӕтӕй иуӕй-иуты ныр дӕсгай минтӕ, кӕм та сӕдӕ минӕй фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй! Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы „тыхджын“ адӕм. Дунейы се ’мбырдты цы адӕм ис, уыдон сты, ӕппынкъаддӕр, 80 бӕстӕйы алкӕцыйы дӕр цас цӕрджытӕ ис, уымӕй фылдӕр».

20 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар афтӕ кӕй апарахат, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъусын кӕнын нал хъӕуы. Уый нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддаг ноджы фӕтагъддӕр кодта. Ды дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕндзынӕ? Уыцы хъуыддаджы дын цы фадӕттӕ ис, уый зоныс? Иннӕтӕ цы аразынц, уый тыххӕй ацы чиныджы куы бакӕсай, уӕд дӕу дӕр, чи зоны, бафӕнда нӕ уарзӕгой фыд Йегъовӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы абон цы куыстӕн дӕтты разамынд, уыцы диссаджы хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ фылдӕр архайын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын