Куыд ис адӕмы ӕууӕндын кӕнӕн
1 Апостол Павел зындгонд уыд, ӕууӕндын кӕнын чи зыдта, ахӕм хъусынгӕнӕгӕй (Ап. к. 19:26, НД). Суанг ма йын паддзах Агриппӕ дӕр загъта: «Иу гыццыл ма ӕмӕ ды разы кӕндзынӕ мӕн Чырыстон суӕвыныл» (Ап. к. 26:28). Павелӕн куыд ӕнтыст афтӕ ӕууӕндын кӕнын? Фыстады бындурыл-иу уый кодта зондджын хатдзӕгтӕ ӕмӕ йын-иу йӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хъусджытӕ ӕмбӕрстой (Ап. к. 28:23).
2 Павелау мах дӕр хъуамӕ уацамынды ӕууӕндын кӕнын зонӕм. Куыд? Адӕмимӕ куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ сӕм куы хъусӕм, уӕд хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ (Фӕс. н. 16:23). Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты ӕртӕ ахсджиаг къахдзӕфы.
3 Лӕмбынӕг хъус. Адӕймаг куы дзура, уӕд ӕм байхъус, цӕмӕй, цы дзуры, уымӕй ныхас адарддӕр кӕнынӕн спайда кӕнай. Истӕуыл куы нӕ разы кӕна, уӕд бацархай раиртасыныл, йӕ аххосаг цӕй мидӕг ис, уый. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бӕлвырдӕй базонай, цӕуыл ӕууӕнды, цӕмӕ йыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ ууыл цы баууӕндын кодта, уый (Фӕс. н. 18:13). Адӕймагимӕ афтӕ ныхас кӕн, цӕмӕй йӕ мацӕмӕй фӕхъыг кӕнай.
4 Дӕтт фарстытӕ. Кӕд адӕймаг зӕгъа, Ӕртӕуоныл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, уӕд ӕй ис бафӕрсӕн: «Ӕртӕуоныл алкӕддӕр ӕууӕндыдтӕ?» Дарддӕр ын зӕгъ: «Искуы лӕмбынӕг ӕркастӕ, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ?» Дӕ бон ма у бафӕрсын: «Кӕд Хуыцау Ӕртӕуоны хай у, уӕд Библи уый тыххӕй хъуамӕ ма дзура?» Цы дзуапп фехъусай, уый дын баххуыс кӕндзӕн, Фыстад цы дзуры, ууыл адӕймагимӕ аныхас кӕнынӕн.
5 Хӕсс уырнинаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Иу Ӕвдисӕн фарст радта, Йесо Хуыцау кӕй у, ууыл чи ӕууӕндыд, ахӕм сылгоймагмӕ: «Куы дӕ фӕндид бамбарын кӕнын, дыууӕ адӕймаджы ӕмсӕр кӕй сты, уӕд цӕвиттонӕн бинонтӕй кӕй ӕрхӕссис?» Уый загъта: «Дыууӕ ӕфсымӕры». Ӕфсымӕр ма бафтыдта: «Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та фаззӕтты. Фӕлӕ Йесо куы дзырдта, Хуыцау у Фыд, йӕхӕдӕг та — Фырт, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы фӕндыд зӕгъын?» Сылгоймаг бамбӕрста, иу сӕ хистӕр кӕй у ӕмӕ йын фылдӕр бартӕ кӕй ис, уый (Матф. 20:23; Иоан. 14:28; 20:17). Ӕууӕндын кӕныны руаджы сылгоймаг уый бамбӕрста ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр бахъардта.
6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ алчи нӕ айсдзӕн, цыфӕнды раст ӕмӕ уырнинаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма хӕссӕм, уӕддӕр. Фӕлӕ Павелау мах дӕр нӕ территорийы зӕрдиагӕй агурӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ӕмӕ сӕ ӕууӕндын кӕнӕм Паддзахады тыххӕй уацхъуыдыл (Ап. к. 19:8).