Нӕ алыварсуӕвджыты ӕндӕвдад ӕмӕ нӕ бӕрны цы лӕггаддзинад ис, уый
1 Нӕ алыварсуӕвджытӕ ныл тынг ӕндавынц куыд хорзырдӕм, афтӕ ӕвзӕрырдӕм дӕр. Чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ныл ӕндавынц хорзырдӕм, разӕнгард нӕ кӕнынц хорз хъуыддӕгтӕм (Дзут. 10:24). Фӕлӕ нӕ гӕнӕн ис нӕ ӕнӕуырнӕг бинонтӕ, не ’мкусджытӕ, не ’мкъласонтӕ, нӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ иннӕ зонгӕтӕ кӕной чырыстон нормӕты ныхмӕ. Чи зоны, уыдон тӕрхон кӕнынц «Чырыстийы мидӕг нӕ хорз цардыл» (1 Пет. 3:16). Нӕ алыварсуӕвджытӕ ныл ӕвзӕрырдӕм куы ӕндавой, уӕд куыд ис дарддӕр дӕр зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕн?
2 Бинонтӕ. Арӕх бинонты хистӕры, Ӕвдисӕн куы нӕ вӕййы, уӕд ӕй нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ хӕдзӕрттыл зилой ӕмӕ хъусын кӕной. Ахӕм хабар ӕрцыд Мексикӕйы цӕрӕг бинонтыл дӕр. Иу лӕгӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ авд сывӕллоны базыдтой ӕцӕгад. Райдианы лӕг цыди сӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ бинонтӕ уацамынды цыдаиккой ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ библион литературӕ хастаиккой. Лӕг хъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыцы куыст сӕ аккаг нӕу. Фӕлӕ ус ӕмӕ сывӕллӕттӕ фидар лӕууыдысты ӕмӕ дарддӕр дӕр иудадзыг цыдысты уацамынды. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ лӕг ӕмбарын райдыдта Хуыцауы хъуыддаджы — уацамындон куысты — ахсджиагдзинад ӕмӕ уый дӕр йӕхи снывонд кодта Иегъовӕйӕн. Цӕмӕй ӕцӕгад райстаид, уый тыххӕй йӕ бахъуыд 15 азы, фӕлӕ йӕ бинонтӕ, сӕ бӕрны цы лӕггаддзинад уыд, уымӕ уазал цӕстӕй куы кастаиккой, уӕд уый ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдаид? (Лук. 1:74; 1 Кор. 7:16).
3 Ӕмкусджытӕ. Де ’мкусджытӕ дӕм иууылдӕр нӕ фӕхъусынц семӕ рӕстдзинадыл куы фӕныхас кӕныс, уӕд. Иу хо дзуры, зӕгъгӕ, куысты куы ныхас кодта ацы дунейы кӕроныл, уӕд ыл худын райдыдтой, уымӕ гӕсгӕ сын загъта, цӕмӕй-иу Матфейы 24-ӕм сӕр бакӕсой. Фӕлӕ йын цалдӕр боны фӕстӕ йе ’мкусджытӕй иу сылгоймаг загъта, уыцы сӕр кӕй бакаст ӕмӕ йыл кӕй бандӕвта. Радта йын публикаци ӕмӕ уыцы сылгоймаг йӕ лӕгимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Фыццаг ахуыр сын ахаста ӕхсӕвы дыууӕ сахатмӕ. Ӕртыккаг ахуыры фӕстӕ райдыдтой цӕуын ӕмбырдтӕм, цасдӕры фӕстӕ ныууагътой сӕ тамако ӕмӕ уацамынды хайад исын райдыдтой. Цымӕ ацы хъуыддаг ӕрцыдаид, нӕ хо куы нӕ архайдтаид йӕ ныфсы тыххӕй адӕмимӕ дзурыныл?
4 Ӕмкъласонтӕ. Диссаг нӕу, ӕвзонг Ӕвдисӕнтыл скъолайы се ’мцахъхъӕнтӕ кӕй ӕндавынц ӕмӕ кӕй тӕрсынц, сӕ хӕлӕрттӕ сыл кӕй худдзысты, куы сын хъусын кӕной, уӕд. Иугонд Штаттӕй иу чырыстон чызг загъта: «Ӕз мӕ ныфс нӕ хастон ме ’мцахъхъӕнтӕн хъусын кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, хынджылӕг кӕнын мӕ кӕй райдайдзысты, уымӕй». Уымӕ гӕсгӕ уый ницы дзырдта йе ’мцахъхъӕнтӕн нӕдӕр скъолайы ӕмӕ нӕдӕр хӕдзарӕй-хӕзармӕ цӕугӕйӕ. Куыд ис фидар фӕлӕууӕн ӕмцахъхъӕнты ӕндӕвдадмӕ нӕкӕсгӕйӕ? Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ ссарыныл архай (Фӕс. н. 29:25). Сӕрыстыр у, уацамынды Хуыцауы Ныхасӕй дӕ бон пайда кӕнын кӕй у, уымӕй (2 Тим. 2:15). Уыцы чызг куывта Иегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй, цӕмӕй йӕ сразӕнгард кодтаид скъолайы йӕ хӕлӕрттимӕ дзурынмӕ. Уый райдыдта ныхас кӕнын скъолайы-иу ӕнӕнхъӕлӕджы кӕуыл фембӕлд, уыдонимӕ ӕмӕ ӕнтыстджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныфс бахаста, кӕйдӕриддӕр зыдта, уыдонимӕ дзурынмӕ. Уый ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: «Фӕсивӕды хъӕуы ныфс фидӕны тыххӕй, фӕнды сӕ ныфсимӕ цӕрын, ӕмӕ нӕ Иегъовӕ пайда кӕны, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕнӕм».
5 Сыхӕгтӕ. Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ сыхӕгтӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, мӕсты кӕной; уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ ма цӕуа цӕуыл ӕууӕндӕм, уый дӕр. Уыдон цы хъуыды кӕнынц, уый дӕ куы тыхсын кӕна, уӕд дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгад зонынц? Куыд у мӕ бон сӕ зӕрдӕтыл бандавын? Иу районон цӕстдарӕг загъта, зӕгъгӕ, ӕнтыстджын уыдзынӕ, сабыргай сын куы хъусын кӕнай, уӕд. Иегъовӕмӕ кув ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс ӕмӕ зондджындзинады тыххӕй, цӕмӕй дарддӕр дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурай (Фил. 4:13).
6 Нӕ алыварсуӕвджыты ӕндӕвдады бын куы бахауӕм, уӕд уый, чи зоны, сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, фӕлӕ дзы не ’ппӕтдӕр исты пайда райсдзыстӕм? Йесо йӕ райгуырӕн горӕты сӕмбӕлд ныхмӕлӕудыл. Ӕгӕрыстӕмӕй ма йӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕфхӕрдтой. Фӕлӕ уый фидарӕй зыдта, йӕ бон сын баххуыс кӕнын кӕй суыдзӕн, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕндагыл иузӕрдионӕй куы цӕуа, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ Йесо сфӕрӕзта, «йӕхи фыддӕрадӕн чи архайдта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ» (Дзут. 12:2, 3, НД). Мах ӕй хъуамӕ фӕзмӕм. Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕныны кадджын хӕслӕвӕрд ӕппӕт тыхтӕй ӕххӕст кӕн. Афтӕ кӕнгӕйӕ «уӕхи [дӕр] фервӕзын кӕндзыстут ӕмӕ сымахмӕ хъусджыты дӕр» (1 Тим. 4:16).