Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/10 1 ф.
  • Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсс
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Хуыцауы Ныхас фидарӕй дзурыс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Куыд ис адӕмы ӕууӕндын кӕнӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 4/10 1 ф.

Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсс

1. Цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз амонӕм?

1 Апостол Павелау ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ ’мбарынц, адӕймагӕн ӕрмӕст Библийӕ стих бакӕсын фаг кӕй нӕу, цӕмӕй «ӕцӕгдзинады ныхас раст... амоной» (2 Тим. 2:15). Хуыцауы Ныхас адӕймагӕн куы фӕамонӕм, уӕд нӕ бон куыд у «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ» хӕссын? (Ап. хъ. 28:23).

2. Адӕймагӕн куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Библийӕн стырдӕр аргъ кӕна?

2 Библийӕн дзырды бар дӕтт. Фыццаг: цӕмӕй адӕймаг Библийӕн аргъ кӕна, уый тыххӕй йын равдис, Хуыцауы зондӕй фыст кӕй у. Куы йӕ уына, Библи Хуыцауы Ныхасыл кӕй нымайӕм, уӕд нӕм, чи зоны, хуыздӕр байхъуса (Дзут. 4:12). Нӕ бон у зӕгъын: «Мӕнмӕ цымыдисаг фӕкасти, Хуыцау ацы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Мӕнӕ-ма ’ркӕс, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ». Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алыхатт дӕр Библийӕн дзырды бар дӕтт, ома-иу дзы комкоммӕ бакӕс.

3. Адӕймагӕн стих бамбарын кӕнӕн куыд ис?

3 Дыккаг: бирӕтӕн Библийы стихтӕ ’мбарын зын кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ-иу сыл фӕхъӕуы аныхас кӕнын. Хъуамӕ бӕрӕг уа, стих нӕ ныхасимӕ куыд баст у, уый (Лук. 24:26, 27). Адӕймаджы хъус-иу ӕрдар стихы сӕйраг дзырдтӕм. Стӕй йӕм фарста ратт, цӕмӕй йӕ базонай, раст ӕй бамбӕрста ӕви нӕ (Ӕмб. 20:5; Ап. хъ. 8:30).

4. Цы ма ис саразӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас амонгӕйӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕм?

4 Ныхас кӕн Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕртыккаг: адӕймаджы разӕнгард кӕн хъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг агур. Равдис ын, стихы цы хъуыды ис, уый йӕм куыд хауы, уый. Дӕ ныхас Библийыл куы аразай, уӕд чи зоны, йӕ хъуыды фӕива (Ап. хъ. 17:2–4; 19:8). Зӕгъӕм, Ромӕгтӕм 10:13 стих куы бакӕсай, уӕд ӕй дӕ бон у бафӕрсын: «Цымӕ адӕймаг не ’мбал суыдзӕн, йӕ ном ын куы нӕ зонӕм, уӕд?» Стӕй йӕм ахӕм фарста ратт: «Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауӕн йӕ ном куы зонӕм, уӕд ӕм зӕрдиагдӕрӕй нӕ кувдзыстӕм?» Адӕймагӕн Библийы стихтӕ афтӕ куы ’мбарын кӕнӕм, уӕд ӕй фендзӕн, йӕ цардимӕ куыд баст сты, уый. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы хӕссӕм, уӕд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм удӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты (Йер. 10:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын