Теократон лӕггаддзинады скъола 2001-ӕм азӕн
1 Теократон лӕггаддзинады скъолайы нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон цас у, уыйбӕрц хайад кӕй хъуамӕ иса, уымӕн Фыстады ссарӕн ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ (Фӕс. н. 15:23; Матф. 28:19, 20; Ап. к. 15:32; 1 Пет. 3:15; 1 Тим. 4:12, 13; 2 Тим. 2:2).
2 Бирӕ азты дӕргъы Скъолайы лӕвӕрд цӕуы программӕ Библи ӕрвылкъуыри кӕсынӕн. Ацы программӕмӕ гӕсгӕ бон хъӕуы кӕсын иу фарсы бӕрц. Ацы азӕй Библи кӕсын хъӕудзӕн фысгӕ фӕлхат цы къуыри уа, уӕд дӕр. Ӕртӕ азӕн Библи кӕсынӕн цы уӕлӕмхасӕн программӕ уыд, уый фӕци. Фӕлӕ дӕ лӕвӕрд ӕрмӕгӕй фылдӕр кӕсын куы фӕнда, уӕд дӕ бон у дӕхицӕн пълан скӕнын.
3 Хӕслӕвӕрд № 2 цӕттӕгӕнгӕйӕ, ӕфсымӕртӕ ахуыр кӕнынц «адӕмӕн Фыстад кӕсын» (1 Тим. 4:13, НТ). Ацы хӕслӕвӕрд дын куы радтой, уӕд Библийӕ скъуыддзаг хъӕрӕй цалдӕр хатт бакӕс. Афтӕмӕй дӕ бон суыдзӕн хуыздӕр дзурын, дӕ интонаци ивын ӕмӕ хуыздӕр кӕсын.
4 Хӕслӕвӕрд № 3 бындуриуӕг кӕндзӕн чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг»-ыл, хӕслӕвӕрд № 4 та — чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ыл, кӕцы уагъд у уацамынды пайда кӕнынӕн. Нысангонд рӕстӕгмӕ лӕвӕрд ӕрмӕг иууылдӕр дӕ бон равзарын куы нӕ уа, уӕд дзы равзар, уе ’мбырды территорийы фылдӕр пайда чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы хай. Спайдагӕнӕн ис, уӕ территорийы чи сбӕзза, ахӕм уавӕрӕй.
5 Архай, цӕмӕй цӕттӕ кӕнай, Скъолайы дын цы хӕслӕвӕрдтӕ дӕттой, уыдон иууылдӕр. Ссар фаг рӕстӕг хорз бацӕттӕ кӕнынӕн, ӕмӕ ныхасы рацӕугӕйӕ, зӕрдӕбынӕй дзур. 2001 азы Теократон лӕггаддзинады скъолайы зӕрдӕбынӕй хайад куы исай, уӕд уый ӕххуыс кӕндзӕн ӕмбырдӕн ӕмӕ дын дӕхицӕн дӕр ӕрхӕсдзӕн пайда.