Адӕмы цард ис тӕссаг уавӕры!
1 Библи бӕлвырд ӕвдисы, Иегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой». Фӕлӕ раст у, зӕххыл цӕрӕг миллиардтӕн сӕ фидӕн кӕй у баст сӕ ахастыл Иегъовӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадмӕ, кӕцыйыл къухдариуӕг кӕны Йесо Чырысти. Ӕмбӕлон ахаст бындуриуӕг кӕны ӕрмӕстдӕр «ӕцӕгады тыххӕй дырыс зонындзинӕдтыл» (1 Тим. 2:3, 4, НД). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, тагъд зӕхх ӕппӕт ӕвзӕрдзинадӕй сыгъдӕггонд кӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй дзы Хуыцауы ног рӕстаг дунейӕн бынат уа, фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай ис хӕслӕвӕрд: ахсджиаг ирвӕзынгӕнӕн куысты архайын (Мтф. 24:14; 28:19, 20; Ром. 10:13—15).
2 Афтӕ ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы архайын? Йесо дзырдта, кӕй уыдзӕн «стыр зындзинад, цавӕр нӕ уыд дунейы райдайӕнӕй» (Мтф. 24:21). Уыцы зындзинадӕн йӕ кӕрон уыдзӕн Армагеддон (Рарг. 16:16). Тынг бирӕ адӕм куынӕггонд ӕрцӕудзысты, хорз уацхъуыдмӕ сӕ хъус куы нӕ ӕрдарой, уӕд. Уыдоны ’хсӕн сты нӕ ӕнӕуырнӕг хӕстӕджытӕ, нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ, не ’мкъласонтӕ ӕмӕ нӕ зонгӕтӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды хорз уацхъуыд «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр фехъусын кӕнын; афтӕмӕй Хуыцауы фӕзмдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый йӕ Фырт Йесо Чырыстийы радта адӕмы сӕраппонд куыд ахӕстаргъ ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, ӕппӕт адӕмы дӕр кӕй уарзы, уый (Иоан. 3:16). Мах хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм ӕмӕ адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй лидзой, Хуыцау цы ӕдас бынат ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм. Ӕппӕт тыхтӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд искӕй мӕлӕты аххосджын нӕ уыдзыстӕм (Иез. 33:1—7; 1 Кор. 9:16).
3 Цы у нӕ хӕс? Хуыцауы Ныхасы ӕргом здӕхт цӕуы, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уымӕ. Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй нӕ «Чырыстийы уарзондзинад разӕнгард кӕны» Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрынмӕ (2 Кор. 5:14, НД). Уымӕй уӕлдай ма «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» дӕр арӕх дзырдӕуы хъусын кӕныны тыххӕй. «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы ӕдзухдӕр лӕвӕрд цӕуынц амындтӕ, куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уымӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ разамынд дӕттынц хъуыддагӕн ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дзы хайад исӕм. Хотӕ ӕмӕ нӕ ӕфсымӕртӕ хонынц семӕ уацамындмӕ. Арӕх фехъусӕм, нӕхи кӕй хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм ныхас райдайынмӕ, куыд ис журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр литературӕ дӕттӕн, дыккаг хатт адӕймагмӕ бацӕуӕн, Библи ахуыр кӕнӕн ӕмӕ хъусын кӕныны алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ нын ӕххуыс кӕнынц нӕ хӕс ӕххӕст кӕнынӕн — ахсджиаг ирвӕзынгӕнӕн куысты архайын (1 Кор. 9:22, 23; Еф. 1:13).