Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/00 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кӕн Библи гом кӕнынмӕ
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн мидисджын раныхас
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕс
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 9/00 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Докладгӕнӕг йӕ раныхасы рӕстӕджы хъусджытӕн стихтӕ кӕй фӕкӕсын кӕны, уый сын пайда цӕмӕн у?

Цы темӕйыл дзурдзӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй искӕцы скъуыддзаджы стихтӕ фӕд-фӕдыл ӕвзӕрст цӕудзысты ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ сбӕлвырдгӕнӕн ис, хъусджытӕн цал стихы хъӕуы бакӕсын кӕнын, уый.

Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, иуырдыгӕй стихтӕ кӕсын хъӕуы, цӕмӕй хъусджытӕ сбӕлвырд кӕной, докладгӕнӕджы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр Библийы кӕй сты, уый (Ап. к. 17:11). Иннӕрдыгӕй та стихтӕ хъӕуы кӕсын, цӕмӕй хъусджытӕ феной, цы фарст ӕвзӕрст цӕуы, уый Библи куыд бӕлвырд кӕны, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна. Хъусджытӕ сӕйраг стих куы бакӕсой ӕмӕ куы базоной, Библи цы дзуры, уый, уӕд сыл уый ноджы тынгдӕр бандавдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма хорз у раныхас цыбыртӕй фыссын ӕмӕ дзы цы бирӕ хъуыдытӕ уа, уыдоныл хъуыды кӕнын.

Кӕд Ӕхсӕнады конспекты темӕйы пункттӕ сӕ кӕрӕдзийыл бӕттынӕн бирӕ стихтӕ вӕййы, уӕддӕр уыдон сты фыст докладгӕнӕгӕн, цӕмӕй йын баххуыс кӕной раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн. Уыдонӕй йӕ бон у спайда кӕнын куыд уӕлӕмхасӕн ӕрмӕгӕй ӕмӕ ма йын ноджы баххуыс кӕндзысты, раныхасы цы сӕрмагонд библион принциптӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ темӕйы пунктты бастдзинад бамбарынӕн. Докладгӕнӕг сбӕлвырд кӕны, раныхасы темӕ райхалынӕн кӕцы стихтӕ сты ахсджиагдӕр, уый, ӕмӕ сӕ куы кӕса ӕмӕ сӕ куы ӕмбарын кӕна, уӕд хъусджытӕн хъуамӕ зӕгъа, цӕмӕй сӕ уыдон дӕр кӕсой. Конспекты фыст ныхӕстӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ма дзы цы стихтӕ уа, уыдоны тыххӕй та докладгӕнӕгӕн йӕ бон у зӕгъын кӕнӕ сӕ хи ныхӕстӕй радӕттын, хъусджытӕн сӕ нӕ хъӕуы кӕсын кӕнын.

Докладгӕнӕг ӕвзӕрст стихтӕ куы кӕса, уӕд хъуамӕ пайда кӕна компьютерыл мыхуыр сыфӕй нӕ, фӕлӕ Библийӕ. Хъусджытӕн дӕр сӕ куы кӕсын кӕна, уӕд хъуамӕ Библийы чиныг, сӕр ӕмӕ стих (стихтӕ) афтӕ зӕгъа, иууылдӕр ӕй куыд бамбарой. Уый фӕстӕ фарст куы радта кӕнӕ цалынмӕ цыбыртӕй дзура стихы тыххӕй, уӕдмӕ хъусджытӕ стих ссардзысты. Дыккаг хатт ма куы зӕгъа стих, уӕд уый дӕр баххуыс кӕндзӕн хъусджытӕн, цӕмӕй йӕ бахъуыды кӕной. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, куы нӕ сын зӕгъид, стих Библийы кӕцы фарсыл ис, уый, уымӕн ӕмӕ гӕнӕн ис, хъусджытӕ пайда кӕной Библийы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр тӕлмацтӕй. Докладгӕнӕг цы стихтӕ кӕса, уыдон хъусджытӕ дӕр куы кӕсой, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн банкъарынӕн, цавӕр тых ис Хуыцауы Ныхасӕн, кӕцы ӕвзӕрст цӕуы раныхасы (Дзут. 4:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын