Хуыцауы Ныхас фидарӕй дзурыс?
1 Ацы дунейы арӕх фӕдзурынц Библийы ныхмӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ та фидарӕй дзурынц, цы фыст дзы ис, уый. Мах хорз зонӕм, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... Хуыцауы комытӕфӕй» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ разы стӕм Йесо Чырыстийы ныхӕстыл, «дӕ ныхас у ӕцӕгдзинад», зӕгъгӕ (2 Тим. 3:16; Иоан. 17:17). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас фидарӕй цӕй фӕрцы дзурдзыстӕм?
2 Ахуыр кӕн Фыстад. Дызӕрдыг дӕр ыл нӕ кӕнӕм, Йесо зӕрдиагӕй кӕй ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас. Уый фӕрцы йӕ бон уыд Фыстадӕй амонын (Лук. 4:16–21; 24:44–46). Махӕн та цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийӕ фылдӕр стихтӕ бахъуыды кӕнӕм? Алы бон дӕр Библи кӕсӕм, стӕй лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи фӕцыд кӕнӕ нӕ уацамынды чи бахъӕудзӕн, ахӕм стихыл. Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ ссарӕм ӕмӕ бакӕсӕм, литературӕйы цы стихтӕ хаст вӕййы, уыдон, ӕмӕ ма нӕ бон у, уыцы стихмӕ гӕсгӕ дзуапп дӕр бацӕттӕ кӕнын. Фембӕлды рӕстӕг ӕфсымӕр цы стихтӕ кӕса, уыдон-иу Библийы ссарӕм. Библийы стихтӕ куы ахуыр кӕнӕм, лӕмбынӕг сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм «ӕцӕгдзинады ныхас раст... амонынмӕ» (2 Тим. 2:15).
3 Библийӕ пайда кӕн. Уацамынды мах хъуамӕ пайда кӕнӕм Библийӕ. Зӕгъӕм, уавӕртӕ куы амоной, уӕд-иу хӕдзары хицауӕн Библийӕ стих бакӕсӕм ӕмӕ йыл аныхас кӕнӕм. Кӕд цӕмӕйдӕр фӕрсы, кӕнӕ цӕуылдӕр разы нӕу, уӕд хуыздӕр уыдзӕн Библийӕ йын дзуапп куы раттиккам. Кӕд ӕй не ’вдӕлы, уӕддӕр нӕ бон у йе ’ргом ын Библимӕ раздахын. Ис афтӕ зӕгъӕн: «Кӕд гӕнӕн ис, уӕд дын ацӕуыны размӕ Библийӕ иу стих бакӕсон». Гӕнӕн куы уа, уӕд стих кӕсгӕйӕ Библийыл афтӕ хӕц, цӕмӕй йӕ адӕймаг дӕр уына.
4 Иу адӕймагӕн Библийӕ куы бамбарын кодтой, Хуыцау Троицӕ кӕй нӕу, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд: «Цард-цӕрӕнбонты аргъуанмӕ цӕуын, ӕмӕ йӕ нӕ зыдтон, Библийы афтӕ фыст кӕй ис!» Ӕмӕ уайтагъддӕр сразы Библи ахуыр кӕныныл. Йесо загъта, зӕгъгӕ мын мӕ фыстӕ мӕ хъӕлӕсмӕ хъусдзысты (Иоан. 10:16, 27). Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауы фӕндагыл слӕууой, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр у семӕ Библийӕ ныхас кӕнын. Цӕй уӕдӕ Хуыцауы Ныхас фидарӕй дзурӕм!