Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ?
1 Искуы хъуыды кодтай, цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм цӕрынмӕ ацӕуай? Ӕххуысмӕ дӕм куы фӕсидиккой, мӕнӕ уырдӕм ацӕуын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд Павелау сразы уаис? Бирӕ ӕмбырдты хӕрзгыццыл ис фӕлтӕрдджын чырыстон бинонтӕ, уацамынды сӕ хъӕуы пионерты ӕххуыс, афтӕ ма сӕ хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр. Мах территорийы ахӕм ӕххуыс хъӕуы стыр горӕтты дӕр. Иуӕй-иу ӕмбырдты территоримӕ хауынц, кӕрӕдзийӕ тынг дард гыццыл хъӕутӕ. Паддзахады зал сӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг дард уа. Куыст – зын ссарӕн. Боныхъӕд дӕр дзы алкӕд хорз нӕ вӕййы. Дӕ бон уаид ахӕм ранмӕ ацӕуын? Цымӕ афтӕ куы бакӕнай, уӕд дын Хуыцау рӕдауӕй раарфӕ кӕндзӕн?
2 Хъӕуы Хуыцауыл зӕрдӕ дарын. Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Аврам ныууагъта йӕ райгуырӕн сахар Ур ӕмӕ йӕ ус, йе ’фсымӕры фырт ӕмӕ йӕ зӕронд фыдимӕ, Фаррӕимӕ, араст Харранмӕ, Урӕй 1 000 километры дарддӕр (Уӕв. 11:31, 32; Неем. 9:7). Фаррӕйы мӕлӕты фӕстӕ Иегъовӕ 75-аздзыд Аврамӕн загъта, цӕмӕй йӕ хиуӕтты Харраны ныууадза ӕмӕ йын цы зӕхмӕ бацамона, уырдӕм ацӕуа. Аврам, Сарӕ ӕмӕ Лот сразы сты ӕмӕ ацыдысты (Уӕв. 12:1, 4, 5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Аврам ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ уымӕн нӕ алыгъд, ӕмӕ дзы йе ’ххуыс хъуыд. Фӕлӕ хъуыдыйаг у, цы баххуыс кодта Аврамӕн ахӕм удуӕлдай хъуыддаг бакӕнын?
3 Аврам ахӕм ныфсхаст уымӕн разынд, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл дардта. Цӕттӕ уыд йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цардыуаг фӕивынмӕ дӕр. Йӕ райгуырӕн сахары йӕ йӕ хиуӕттӕй цы ныфс уыд, уымӕй йӕ ныр ныфс нал уыдис. Фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Иегъовӕ йын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ бинонтыл дӕр кӕй тыхсдзӕн. Абон дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ раст афтӕ сӕ зӕрдӕ дарынц Иегъовӕйыл.
4 Цыбыр рӕстӕгмӕ ацӕуын ӕндӕр ранмӕ хъусын кӕнынмӕ. Иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, ахӕм ран искуы хъусын кодтай ӕмӕ уыцы хъуыддаг куыд арфӕйаг у, уый дӕхиуыл банкъардтай? Фарон ахӕм рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ цыдысты иу-600 къорды. Афӕдзы дӕргъы ахӕм рӕтты ӕдӕппӕтӕй хъусын кодтой 4 177 хъусынгӕнӕджы. Уыцы хӕс сӕххӕст кӕныны тыххӕй сӕ иуӕй-иуты бахъуыди дард фӕндагыл цӕуын. Ӕмӕ сӕ фыдӕбон уый аргъ уыди?
5 Бирӕ фыстӕджытӕ райстам, ацы лӕггадӕн стыр аргъ чи скодта, уыцы хъусынгӕнджытӕй. Мӕнӕ цы ныффыстой иуӕй-иутӕ: «Мах райстам 250 хӕдзары бӕрц. Уый бирӕ нӕу, фӕлӕ сыл уый фӕрцы бӕстон ӕрзылдыстӕм... Фӕстӕмӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд нӕ адӕм раст сӕ хӕлӕрттау фӕндараст кодтой, дзырдтой нын, цӕмӕй та-иу сӕм ӕрцӕуӕм. Чидӕртӕ сӕ кӕугӕ дӕр кодтой. Кӕм цардыстӕм, уыцы уынджы цӕрджытӕ, стӕмтӕй фӕстӕмӕ, иууылдӕр рацыдысты махӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ. Иудзырдӕй, стыр цин банкъардтам ӕмӕ тынг фӕфидар стӕм, бирӕ ног хӕлӕрттӕ ссардтам». «Куы хъусын кодтам, уӕд бирӕтӕ разы кодтой фыстӕджыты руаджы ахуыр кӕныныл. Ныр афтӕмӕй мах ахуыр кӕнӕм 77 адӕймагимӕ... Мӕхицӕй куы зӕгъон, уӕд мын уыцы рӕстӕг дыууӕ къуыри нӕ уыд, фӕлӕ уымӕй бирӕ фылдӕр рӕстӕг. Уыцы рӕстӕгӕн аргъ дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ сахуыр дӕн Иегъовӕйыл фылдӕр мӕ ныфс дарын, йӕ разамынд ын уынын, мӕ куывдтытӕ мын кӕй хъусы, уый ӕнкъарын». Ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ кӕй ацыдыстӕм, уый фӕрцы уацамындӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтам. Кӕд искӕй зоныс, ахӕм ран чи лӕггад кодта, уӕд сӕ афӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты, куыд тынг фӕфидар сӕ уырнындзинад ӕмӕ ма сын фадат куы фӕуа, уӕд та, чи зоны, ногӕй ацӕуой дард ранмӕ хъусын кӕнынмӕ.
6 Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм цыбыр рӕстӕгмӕ ацӕуын ма фӕахъаз уыдзӕн ӕндӕр хъуыддагӕн дӕр – афтӕмӕй дӕ бон бауыдзӕн ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ алидзынӕн дӕ «хӕрдзтӕ банымайын» (Лук. 14:28, НТ).
7 Иегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ хорз хабар хъуыстгонд уыдзӕн «ӕппӕт дунейыл» дӕр (Матф. 24:14). Уӕдӕ дын кӕд фадат ис, уӕд цӕттӕ дӕ дӕ цӕрӕнбынат фӕивынмӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм ацӕуынмӕ? Ӕмӕ ӕххуыс та бирӕ рӕтты хъӕуы.
8 Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм цӕрынмӕ алидзын. Ӕмбырды комитет райста, иу Ӕвдисӕнмӕ 700 адӕймаджы, йе та фылдӕр кӕм хауы, ахӕм горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты номхыгъд. Кӕд дӕ ӕцӕгдӕр фӕнды ахӕм ранмӕ ацӕуын, уӕд ӕфсымӕрты бафӕрс, цавӕр горӕтты хъӕуы ӕххуыс, уымӕй. Дӕ бон у, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм цӕрынмӕ алидзын? Пенсийы дӕ? Искӕцӕй дӕм иудадзыг ӕхца ӕфты? Дӕ бон у сӕрӕлвынӕгӕй, дзабырхуыйӕгӕй, уынгтӕ мӕрзӕгӕй, ӕфснайӕгӕй йе та компьютерыл кусын? Мыййаг, ныридӕгӕн хъуыды кодтай ӕгас бинонтӕй ӕндӕр ранмӕ алидзыныл? Ӕмӕ кӕд дӕхицӕн нӕй уый фадат, уӕд дӕ бон нӕ уаид дӕ бинонтӕй искӕмӕн ӕндӕр ран лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын?
9 Кӕд Иегъовӕмӕ скуывтай, хъуыддагыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтай ӕмӕ ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыдтӕ, ӕндӕр ранмӕ ацӕуын дӕ бон кӕй у, уӕд ууыл аныхас кӕн дӕ бинонтимӕ ӕмӕ де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ. Стӕй ныффысс фыстӕг ӕмӕ йӕ ратт хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр уый фӕдыл сӕ ныхас ныффыссой ӕмӕ йӕ дӕ фыстӕгимӕ иумӕ филиалмӕ арвитой (od-U, 111, 112 фф.; km 9/00, 4 ф.).
10 Цы хъӕуы фыстӕджы ныффыссын? Цал азы дыл цӕуы, донаргъуыд кӕд райстай, ӕмбырды дын цы хӕстӕ ис ӕмӕ дын бинонтӕ ис ӕви нӕ. Стӕй ма ныффысс, ӕнахъом сывӕллӕттӕ дын ис ӕви нӕ, уый дӕр. Зӕгъ, дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ дӕ кӕм фӕндид лӕггад кӕнын. Зӕгъӕм, боныхъӕд ӕвзӕр кӕм вӕййы, уым цӕрын дӕ бон уаид? Уазал зымӕгӕн фӕразыс? Горӕтаг царды зындзинӕдтӕ быхсдзынӕ? Уырыссагӕй дарддӕр ма ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыс? Ӕмбырдмӕ цы горӕтты номхыгъд ӕрӕрвыстой, уыдонӕй кӕд искӕцы равзарай, уӕд филиал бацархайдзӕн, цӕмӕй дын, уыцы горӕтмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы ӕмбырдӕй ӕфсымӕрты адристӕ ӕрӕрвита.
11 Дӕ удӕй арт цӕгъдыс? Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнынӕн дын фадат ис? Уӕд архай, ӕмӕ фендзынӕ, Иегъовӕ кӕлгӕуӕлдайӕ куыд арфӕ кӕны, йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ йын удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, уыдонӕн! (Пс. 33:9; Мал. 3:10).