Алы бон дӕр хъус Иегъовӕйы Ныхасмӕ!
1 Нӕ уырнындзинад алы бон дӕр цӕуы фӕлвӕрд. Чи зоны дын дӕ зонгӕтӕ ӕппынӕдзух дзурынц, цӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлай. Дӕ ахуыргӕнӕджы фӕнды, цӕмӕй карьерӕйыл ахъуыды кӕнай, кӕнӕ та дӕ куысты хицауы фӕнды, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг кусай. Чи зоны де ’нӕниздзинад фӕцудыдта. Кӕд ӕппынӕдзух ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс, уӕддӕр рохуаты нӕ дӕ. Иегъовӕ дын ратдзӕн зондджындзинад, цӕмӕй сӕ сфӕразай. Иегъовӕйы Ныхас иудадзыг ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕны, брошюрӕ «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ»-йы (уырыс.) цы библион стихтӕ ӕмӕ комментаритӕ ис, уый. Ацы диссаджы ӕрмӕг дын исты пайда у?
2 Ӕххуыс. Исайы 30:20-ӕм стихы (НД) Иегъовӕйы тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый у «Номдзыд Зондамонӕг», кӕцыйӕ Хуыцауы адӕм ӕххуыс курынц. Дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд дын Хуыцау ӕххуыс кӕны. Куыд ӕххуыс кӕны? Иннӕ стих ӕмбарын кӕны: «Дӕхи хъусӕй фехъусдзынӕ фӕсте дӕм хъӕлӕс куыд дзурдзӕн, уый: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“». Абон Иегъовӕйы «ныхас» бакӕсӕн ис Библийы ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» публикациты (Мтф. 24:45). Ӕрмӕст «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» фӕстаг статьяты дӕр бирӕ зондджындзинад ис ӕмӕ сӕ ӕвзӕрст цӕуы чырыстон царды алы фадыг дӕр. Брошюрӕ «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ»-йы амынд статьятӕ куы ӕвзарай, уӕд ссардзынӕ, алыхуызон фӕлварӕнты дын тынг чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм зонындзинӕдты хӕзнадон (Ис. 48:17).
3 Ссар рӕстӕг. Иу хо, кӕд райсомӕй тынг ӕнӕвдӕлон вӕййы, уӕддӕр ӕрвылбоны стих ӕмӕ йӕм цы комментаритӕ вӕййы, уыдон йӕ фыртимӕ бакӕсы ӕмӕ сыл ӕрныхас кӕны, цалынмӕ уый аходӕн фӕхӕры, уӕдмӕ. Алы райсом дӕр-иу лӕппу хъуыста ацы ныхӕстӕм ӕмӕ куывдмӕ, цалынмӕ-иу скъоламӕ ацыд, уӕдмӕ. Уыдон ын ӕххуыс кодтой ӕнӕгъдау хъуыддӕгты ныхмӕ фидар лӕууынӕн, национализмимӕ баст хъуыддӕгтӕгтӕй хи бахизынӕн ӕмӕ ӕцӕгады тыххӕй ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ныфсджынӕй дзурынӕн. Кӕд скъолайы уый йеддӕмӕ Ӕвдисӕн нӕ уыд, уӕддӕр йӕхи иунӕг никуы хатыдис.
4 Разамынд агур Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Ныхасы. Афтӕмӕй дын уый суыдзӕн ӕцӕг хӕлар. Кув ӕм алы бон дӕр! Ӕппӕт зӕххыл ма Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр цы милуангай адӕм кӕсы, уыдонимӕ ды дӕр чи зоны фӕхатай, дӕ цӕстытӕ цадӕггай кӕй кӕнынц, «Номдзыд Зондамонӕджы цы цӕстытӕ уынынц», уыдон хуызӕн.