Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/00 1 ф.
  • Алкӕддӕр тӕрсут Иегъовӕйӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алкӕддӕр тӕрсут Иегъовӕйӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Архай, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы Иегъовӕйы тас уа
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Иегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Районон конгрессы ног программӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 12/00 1 ф.

Алкӕддӕр тӕрсут Иегъовӕйӕ

1 «Зонды райдайӕн — Хицауӕй тасдзинад» (Пс. 110:10). Уый нӕ разӕнгард кӕны хорздзинадмӕ ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны фыддзинадӕй (Фӕс. н. 16:6). Иегъовӕйӕ тӕрсын нысан кӕны не Сфӕлдисӕгӕй ӕфсӕрмы кӕнын, ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕм хъусӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уымӕй. Уыцы миниуӕгыл хъӕуы ӕппынӕдзух кусын ӕмӕ йӕ царды ӕвдисын (Фӕс. н. 8:13).

2 Алы бон дӕр ныл Сайтаны дуне ӕнахуыр тынг ӕндавы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фыдвӕндӕгтыл цӕуӕм (Еф. 6:11, 12). Нӕ ӕнӕххӕст буар тӕригъӕдджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ разӕнгард кӕны ӕвзӕрдзинадмӕ (Гал. 5:17). Уӕдӕ, цӕмӕй Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, амондджын уӕм ӕмӕ ирвӕзындзинад райсӕм, уый тыххӕй алкӕддӕр хъуамӕ Хуыцауӕй тӕрсӕм (Дык. з. 10:12, 13).

3 Дзуттытӕм 10:25, 26-ӕм стихты фыст ис, зӕгъгӕ иумӕ хъуамӕ ӕмбырд кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм, «уӕлдайдӕр» та уый хъуамӕ аразӕм абон. Цӕмӕй фӕстаг бонты удӕгасӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иудадзыг фембӕлдтӕм цӕуӕм. Иегъовӕйы фӕхъыг кӕнынӕй куы тӕрсӕм, уӕд фембӕлдтӕм цӕудзыстӕм ӕмӕ сын тынг аргъ кӕндзыстӕм. Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон чырыстон фембӕлдты хайад исын нымайынц стыр кадыл.

4 Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕныны фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕйӕ дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм (Матф. 28:19, 20; Ап. к. 10:42). Нӕ уацамынды сӕйраг нысан у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Иегъовӕйӕ тӕрсой ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Уый нӕ къухы бафты, адӕммӕ дыккаг хатт куы фӕцӕуӕм, семӕ Библи ахуыр кӕныныл куы фӕархайӕм ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕныныл куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд. Ахӕм хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйӕ кӕй тӕрсӕм ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм (Матф. 22:37—39).

5 Хуыцауӕй чи нӕ тӕрсы, уыдон духовон хъуыддӕгтӕн нӕ аргъ кӕнынц ӕмӕ бахауынц мӕлӕтхӕссӕг дунейы уӕлдӕфы, кӕнӕ зондахасты ӕндавдады бын (Еф. 2:2). Цӕй уӕдӕ фӕндфидарӕй «кусӕм Хуыцауӕн... цыт дӕтгӕйӕ ӕмӕ тӕрсгӕйӕ» (Дзут. 12:28, НФ). Ӕмӕ банкъардзыстӕм, Иегъовӕйӕ алкӕддӕр чи тӕрсы, уыдонӕн куыд арфӕ кӕны, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын